Оси 3:1—5

3  Йегъовӕ мын загъта: «Ногӕй та ацу ӕмӕ, ӕндӕр лӕг кӕй уарзы+ ӕмӕ хӕтгӕ чи кӕны, уыцы сылгоймаджы бауарз, Йегъовӕ Израилы фыртты куыд уарзы+ ӕмӕ уыдон та ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл куыд цӕуынц+ ӕмӕ чисмис гуылтӕ куыд уарзынц, афтӕ»+.  Ӕмӕ йӕ мӕхицӕн фынддӕс ӕвзист ӕхцайӕ+ ӕмӕ иу хомер* ӕмӕ хомеры ӕрдӕг хъӕбӕрхорӕй балхӕдтон.  Стӕй йын загътон: «Ды уыдзынӕ мӕн ӕмӕ бирӕ рӕстӕг мемӕ цӕрдзынӕ+. Мауал хӕт+ ӕмӕ ӕндӕр лӕгмӕ мауал цу+, ӕмӕ дӕм ӕз дӕр хӕстӕг нӕ цӕудзынӕн».  Афтӕ уый тыххӕй у, ӕмӕ Израилы фырттӕ бирӕ рӕстӕг цӕрдзысты ӕнӕ паддзахӕй+ ӕмӕ ӕнӕ кънйазӕй, нывӕндтӕ+ нӕ хӕсдзысты, нӕ сӕм уыдзӕн кувӕн цӕджындз, ефод+ ӕмӕ терафим*+.  Уый фӕстӕ Израилы фырттӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзысты ӕмӕ сӕ Хуыцау Йегъовӕйы+ ӕмӕ сӕ паддзах Давиды+ агурдзысты. Ӕмӕ фӕстаг бонты+ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕрцӕудзысты Йегъовӕмӕ+ ӕмӕ йӕ хорздзинадмӕ.

Фиппаинӕгтӕ

Иу хомер у 220 л бӕрц.
Ома бинонты хуыцау, къухӕйконд хуыцау.