Оси 1:1—11

1  Иудӕйы паддзӕхтӕ Ози+, Иофам+, Ахаз+ ӕмӕ Езекийы+ рӕстӕджы+ ӕмӕ Израилы паддзах Иоасы+ фырт Йеровоамы+ рӕстӕджы Беерийы фырт Осимӕ+ Йегъовӕйӕ уыд ныхас+.  Йегъовӕ Осийы уылты дзурын куы райдыдта, уӕд Йегъовӕ Осийӕн загъта: «Ацу+ ӕмӕ ус ракур. Уый хӕтын райдайдзӕн ӕмӕ, кӕимӕ хӕта, уымӕй дын сывӕллӕттӕ ныййардзӕн, уымӕн ӕмӕ ацы зӕххыл цӕрӕг адӕм хӕтынц* ӕмӕ Йегъовӕйы ныууагътой»+.  Гъемӕ Оси дӕр ацыд ӕмӕ Дивлаимы чызг Гомеры ракуырдта. Гомер басывӕрджын ӕмӕ йын лӕппу ныййардта+.  Ӕмӕ Йегъовӕ Осийӕн загъта: «Лӕппуйы схон Изреел+, уымӕн ӕмӕ тагъд ӕз, Изреелы цы туг ныккалд, уый тыххӕй Ииуйы+ хӕдзарвӕндагӕй дзуапп ӕрдомдзынӕн ӕмӕ Израилы паддзахадӕн кӕрон скӕндзынӕн+.  Уыцы бон ӕз Изреелы дӕлвӕзы Израилы ӕрдын+ асӕтдзынӕн».  Гомер та ногӕй басывӕрджын, ӕмӕ йын чызг райгуырд. Ӕмӕ Хуыцау Осийӕн загъта: «Схон ӕй Лорухамӕ*+, уымӕн ӕмӕ ӕз Израилы адӕммӕ фӕлмӕнзӕрдӕ нал уыдзынӕн+ ӕмӕ сӕ фӕтӕрдзынӕн+.  Фӕлӕ Иудӕйы адӕммӕ уыдзынӕн фӕлмӕнзӕрдӕ+ ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕндзынӕн сӕ Хуыцау Йегъовӕйы+ хъаруйы фӕрцы. Ӕрдын, хъама ӕмӕ сӕ хӕсты фӕрцы кӕнӕ та бӕхтӕ ӕмӕ барджыты фӕрцы нӕ фервӕзын кӕндзынӕн»+.  Гомер Лорухамӕйӕн дзидзи куы нал дардта, уӕд та ногӕй басывӕрджын, ӕмӕ йын райгуырд лӕппу.  Ӕмӕ Хуыцау загъта: «Схон ӕй Лоамми*, уымӕн ӕмӕ сымах мӕ адӕм не стут, ӕз та уӕ Хуыцау нал уыдзынӕн. 10  Израилы фырттӕ афтӕ сбирӕ уыдзысты, ӕмӕ, денджызы был змисӕн сбарӕн кӕнӕ банымайӕн куыд нӕй, афтӕ уыдонӕн дӕр нӕ уыдзӕн банымайӕн+. Ӕмӕ сын афтӕ кӕм загътон: „Сымах мӕ адӕм не стут“+, уыцы ран сын загъд уыдзӕн: „Сымах стут удӕгас Хуыцауы фырттӕ“+. 11  Иудӕйы фырттӕ ӕмӕ Израилы фырттӕ иумӕ ӕрӕмбырд уыдзысты+, сӕ сӕргъы иу хицау сӕвӕрдзысты ӕмӕ ацы зӕххӕй рацӕудзысты+, уымӕн ӕмӕ уыцы бон Изреелӕн уыдзӕн диссаджы бон+.

Фиппаинӕгтӕ

Ам дзырд «хӕтын» амоны мӕнгхуыцӕуттӕн кувынмӕ.
Нысан кӕны «фӕлмӕнзӕрдӕ йӕм нӕ уыдысты».
Нысан кӕны «мӕ адӕм не сты».