Оси 12:1—14

12  «Ефрем йӕхи дымгӕйӕ ӕфсады+, бон-изӕрмӕ скӕсӕйнаг дымгӕ фӕстейӕ суры+. Сайын ӕмӕ стигъыны куыст йеддӕмӕ ницы кӕны+. Ассириимӕ бадзырд скодта+ ӕмӕ Египетмӕ сой ласы.  Йегъовӕ тӕрхон кӕны Иудӕйӕн+. Иаковӕй йӕ фӕндӕгты тыххӕй дзуапп ӕрдомдзӕн+, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын цы ’мбӕлы, уый йын бакӕндзӕн+.  Иаков ма йе ’фсымӕримӕ гуыбыны куы уыд, уӕд ын йӕ зӕвӕтыл ныххӕцыд+. Уый фӕстӕ та ӕппӕт хъарутӕй Хуыцауимӕ хӕцыд+.  Зӕдимӕ хӕцыд ӕмӕ йыл ӕппынфӕстаг фӕтых+. Куыдта ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, раарфӕ мын кӕн, зӕгъгӕ»+. Хуыцау ӕй ссардта Вефилы+, ӕмӕ уым райдыдта немӕ ныхас кӕнын+.  Уый у ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ+. Йегъовӕ у йӕ ном, ӕмӕ йӕ уыцы номӕй зондзысты+.  «Уӕдӕ раздӕх дӕ Хуыцаумӕ+, ӕнувыд уарзтӕй уарз+, рӕстӕй архай+ ӕмӕ алкӕддӕр дӕ зӕрдӕ дар дӕ Хуыцауыл+.  Уӕйгӕнӕджы къухы ис, раст чи нӕ бары, ахӕм барӕн къустӕ+, сайын тынг уарзы+.  Ефрем дзуры: „Схъӕздыг дӕн+, мӕхицӕн хӕзнатӕ ссардтон+. Ӕмӕ мын мӕ фыдӕбоны ахӕм рӕдыд ничи ссардзӕн, цӕмӕй йӕ стыр тӕригъӕдыл банымайӕн уа“+.  Фӕлӕ ӕз дӕн Йегъовӕ, Египеты зӕххыл ма куы уыдтӕ, уӕдӕй нырмӕ ӕз дӕн дӕ Хуыцау+. Бӕрӕгбоны рӕстӕг куыд вӕййы, афтӕ та дӕ ногӕй цатырты ӕрцӕрын кӕндзынӕн. 10  Ӕз пехуымпартӕн дзырдтон+, бирӕ цӕстылуайӕнтӕ сын равдыстон ӕмӕ-иу пехуымпарты уылты фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдтон+. 11  Галаады кӕлӕнтӕ кӕнынц+ ӕмӕ мӕнгдзинадӕй цӕрынц+. Галаады нывондӕн хӕссынц галтӕ+, сӕ нывондхӕссӕнтӕ та сты, конд хуымы цы дурты цӕнд вӕййы, уый хуызӕн+. 12  Иаков Сирийы быдыртӕм алыгъд+, Израил+ йӕ усы тыххӕй ӕххуырсты куыст кодта+, йӕ усы тыххӕй фыстӕ хызта+. 13  Йегъовӕ пехуымпары фӕрцы Израилы Египетӕй ракодта+ ӕмӕ йӕ пехуымпары фӕрцы хъахъхъӕдта+. 14  Ефрем Хуыцауы тынг бафхӕрдта+. Цы туг ныккалдта, уый йӕ уӕлӕ ис+, ӕмӕ дзы йӕ Хицау дзуапп ӕрдомдзӕн, кӕй йӕ фӕхудинаг кодта, уый тыххӕй»+.

Фиппаинӕгтӕ