Оси 6:1—11

6  «Цомут, фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ аздӕхӕм+. Уый нӕ акъабӕзтӕ кодта+, фӕлӕ нӕ дзӕбӕх дӕр уый акӕндзӕн+. Уый нӕ цавта, фӕлӕ нын нӕ цӕфтӕ бӕтгӕ дӕр уый бакӕндзӕн+.  Дыууӕ боны фӕстӕ нӕ райгас кӕндзӕн+. Ӕртыккаг бон нӕ нӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ разы цӕрдзыстӕм+.  Мах зондзыстӕм Йегъовӕйы, архайдзыстӕм, цӕмӕй йӕ ноджы хуыздӕр базонӕм+. Уый сӕуӕхсидау+ ӕнӕмӕнг фӕзындзӕн+. Тӕрккъӕвдайау+, зӕхх донӕй чи бафсады, ахӕм уалдзыгон къӕвдайау нӕм ӕрцӕудзӕн»+.  «Цы дын кӕнон, Ефрем? Цы дын кӕнон, Иудӕ?+ Уе ’нувыд уарзт райсомы мигътӕй уӕлдай нӕу ӕмӕ, уайтагъд чи ӕрбайсӕфы, уыцы ӕртӕхӕй уӕлдай.  Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй мӕ пехуымпарты къухӕй ӕрцӕвдзынӕн+, мӕ дзыхы ныхасӕй сӕ амардзынӕн+. Цы тӕрхон уӕ баййафдзӕн, уый рухсау бӕрӕг уыдзӕн+.  Мӕн нывӕндтӕ+ нӕ хъӕуы, фӕлӕ ӕнувыд уарзт+. Мӕн судзинаг нывӕндтӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы зонат+.  Фӕлӕ уыдон тӕригъӕдджын адӕмау бадзырды сӕрты ахызтысты+. Уым мыл гадзрахатӕй рацыдысты+.  Галаад+ у фыдгӕнджыты горӕт. Сӕ къахвӕдтӕ сты тугӕйдзаг+.  Сауджынтӕ сты, адӕймаджы размӕ чи бабады+, уыцы абырджыты хуызӕн+. Сихеммӕ хӕстӕг фӕндаггӕрон адӕмы марынц+, уымӕн ӕмӕ, цы фыдхъуыддаг ракӕной, ууыл сты+. 10  Израилы хӕдзары уынын ӕвирхъау хабӕрттӕ+. Уым, Ефреммӕ, хӕтындзинадыл бафтыдысты+. Израил йӕхи фӕчъизи кодта+. 11  Иудӕйы адӕм, хуымгӕрдӕны рӕстӕг уын снысан кодтон: мӕ адӕмӕй мын уацары кӕй акодтой, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ сӕ зӕхмӕ ӕркӕндзынӕн»+.

Фиппаинӕгтӕ