Оси 11:1—12

11  «Израил гыццыл лӕппу куы уыд, уӕд ӕй ӕз уарзтон+, ӕмӕ мӕ фырты Египетӕй ракодтон+.  Цас сӕм фылдӕр дзырдтой+, уыйас сӕ дарддӕр цыдысты+. Ваалтӕн нывӕндтӕ хастой+ ӕмӕ къухӕйконд хуыцӕуттӕн нывӕндты фӕздӕг уагътой+.  Ӕз Ефремы цӕуын ахуыр кодтон+, мӕ хъӕбысмӕ-иу ӕй систон+. Уыдон та йӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодтой, дзӕбӕх сӕ кӕй кодтон, уый+.  Хӕларзӕрдӕйӕ ӕмӕ сӕ уарзгӕйӕ* мӕхимӕ кодтон+. Сӕ бӕрзӕйӕ* сын се ’фсондз чи сисы, уыдоны хуызӕн сын сдӕн+, ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр рӕвдаугӕйӕ хӕринаг лӕвӕрдтон+.  Ефрем Египетмӕ нӕ аздӕхдзӕн, фӕлӕ Ассири уыдзӕн йӕ паддзах+, уымӕн ӕмӕ сӕ мӕнмӕ раздӕхын нӕ бафӕндыд+.  Хъама ӕрзилдзӕн йӕ горӕттыл+, ӕмӕ йын йӕ дуарӕхгӕнӕнтӕ ныппырх кӕндзӕн+, сӕ фыдвӕндты+ тыххӕй сӕ аныхъуырдзӕн.  Мӕ адӕм мыл гадзрахатӕй цӕуынц+. Сидынц сӕм, Бӕрзондылбадӕгмӕ раздӕхут, зӕгъгӕ, фӕлӕ дзы иу дӕр йӕ бынатӕй нӕ фезмӕлы.  О Ефрем, мӕ къух дыл куыд сисон?+ Куыд дӕ раттон де знӕгты къухмӕ, о Израил?+ Адмӕйӕн цы ми бакодтон, ахӕм ми дын куыд бакӕнон?+ Севоимӕн куыд бакодтон, афтӕ дын куыд бакӕнон?+ Ныр дӕм ӕндӕр зӕрдӕ дарын+. Мӕ зӕрдӕ фыртӕригъӕдӕй скъуыдтӕ кӕны.  Мӕ судзгӕ маст ыл нӕ ныккалдзынӕн+. Ефремы нал фесафдзынӕн+, уымӕн ӕмӕ ӕз адӕймаг нӕ дӕн, фӕлӕ Хуыцау+ – Сыгъдӕг Хуыцау уе ’хсӕн+. Мӕстӕй судзгӕйӕ не ’рцӕудзынӕн. 10  Уыдон Йегъовӕйы фӕдыл ацӕудзысты+. Уый домбайау ныббогъ кӕндзӕн+, о, ныббогъ кӕндзӕн+, ӕмӕ йӕ фыртты тас бацӕудзӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй ӕрцӕудзысты+. 11  Маргъау фыртӕссӕй ризгӕйӕ ӕртӕхдзысты Египетӕй+ ӕмӕ бӕлонау – Ассирийы зӕххӕй+, ӕмӕ сӕ ӕз сӕ хӕдзӕртты ӕрцӕрын кӕндзынӕн»,– зӕгъы Йегъовӕ+. 12  «Ефрем мӕ ӕдзухдӕр сайгӕ кӕны+. Кӕдӕмфӕнды ма акӕсон,– Израил фӕлывд митӕ кӕны. Фӕлӕ Иудӕ ныр дӕр Хуыцауимӕ цӕуы+, ӕмӕ Сыгъдӕг Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта».

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ӕфсӕртӕй».
Комк. «Адӕймаджы бӕндӕнтӕй, уарзондзинады бӕттӕнтӕй». Ӕвӕц., амоны, ныййарӕг сывӕллоныл бӕттӕнтӕй куыд фӕхӕцы ӕмӕ йӕ цӕуын куыд фӕахуыр кӕны, уымӕ.