Оси 4:1—19

4  Израилы фырттӕ, байхъусут, Йегъовӕ цы дзуры, уымӕ. Йегъовӕ ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн тӕрхон кӕндзӕн+, уымӕн ӕмӕ ацы зӕххыл рӕстдзинад*+ ӕмӕ ӕнувыд уарзт нал ис, Хуыцауы дӕр нӕ зонынц+.  Кӕдӕмфӕнды ма акӕсай – ӕлгъитынц+, сайынц+, марынц+, давынц+ ӕмӕ хӕтынц+. Иу тугныккалд иннӕйы фӕдыл+.  Гъе уый тыххӕй ацы зӕхх хъыг кӕндзӕн+, ӕмӕ йыл чидӕриддӕр цӕры, уыдон хъӕддаг сырдтимӕ ӕмӕ уӕларвон мӕргътимӕ фесӕфдзысты, ӕмӕ ма денджызы кӕсӕгтӕ дӕр фӕцагъды уыдзысты+.  «Фӕлӕ быцӕу мачи кӕнӕд+ ӕмӕ иу иннӕмӕн йӕ рӕдыд ма дзурӕд, уымӕн ӕмӕ дӕ адӕм сты, сауджынимӕ чи быцӕу кӕны, уыдоны хуызӕн+.  Боныгон фӕкӕлдзынӕ+, ӕмӕ пехуымпар дӕр демӕ фӕкӕлдзӕн, адӕймаг ӕхсӕвыгон куыд фӕкӕлы, афтӕ+. Ӕмӕ дын дӕ мады фесафдзынӕн+.  Мӕ адӕм мӕ кӕй нӕ зонынц, уый тыххӕй фесӕфдзысты+. Мӕн зонын дӕ кӕй нӕ бафӕндыд+, уый тыххӕй дын ӕз дӕр дӕ бартӕ байсдзынӕн, ӕмӕ мын сауджынӕй нал лӕггад кӕндзынӕ+. Дӕ Хуыцауы закъон кӕй рох кӕныс+, уый тыххӕй дын ӕз дӕр дӕ фыртты ферох кӕндзынӕн+.  Цас фылдӕр кодтой, уыйас фылдӕр тӕригъӕдтӕ арӕзтой мӕ разы+. Кадджын мӕ нӕ кодтой, фӕлӕ худинаг+.  Сӕхи ӕфсадынц мӕ адӕмы тӕригъӕдтӕй, сӕ фыдракӕндтӕм сын сӕ былыцъӕрттӕ хӕрынц+.  Адӕмыл дӕр сауджыны бон акӕндзӕн+. Сӕ хъуыддӕгты тыххӕй сӕ ӕз дзуапп ӕрдомдзынӕн+ ӕмӕ сын цы ’мбӕлы, уый сын бакӕндзынӕн+. 10  Хӕрдзысты, фӕлӕ не ’фсӕддзысты+. Сылгоймӕгтимӕ хӕлд митӕ кӕндзысты, фӕлӕ не сбирӕ уыдзысты+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы ницӕмӕуал дарынц+. 11  Хӕтындзинад, зӕронд сӕн ӕмӕ ног сӕн адӕймагӕн йӕ зонд фӕцӕуын кӕнынц*+. 12  Мӕ адӕм сӕ хъӕдын+ хуыцауы фӕрсынц+ ӕмӕ сын сӕ лӕдзӕг ратты дзуапп. Сӕ хӕтаг зӕрдӕ сӕ адзӕгъӕл кодта+, хӕтынц ӕмӕ сӕ Хуыцауы коммӕ нал кӕсынц+. 13  Хӕхты цъуппытыл нывӕндтӕ хӕссынц+ ӕмӕ къуыбыртыл, пӕлӕхсар бӕласы бын, стираксбӕласы бын ӕмӕ стыр бӕласы бын нывӕндты фӕздӕг суадзынц+, уымӕн ӕмӕ дзы дзӕбӕх аууон вӕййы+. Уый тыххӕй уӕ чызджытӕ хӕтынц ӕмӕ уӕ чындзытӕ сӕ лӕгтыл гадзрахатӕй цӕуынц. 14  Фӕлӕ уӕ чызджытӕ кӕй хӕтынц ӕмӕ уӕ чындзытӕ сӕ лӕгтыл гадзрахатӕй кӕй цӕуынц, уый тыххӕй сӕ ӕз дзуапп не ’рдомдзынӕн, уымӕн ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ дӕр хӕтаг сылгоймӕгтимӕ фӕхибар вӕййынц+ ӕмӕ, кувӕндӕтты кӕимӕ хӕтынц, уыцы сылгоймӕгтимӕ+ нывӕндтӕ хӕссынц. Ӕмбарындзинад+ кӕмӕ нӕй, уыцы адӕмы къӕхты бын ныккӕндзысты. 15  О Израил+, ды хӕтыс, фӕлӕ уӕддӕр Иудӕ аххосджын ма уӕд+. Галгалмӕ+ ма цӕут, Беф-Авенмӕ+ дӕр ма ссӕут ӕмӕ ма дзурут: „Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ сомы кӕнын!“+ 16  Израил хивӕнд хъугӕй уӕлдай нӕу+. Ӕмӕ ма сӕ ныр Йегъовӕ, фыркъайы куыд хизай, афтӕ уӕрӕх рӕтты хиздзӕн? 17  Ефрем мӕнгхуыцӕуттыл баныхӕст+. Гъемӕ йӕ куыд фӕнды, афтӕ кӕнӕд!+ 18  Мӕнӕуӕй конд бӕгӕны куы фӕвӕййы+, уӕд сылгоймӕгтимӕ хӕлд митыл бафтынц+. Йӕ хъахъхъӕнджытӕ+ уарзынц ӕгады митӕ+. 19  Дымгӕ йӕ ахӕсдзӕн йӕ базыртыл+, ӕмӕ уыдон сӕ нывӕндтӕй фефсӕрмы уыдзысты»+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».
Комк. «зӕрдӕ байсынц».