Оси 10:1—15

10  «Израил у хъӕддаг сӕнӕфсирбӕлас+. Уый дыргъ хӕссы йӕхицӕн+. Цас фылдӕр дыргъ ӕм ис, уыйас фылдӕр нывондхӕссӕнтӕ аразы+. Цас хуыздӕр у йӕ зӕхх, уыйас амӕй-ай хуыздӕр цӕджындзтӕ ӕвӕры+.  Систы* цӕстмӕхъус+, ӕмӕ ныр аххосджыныл нымад ӕрцӕудзысты. Иу чидӕр сын сӕ нывондхӕссӕнтӕ ныппырх кӕндзӕн. Сӕ кувӕн цӕджындзтӕ сын афӕлдахдзӕн+.  Ныр зӕгъдзысты: „Махӕн паддзах нӕй+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕ нӕ тарстыстӕм. Ӕниу нын паддзах дӕр цы сарӕзтаид?“  Афтид ныхӕстӕ дзурынц, мӕнг сомытӕ кӕнынц+ ӕмӕ бадзырдтӕ аразынц+, ӕмӕ бӕстӕ фыддзинадӕй байдзаг, конд хуым маргджын кӕрдӕгӕй куыд байдзаг вӕййы, афтӕ+.  Самарийы цӕрджытӕ сӕ мӕнгхуыцауӕн, Беф-Авены+ родӕн, тӕрсдзысты. Йӕ адӕм ыл маст кӕндзысты. Маст ыл кӕндзысты йӕ дзуарылӕгтӕ дӕр, йӕ кадмӕ кӕсгӕйӕ йыл чи цин кодта, уыдон, уымӕн ӕмӕ се ’хсӕнӕй хауӕггаг фӕуыдзӕн+.  Ассиримӕ йӕ ахӕсдзысты ӕмӕ йӕ стыр паддзахӕн балӕвар кӕндзысты+. Ефреммӕ худинаг ӕркӕсдзӕн+, Израилӕн йӕ фыдвӕндты тыххӕй йӕ цӕсгом худинагӕй судздзӕн+.  Самари ӕмӕ йӕ паддзах ӕрбайсӕфдзысты+, саст къалиу доны куыд ӕрбайсӕфы, афтӕ.  Беф-Авены+ кувӕн бынӕттӕй*, Израил тӕригъӕды кӕй тыххӕй бафтыд+, уыдонӕй, иу дӕр нал баззайдзӕн. Сӕ нывондхӕссӕнтӕ+ сындзытӕй ӕмӕ хӕмпӕлтӕй+ нал зындзысты. Ӕмӕ уӕд адӕм хӕхтӕн зӕгъдзысты: „Бамбӕхсут нӕ!“; ӕмӕ къуыбыртӕн: „Ӕркӕлут ныл!“+  Израил, ды Гивӕйы+ замантӕй фӕстӕмӕ тӕригъӕдтӕ арӕзтай+. Ӕппындӕр нӕ аивтой. Гивӕйы фыдгӕнджытимӕ куы схӕцыдысты, уӕд сӕ бындзагъд нӕ фӕкодтой+. 10  Куы мӕ бафӕнда, уӕд сӕ бафхӕрдзынӕн+. Адӕмтӕ ӕрӕмбырд уыдзысты ӕмӕ сӕ ныхмӕ рацӕудзысты, ӕмӕ сӕ баифтындздзысты сӕ дыууӕ тӕригъӕды+. 11  Ефрем уыд, кӕй сахуыр кодтой, ахӕм дыгӕрдыг, най кӕнын уарзта+, фӕлӕ йын ӕз йӕ рӕсугъд бӕрзӕйыл ӕфсондз ӕркодтон. Ӕз афтӕ бакодтон, ӕмӕ Ефремы хуым кӕнынмӕ фӕтӕрынц+. Иудӕ сын хуым кӕны+, Иаков сын похци кӕны+. 12  Уӕхицӕн рӕстдзинады мыггаг таут+, ӕмӕ ӕнувыд уарзт кӕрдут+. Хуымзӕххытӕм зилут+, цалынмӕ ма Йегъовӕйы агурынӕн рӕстӕг ис, уӕдмӕ+, цӕмӕй, куы ’рцӕуа, уӕд уын рӕстдзинад бацамона+. 13  Сымах фыддзинад бахуым кодтат+, фыдхъуыддӕгтӕ ӕркарстат+ ӕмӕ мӕнгдзинады дыргътӕ бахордтат+, уымӕн ӕмӕ уӕ ныфс дардтат уӕ фӕндагыл+, уӕ бирӕ кадджын лӕгтыл+. 14  Дӕ адӕмы ’хсӕнӕй хъӕлӕба хъуысы+. Дӕ фидаргонд горӕттӕ дын фӕхӕсдзысты+, тохы бон мадӕлты сӕ фырттимӕ фыдмард куы акодтой, уӕд Арабелы хӕдзар Салман куыд фӕхаста, афтӕ+. 15  Вефилы цӕрджытӕ, сымахӕн дӕр афтӕ бакӕндзысты уӕ ӕвирхъау фыдхъуыддӕгты тыххӕй+. Израилы паддзах боныцъӕхтыл йӕ мӕлӕт ссардзӕн»+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «Сӕ зӕрдӕ сси».
Комк. «бӕрзонд бынӕттӕй». Уыдон уыдысты, мӕнгхуыцӕуттӕн кӕм куывтой, ахӕм бынӕттӕ ӕмӕ кувӕндӕттӕ.