Нымӕцтӕ 24:1—25
24 Валаам уый куы федта, ӕмӕ Йегъовӕ Израилӕн ӕрмӕстдӕр арфӕ кӕй кӕны, уӕд иннӕ хӕттытау нал ацыд+, Израилмӕ ӕвзӕрӕй исты ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕви нӕ, уый базонынмӕ*+, фӕлӕ разылд ӕдзӕрӕг быдыры ’рдӕм.
2 Валаам куы акаст ӕмӕ куы федта, Израилӕн сӕ цатыртӕ сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ ӕвӕрд куыд сты, уый+, уӕд ыл Хуыцауы тых* ӕрцыд+.
3 Ӕмӕ райдыдта йӕ ныхас+:
«Афтӕ зӕгъы Валаам, Веоры фырт,Афтӕ зӕгъы, йӕ цӕстытӕ гом кӕмӕн сты, уыцы адӕймаг+,
4 Афтӕ зӕгъы, Хуыцауы ныхӕстӕ чи хъусы, уый+,Ӕппӕтхъомысджын+ Хуыцау цӕстылуайӕн кӕмӕн равдыста,Ӕмӕ куы ’рцӕйхауд, уӕд йӕ цӕстытӕ гом кӕмӕн уыдысты, уыцы адӕймаг+:
5 Куыд рӕсугъд сты дӕ цатыртӕ, о Иаков, дӕ цӕрӕнбынӕттӕ, о Израил!+
6 Дӕлвӕзтау дӕ цатыртӕн сӕ кӕрон нӕ зыны+.Уыдон сты цӕугӕдоны был сагъд дыргъдӕтты хуызӕн+,Йегъовӕ кӕй ныссагъта, уыцы алойбӕлӕсты хуызӕн,Доны был чи зайы, уыцы кедрты хуызӕн+.
7 Йӕ дыууӕ донгарзӕй тӕдзы дон,Йӕ мыггаг сагъд у бирӕ дӕтты раз+.Йӕ паддзах+ уыдзӕн Агагӕй+ уӕлдӕр,Йӕ паддзахад сбӕрзонд уыдзӕн+.
8 Хуыцау ӕй ракӕны Египетӕй.Израил хъӕддаг галау бырсы размӕ+.Уый аныхъуырдзӕн иннӕ адӕмты, йе ’фхӕрджыты+,Се стджытӕ сын бахсындзӕн+, йӕ фаттӕй сӕ ныццӕгъддзӕн+.
9 Уый ӕрхуыссыд, домбайау йӕхи ауагъта,Ӕмӕ уыцы домбайы сыстын кӕнын чи бауӕнддзӕн?+Дӕуӕн чи арфӕ кӕны, уыдон сты арфӕгонд+,Дӕу чи ӕлгъиты, уыдон та сты ӕлгъыст»+.
10 Уӕд Валак Валааммӕ мӕстӕй рафыхт ӕмӕ йӕ къухтӕ кӕрӕдзийыл ӕрцавта+ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕм уый тыххӕй фӕдзырдтон, цӕмӕй мын ме знӕгты ӕлгъитгӕ ракӕнай+, ды та сӕ ӕртӕ хатты арфӕты бын фӕкодтай.
11 Цӕугӕ кӕн, кӕцӕй ӕрбацыдтӕ, уырдӕм! Ӕз мӕхицӕн загътон, зӕгъгӕ дын кад скӕндзынӕн+, фӕлӕ дӕ Йегъовӕ уыцы кадӕй ӕнӕхай фӕкодта».
12 Валаам та Валакӕн загъта: «Де ’рвыст минӕвӕрттӕн дӕр афтӕ нӕ загътон, зӕгъгӕ,
13 Валакӕн йӕ хӕдзар ӕвзист ӕмӕ сызгъӕринӕй йедзаг куы уаид ӕмӕ мын ӕй куы дӕттид, уӕд дӕр мӕ бон нӕ бауид Йегъовӕйы ныхасы сӕрты ахизын ӕмӕ мӕхи фӕндӕй нӕдӕр хорзӕй, нӕдӕр ӕвзӕрӕй исты саразын? Нӕ загътон, Йегъовӕ цы зӕгъа, ӕрмӕстдӕр уый дзурдзынӕн, зӕгъгӕ?+
14 Ныр ӕз цӕуын фӕстӕмӕ мӕ адӕммӕ. Фӕлӕ байхъус, ӕз дын радзурдзынӕн+, ацы адӕм дӕ адӕмӕн фӕстагмӕ цы бакӕндзысты, уый»+.
15 Ӕмӕ Валаам йӕ ныхас райдыдта+:«Афтӕ зӕгъы Валаам, Веоры фырт,Афтӕ зӕгъы, йӕ цӕстытӕ гом кӕмӕн сты, уыцы адӕймаг+,
16 Афтӕ зӕгъы, Хуыцауы ныхӕстӕ чи хъусы, уый+,Иунӕг Стыр Хуыцау цы зоны, уый чи зоны...Уымӕн Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау равдыста цӕстылуайӕн+,Ӕмӕ куы ’рцӕйхауд, уӕд йӕ цӕстытӕ уыдысты гом+:
17 Ӕз ӕй фендзынӕн+, фӕлӕ ныр нӕ,Ӕз ӕй уындзынӕн, фӕлӕ хӕстӕгмӕ нӕ.Иаковы байзӕддӕгтӕй фӕзындзӕн стъалы+,Израилы байзӕддӕгтӕй – паддзахы лӕдзӕг+.Уый Моавӕн ныцъцъӕл кӕндзӕн йӕ сӕр+,Хӕстмондаг адӕмӕн – сӕ сӕрыкӕхцытӕ.
18 Израил йӕ хъӕбатырдзинад куы равдиса,Уӕд Едом кӕйдӕр бауыдзӕн+,О, Сеир+ бауыдзӕн йе знӕгты+.
19 Иаковӕй рацӕудзӕн, адӕмы йӕ дӕлбар чи бакӕндзӕн, уый+,Горӕты цӕрджытӕй ма удӕгасӕй чидӕриддӕр баззайа, уыдоны ныццӕгъддзӕн»+.
20 Валаам амаликӕгты куы федта, уӕд йӕ ныхас адарддӕр кодта+:«Амаликӕгтӕ уыдысты адӕмтӕй фыццӕгтӕ+,Фӕлӕ сӕ кӕрон цӕуы сӕфтмӕ»+.
21 Кенейты+ куы федта, уӕд йӕ ныхас адарддӕр кодта:«Дӕ цӕрӕнбынат у фидар, дӕ хӕдзар у къӕдзӕхыл ӕвӕрд.
22 Фӕлӕ фӕзындзӕн, Каины*+ бынсыгъд чи бакӕндзӕн, уый.Цас ма баззад, Ассири дӕ уацары куы акӕна, уымӕ?»+
23 Валаам йӕ ныхас адарддӕр кодта:«Хуыцау афтӕ куы бакӕна, уӕд ма чи аирвӕздзӕн?+
24 Киттимӕй+ ӕрбацӕудзӕн наутӕ,Ӕмӕ уыдон басӕтдзысты Ассири+,Басӕтдзысты Евер дӕр.Фӕлӕ фӕстагмӕ уый йӕхӕдӕг дӕр фесӕфдзӕн».
25 Уый фӕстӕ Валаам йӕ фӕндагыл ацыд+. Ӕмӕ Валак дӕр ацыд йӕхи фӕндагыл.