Оси 14:1—9

14  «О Израил, дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ раздӕх+, уымӕн ӕмӕ дӕ тӕригъӕды тыххӕй фӕкалдтӕ+.  Фӕсмоны ныхӕстимӕ Йегъовӕмӕ раздӕх+. Уе ’ппӕт дӕр ын зӕгъут: „Ныххатыр нын кӕн нӕ тӕригъӕдтӕ+ ӕмӕ нӕм хорзӕй цы ис, уый айс. Мах та дын, нывондӕн уӕнгуытӕ куыд ӕрхӕссынц, афтӕ нывондӕн ӕрхӕсдзыстӕм нӕ дзыхыныхас+ – кадджын дӕ кӕндзыстӕм.  Ассири нӕ нӕ фервӕзын кӕндзӕн+. Бӕхтыл нал цӕудзыстӕм+. Нӕ къухтӕ цы скодтой, уыдӕттӕн афтӕ нал дзурдзыстӕм: „О нӕ Хуыцау!“, уымӕн ӕмӕ сидзӕрмӕ* ӕрмӕстдӕр ды дӕ фӕлмӕнзӕрдӕ“+.  Ӕз сӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн, ӕмӕ мыл гадзрахатӕй нал цӕудзысты+. Зӕрдӕйӕ* сӕ уарздзынӕн+, уымӕн ӕмӕ сӕм нал мӕсты кӕнын+.  Ӕз Израилӕн уыдзынӕн ӕртӕхы хуызӕн+. Уый дидинӕгау* райхӕлдзӕн ӕмӕ Ливаны бӕласау уидӕгтӕ ауадздзӕн.  Йӕ къалиутӕ айваздзӕн, ӕмӕ йӕ кад оливӕбӕласы+ кадӕй къаддӕр нӕ уыдзӕн, йӕ адджын тӕф уыдзӕн Ливаны бӕласы адджын тӕфау.  Уыдон та ногӕй йӕ базыры аууоны цӕрдзысты+. Хор таудзысты ӕмӕ сӕнӕфсирбӕласау къуыбыр ракалдзысты+. Йӕ кой кӕндзысты, Ливаны сӕны кой куыд кӕнынц, афтӕ.  Ефрем зӕгъдзӕн: „Цӕмӕн ма мӕ хъӕуынц ацы мӕнгхуыцӕуттӕ?“+ Ӕз ӕй мӕхӕдӕг фехъусдзынӕн ӕмӕ йӕм мӕ хъус дардзынӕн+. Ӕз дӕн пӕлӕхсар ӕхсӕлыбӕласы хуызӕн+. Мӕныл ссардзынӕ дыргътӕ».  Чи у зондджын, цӕмӕй ацы хабӕрттӕ бамбара?+ Чи у ӕмбаргӕ, цӕмӕй сӕ зона?+ Йегъовӕйы фӕндӕгтӕ сты раст фӕндӕгтӕ+, ӕмӕ сыл рӕстгӕнджытӕ цӕудзысты+, фыдгӕнджытӕ та-иу сыл фӕкӕлдзысты+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ӕнӕ фыдӕй чи баззад, уыцы лӕппумӕ».
Кӕнӕ «мӕхи фӕндӕй».
Комк. «лилийау».