Нымӕцтӕ 2:1—34
2 Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта:
2 «Израилы фырттӕй-иу алчидӕр хъуамӕ йӕ цатыр ӕрӕвӕра, йӕ къорд кӕм уа, уым – алы къорды дӕр ӕртӕ мыггаджы+, сӕ хӕдзарвӕндӕгты амонӕн нысӕнтты раз. Сӕ цатыртӕ-иу хъуамӕ ӕрӕвӕрой ӕмбырды цатыры алыварс.
3 Хурыскӕсӕнырдыгӕй уыдзысты Иудӕйы къорды цатыртӕ, ӕртӕ мыггаджы цатыртӕ, се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ. Иудӕйы мыггаджы хистӕр у Наассон+, Аминадавы фырт.
4 Йе ’фсады ис ӕвдай цыппар мин ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы, фыст чи ’рцыд, уыдон+.
5 Йӕ фарсмӕ уыдзысты Иссахары мыггаджы цатыртӕ+. Иссахары мыггаджы хистӕр у Нафанаил+, Цуары фырт.
6 Йе ’фсады ис фӕндзай цыппар мин цыппарсӕдӕ лӕджы, фыст чи ’рцыд, уыдон+.
7 Йӕ фарсмӕ ма ноджыдӕр уыдзысты Завулоны мыггаджы цатыртӕ. Завулоны мыггаджы хистӕр у Елиав+, Хелоны фырт.
8 Йе ’фсады ис фӕндзай авд мин цыппарсӕдӕ лӕджы, фыст чи ’рцыд, уыдон+.
9 Иудӕйы къордӕй се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй сты сӕдӕ ӕстай ӕхсӕз мин цыппарсӕдӕ лӕджы. Израилӕгтӕ ӕндӕр ранмӕ куы цӕуой, уӕд-иу фыццаг хъуамӕ Иудӕйы къорд араст уа+.
10 Рувимы+ къорды цатыртӕ, ӕртӕ мыггаджы цатыртӕ, уыдзысты хуссарырдыгӕй, се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ. Рувимы мыггаджы хистӕр у Елицур+, Шедеуры фырт.
11 Йе ’фсады ис цыппор ӕхсӕз мин фондзсӕдӕ лӕджы, фыст чи ’рцыд, уыдон+.
12 Йӕ фарсмӕ уыдзысты Симеоны мыггаджы цатыртӕ. Симеоны мыггаджы хистӕр у Шелумиил+, Цуришаддайы фырт.
13 Йе ’фсады ис фӕндзай фараст мин ӕртӕсӕдӕ лӕджы, нымад чи ’рцыд, уыдон+.
14 Йӕ фарсмӕ ма ноджыдӕр уыдзысты Гады мыггаджы цатыртӕ. Гады мыггаджы хистӕр у Елиасаф+, Рагуилы фырт.
15 Йе ’фсады ис цыппор фондз мин ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай лӕджы, фыст чи ’рцыд, уыдон+.
16 Рувимы къордӕй се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй сты сӕдӕ фӕндзай иу мин цыппарсӕдӕ фӕндзай лӕджы. Израилӕгтӕ ӕндӕр ранмӕ куы цӕуой, уӕд-иу Рувимы къорд уыдзӕн дыккаг+.
17 Ӕмбырды цатыр ӕндӕр ранмӕ куы хӕссой+, уӕд левиттӕ+ хъуамӕ уой иннӕ къордты астӕу.
Сӕ цатыртӕ ӕвӕрд куыд уой, цӕугӕ дӕр хъуамӕ афтӕ акӕной+, алкӕцыдӕр сӕ хъуамӕ уа йӕхи бынаты, сӕ къордтӕм гӕсгӕ – алы къорды дӕр ӕртӕ мыггаджы.
18 Ефремы+ къорды цатыртӕ, ӕртӕ мыггаджы цатыртӕ, уыдзысты ныгуылӕнырдыгӕй, се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ. Ефремы мыггаджы хистӕр у Елишамӕ+, Амиуды фырт.
19 Йе ’фсады ис цыппор мин фондзсӕдӕ лӕджы, фыст чи ’рцыд, уыдон+.
20 Йӕ фарсмӕ уыдзӕн Манассийы мыггаг+. Манассийы мыггаджы хистӕр у Гамалиил+, Педацуры фырт.
21 Йе ’фсады ис ӕртын дыууӕ мин дыууӕсӕдӕ лӕджы, фыст чи ’рцыд, уыдон+.
22 Йӕ фарсмӕ ма ноджыдӕр уыдзӕн Вениамины мыггаг+. Вениамины мыггаджы хистӕр у Авидан+, Гидеонийы фырт.
23 Йе ’фсады ис ӕртын фондз мин цыппарсӕдӕ лӕджы, фыст чи ’рцыд, уыдон+.
24 Ефремы къордӕй се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй сты сӕдӕ аст мин сӕдӕ лӕджы. Израилӕгтӕ ӕндӕр ранмӕ куы цӕуой, уӕд-иу Ефремы къорд уыдзӕн ӕртыккаг+.
25 Даны къорды цатыртӕ, ӕртӕ мыггаджы цатыртӕ, уыдзысты цӕгатырдыгӕй, се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ. Даны мыггаджы хистӕр у Ахиезер+, Амишаддайы фырт.
26 Йе ’фсады ис ӕхсай дыууӕ мин авдсӕдӕ лӕджы, фыст чи ’рцыд, уыдон+.
27 Йӕ фарсмӕ уыдзӕн Асиры мыггаг. Асиры мыггаджы хистӕр у Пагиил+, Охраны фырт.
28 Йе ’фсады ис цыппор иу мин фондзсӕдӕ лӕджы, фыст чи ’рцыд, уыдон+.
29 Йӕ фарсмӕ ма ноджыдӕр уыдзӕн Неффалимы мыггаг+. Неффалимы мыггаджы хистӕр у Ахирӕ+, Енаны фырт.
30 Йе ’фсады ис фӕндзай ӕртӕ мин цыппарсӕдӕ лӕджы, фыст чи ’рцыд, уыдон+.
31 Даны къордӕй фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй сты сӕдӕ фӕндзай авд мин ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы. Ӕртыгай мыггӕгтӕ кӕм ис, уыцы къордтӕй Даны къорд араст уыдзӕн фӕстагмӕ»+.
32 Адон сты, Израилы фырттӕй сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ фыст чи ’рцыд, уыдон. Се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ алы къордӕй дӕр фыст чи ’рцыд+, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мин фондзсӕдӕ фӕндзай лӕджы.
33 Левиттӕ та иннӕ израилӕгтимӕ фыст не ’рцыдысты+, Йегъовӕ Моисейӕн куыд загъта, афтӕ.
34 Ӕмӕ Израилы фырттӕ алцыдӕр сарӕзтой, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. Сӕ цатыртӕ-иу ӕрӕвӕрдтой сӕ къордтӕм гӕсгӕ – алы къорды дӕр ӕртӕ мыггаджы+, ӕмӕ-иу сӕ фӕндагыл цӕугӕ дӕр афтӕ кодтой+, алчидӕр йӕ бинонтимӕ, йӕ хӕдзарвӕндагимӕ.