Оси 13:1—16

13  «Ефрем куы дзырдта, уӕд-иу се ’ппӕт дӕр фыртӕссӕй зыр-зыр кодтой. Израилы йын стыр уӕз уыди+, фӕлӕ Ваалы+ тыххӕй фӕаххосджын ӕмӕ амард+.  Ныр та ма сӕ тӕригъӕдтыл ноджыдӕр бафтыдтой: сӕхицӕн ӕвзистӕй хуыцӕуттӕ аразынц+, мӕнгхуыцӕуттӕ аразынц, хуыздӕр сӕм куыд кӕсы, уымӕ гӕсгӕ+. Иууылдӕр сты ӕрмгуыстгӕнджыты конд+. Гъемӕ сын дзурынц: „Нывӕндтӕ чи хӕссы, уыдон родтӕн пъатӕ кӕнӕнт“+.  Уый тыххӕй уыдзысты райсомы мигъы хуызӕн+, уайтагъд чи ӕрбайсӕфы, уыцы ӕртӕхы хуызӕн, дымгӕ найгӕнӕн мусӕй кӕй ахӕссы, уыцы зыгуымы хуызӕн+ ӕмӕ, хӕдзары сӕр хуынкъӕй цы фӕздӕг фӕцӕуы, уый хуызӕн.  Фӕлӕ ӕз дӕн Йегъовӕ, Египеты ма куы уыдтӕ+, уӕдӕй нырмӕ ӕз дӕн дӕ Хуыцау. Мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцауы нӕ зыдтай, ӕмӕ дын мӕн йеддӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг дӕр нӕ уыд+.  Ӕз дӕ зыдтон, ӕдзӕрӕг быдыры ма куы уыдтӕ+, тӕвдниз кӕм сысты, уыцы зӕххыл ма куы уыдтӕ, уӕд+.  Сӕ хизӕны бафсӕстысты+. Бафсӕстысты, ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ схъал сты+. Рох дӕр мӕ уый тыххӕй фӕкодтой+.  Фӕлӕ сын ӕз уыдзынӕн тыхджын домбайы хуызӕн+. Фыранкау фӕндагыл сӕ размӕ бабаддзынӕн+.  Йӕ лӕппынты кӕмӕн ахастой, ахӕм арсау+ сӕ размӕ рацӕудзынӕн ӕмӕ сын сӕ риуыгуыдыр батондзынӕн. Домбайау сӕ аныхъуырдзынӕн+. Хъӕддаг сырд сӕ акъабӕзтӕ кӕндзӕн+.  Израил, ды рацыдтӕ мӕ ныхмӕ, де ’ххуысгӕнӕджы ныхмӕ+, ӕмӕ дӕ уый фесафдзӕн+. 10  Кӕм ис ныр дӕ паддзах? Уе ’ппӕт горӕтты дӕр уӕ цӕуылнӕ ирвӕзын кӕны?+ Кӕм сты дӕ тӕрхонгӕнджытӕ, афтӕ мын кӕмӕй дзырдтай, паддзах ӕмӕ нын кънйӕзтӕ ратт, зӕгъгӕ, уыдон?+ 11  Мӕстыйӕ дын радтон паддзах+, ӕмӕ дын ӕй мӕстӕй судзгӕйӕ байсдзынӕн+. 12  Ефремӕн йӕ фыдракӕнд тыхт у, йӕ тӕригъӕд ӕвӕрдӕй лӕууы+. 13  Сылгоймаг аргӕ-арын куыд фӕтухӕн кӕны, афтӕ тухӕн кӕндзӕн+. Ефрем зондджын фырт нӕу+, уымӕн ӕмӕ йӕ райгуырыны афон куы ’рцӕуа, уӕд, сывӕллон йӕ мады гуыбынӕй рацӕуыны размӕ куыд ӕрзилы, афтӕ не ’рзилдзӕн+. 14  Ӕз сӕ ингӕнӕй* фервӕзын кӕндзынӕн+, мӕлӕтӕй сӕ раздахдзынӕн+. Мӕлӕт, кӕм сты дӕ фаттӕ?+ Ингӕн, кӕм ис дӕ сафӕг тых?+ Нӕ сын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн+. 15  Хъӕзау куы сбирӕ уа+, уӕд скӕсӕйнаг дымгӕ, Йегъовӕйы дымгӕ рацӕудзӕн+. Ӕдзӕрӕг быдырӕй сыстдзӕн ӕмӕ йын йӕ цъай бахус кӕндзӕн, йӕ суадӕттӕ йын байсысын кӕндзӕн+. Зынаргъ дзауматӕй дзаг хӕзнадон фӕхӕсдзӕн+. 16  Самари йӕ Хуыцауы ныхмӕ кӕй цӕуы+, уый тыххӕй аххосджыныл нымад ӕрцӕудзӕн+. Хъамайӕ фӕцагъды уыдзысты+. Сӕ хъӕбулты сын фыдмард акӕндзысты+, сывӕрджын сылгоймӕгтӕн та сӕ гуыбынтӕ акъӕртт кӕндзысты»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «шеолӕй». Кӕс Уӕлӕмх. 8.