Нымӕцтӕ 23:1—30

23  Ӕмӕ Валаам Валакӕн загъта: «Ацы бынаты мын скӕн авд нывондхӕссӕны+ ӕмӕ мын ӕрцӕттӕ кӕн авд галы ӕмӕ авд фыры».  Валак дӕр уайтагъд бакодта, Валаам куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Уый фӕстӕ Валак ӕмӕ Валаам алы нывондхӕссӕныл дӕр нывондӕн ӕрхастой фӕйнӕ галы ӕмӕ фӕйнӕ фыры+.  Ӕмӕ Валаам Валакӕн загъта: «Ды ам дӕ судзинаг нывӕндты цур фӕлӕуу+, ӕз та ацӕуон. Кӕд мӕм Йегъовӕ фӕзынид+. Ӕмӕ мын цыдӕриддӕр зӕгъа, уый дын зӕгъдзынӕн». Ӕмӕ ацыди къуыбырмӕ.  Хуыцау Валааммӕ куы фӕзынд, уӕд ын Валаам+ загъта: «Ӕз ӕрӕвӕрдтон авд нывондхӕссӕны ӕмӕ дзы алкӕцыйыл дӕр нывондӕн ӕрхастон фӕйнӕ галы ӕмӕ фӕйнӕ фыры»+.  Уӕд Йегъовӕ Валаамӕн+ йе ’взагыл ныхас сӕвӕрдта ӕмӕ йын загъта: «Аздӕх Валакмӕ. Ӕмӕ зӕгъдзынӕ ацы ныхӕстӕ»+.  Гъемӕ Валаам дӕр ӕрыздӕхт Валакмӕ ӕмӕ федта, Валак йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ Моавы кънйӕзтӕ дӕр иууылдӕр кӕй лӕууынц йӕ судзинаг нывӕндты раз.  Ӕмӕ Валаам райдыдта йӕ ныхас+:«Моавы паддзах Валак мӕ ӕркодта Арамӕй+,Ӕркодта мӕ скӕсӕйнаг хӕхтӕй:„Ӕрцу ӕмӕ мын Иаковы ралгъит.Ӕрцу ӕмӕ Израилы фыдбылызы хай бакӕн“+.   Фӕлӕ, Хуыцау кӕй не ’лгъиты, уыдоны куыд ралгъитон?+Йегъовӕ фыдбылызы хай кӕй нӕ кӕны, уыдоны фыдбылызы хай куыд бакӕнон?+   Къӕдзӕхты цъуппытӕй сӕм кӕсын,Къуыбыртӕй сӕ уынын.Уыцы адӕм цӕрынц хибарӕй цатырты+,Уыдон иннӕ адӕмтимӕ нӕ иу кӕнынц, сӕхи нымайынц хицӕн адӕмыл+. 10  Чи банымадта Иаковы байзӕддӕгты+, зӕххы рыгау нымӕц кӕмӕн нӕй, уыдоны?Чи банымадта Израилӕн йӕ цыппӕрӕм хай дӕр?Уадз ӕмӕ ӕз* рӕстзӕрдӕ адӕмы мардӕй амӕлон+,Ӕмӕ уыдонау уӕд мӕ кӕрон»+. 11  Уӕд Валак Валаамӕн загъта: «Уый мын цы бакуыстай? Ӕз дӕ ӕркодтон, цӕмӕй мын ме знӕгты ралгъитай, ды та сӕ арфӕты бын фӕкодтай»+. 12  Валаам ын дзуапп радта: «Йегъовӕ мын ме ’взагыл цы сӕвӕра, уый хъуамӕ ма дзурон?»+ 13  Уӕд та йын Валак загъта: «Курын дӕ, цом мемӕ, кӕцӕй дӕм зыной, ӕндӕр ахӕм бынатмӕ. Ӕрмӕстдӕр дӕм сӕ иу хай зындзӕн, се ’ппӕт дӕм нӕ зындзысты+. Ӕмӕ мын сӕ уырдыгӕй ралгъит»+. 14  Ӕмӕ йӕ акодта Цофимы быдырмӕ, Фасгӕйы+ хохмӕ, ӕмӕ уым скодта авд нывондхӕссӕны ӕмӕ дзы алкӕцыйыл дӕр нывондӕн ӕрхаста фӕйнӕ галы ӕмӕ фӕйнӕ фыры+. 15  Уый фӕстӕ Валаам Валакӕн загъта: «Ды ам дӕ судзинаг нывӕндты цур фӕлӕуу, ӕз та ацӕуон ӕмӕ Хуыцауимӕ аныхас кӕнон». 16  Ӕмӕ та Йегъовӕ фӕзынд Валааммӕ ӕмӕ йын йе ’взагыл ныхас сӕвӕрдта ӕмӕ йын загъта+: «Аздӕх Валакмӕ+. Ӕмӕ зӕгъдзынӕ ацы ныхӕстӕ». 17  Гъемӕ Валаам дӕр ӕрыздӕхт Валакмӕ ӕмӕ федта, Валак йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ Моавы кънйӕзтӕ дӕр иууылдӕр кӕй лӕууынц йӕ судзинаг нывӕндты раз. Ӕмӕ йӕ Валак бафарста: «Цы загъта Йегъовӕ?» 18  Ӕмӕ та Валаам йӕ ныхас райдыдта+:«Байхъус, Валак.Лӕмбынӕг мӕм байхъус, Сепфоры+ фырт. 19  Хуыцау адӕймаг нӕу, цӕмӕй сайа+,Адӕймаджы фырт нӕу, цӕмӕй фӕсмон кӕна+.Уый зӕгъдзӕн, ӕмӕ йӕ нӕ сараздзӕн?Йӕ дзыхӕй ныхас рацӕудзӕн, ӕмӕ йӕ нӕ сӕххӕст кӕндзӕн?+ 20  Ӕз ам уый тыххӕй дӕн, цӕмӕй арфӕ кӕнон+.Ӕмӕ уый раарфӕ кодта, ӕмӕ йӕ ӕз нӕ аивдзынӕн+. 21  Хуыцау нӕ бауадздзӕн+, цӕмӕй Иаковӕн исчи кӕлӕнтӕ скӕна.Нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй Израилыл исты фыдбылыз ӕрцӕуа.Сӕ Хуыцау Йегъовӕ семӕ ис+,Уыдон кадджын кӕнынц сӕ паддзахы. 22  Хуыцау сӕ ракӕны Египетӕй+.Израил хъӕддаг галау бырсы размӕ+. 23  Никӕй бон у Иаковӕн хинтӕ скӕнын+,Дӕсныфӕрсджытӕн ницы у сӕ бон Израилы ныхмӕ зӕгъын+.Ныр Иаков ӕмӕ Израилӕй зӕгъдзысты:„Акӕсут-ма, Хуыцау цы сарӕзта!“+ 24  Адӕм домбайау сыстдзысты,Домбайау сӕхиуыл схӕцдзысты+.Не ’рхуысдзысты, цалынмӕ сӕ амӕттаджы нӕ бахӕрой,Цалынмӕ, чи фӕцагъды, уыдоны туг нӕ бануазой, уӕдмӕ»+. 25  Уӕд Валак Валаамӕн загъта: «Кӕд сӕ дӕ бон ралгъитын нӕу, уӕд сын арфӕ уӕддӕр ма кӕн». 26  Валаам та йын дзуапп радта: «Нӕ дын загътон, Йегъовӕ мын цыдӕриддӕр зӕгъа, уый кӕндзынӕн, зӕгъгӕ?»+ 27  Ӕмӕ та уӕд Валак Валаамӕн загъта: «Лӕгъстӕ дын кӕнын, цом мемӕ. Иу ранмӕ ма дӕ скӕндзынӕн. Кӕд ӕцӕг Хуыцауы бафӕндид, ӕмӕ мын сӕ уырдыгӕй ралгъитис»+. 28  Ӕмӕ Валак Валаамы скодта Фегоры хохы сӕрмӕ. Уыцы хох та кӕсы Йесимоны ’рдӕм+. 29  Ӕмӕ та йын Валаам+ загъта: «Ацы бынаты мын скӕн авд нывондхӕссӕны ӕмӕ мын ӕрцӕттӕ кӕн авд галы ӕмӕ авд фыры»+. 30  Ӕмӕ Валак бакодта, Валаам ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ, ӕмӕ алы нывондхӕссӕныл дӕр нывондӕн ӕрхаста фӕйнӕ галы ӕмӕ фӕйнӕ фыры+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «мӕ уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.