Оси 7:1—16

7  «Израилы сдзӕбӕх кӕнын мӕ куы фӕфӕнды+, уӕд Ефремы тӕригъӕд+ ӕмӕ Самарийы фыдхъуыддӕгтӕ рабӕрӕг вӕййынц+. Сайыны куыст кӕнынц+, давджытӕ адӕмы хӕдзӕрттӕм бабырынц, абырджытӕ уынджы адӕмыл сӕхи ныццӕвынц+.  Сӕ фыдхъуыддӕгтӕ сын иууылдӕр кӕй ӕрхъуыды кӕндзынӕн+, уый сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕй+. Ныр сыл сӕ хъуыддӕгтӕ ӕртыхстысты+. Иу дӕр дзы мӕнӕй сусӕг нӕу+.  Сӕ фыдхъуыддӕгтӕй паддзахӕн циндзинад хӕссынц. Кӕй сайынц, уый кънйӕзтӕн ӕхсызгон у+.  Се ’ппӕт дӕр кӕнынц хӕтгӕ+. Уыдон сты, дзулгӕнӕг кӕй стӕвд кӕны, уыцы пецы хуызӕн. Дзулгӕнӕг хыссӕ скӕны ӕмӕ, цалынмӕ нӕ сӕнхъизы, уӕдмӕ зынгтӕ нал фезмӕнты.  Нӕ паддзахы бон кънйӕзтӕ сӕхи ныррынчын кодтой+, сӕн фыдӕх расайдта+. Паддзах йӕ къух радта, хынджылӕг чи кӕны, уыдонмӕ.  Сӕ зӕрдӕ сӕ мидӕг судзы+, раст ӕй цыма пецмӕ бадардтой, уыйау+. Сӕ дзулгӕнӕг ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕфынӕй кӕны, райсомӕй та пецы ногӕй пиллон арт ссудзы+.  Се ’ппӕт дӕр пецау сзынг сты, ӕмӕ сӕ тӕрхонгӕнджыты ныхъуырынц. Сӕ паддзӕхтӕ иууылдӕр фӕмард сты+. Иу дӕр мӕм дзы ӕххуысмӕ нӕ сиды+.  Ефрем иннӕ адӕмтимӕ схӕццӕ+. Ефрем сси, иннӕрдӕм кӕй не ’рфӕлдӕхтой, ахӕм дзулы хуызӕн+.  Йӕ тых ын ӕцӕгӕлӕттӕ бахордтой+, фӕлӕ йӕ уый нӕ зыдта+. Йӕ сӕр сурс, фӕлӕ йӕ уый та нӕ зыдта. 10  Израилӕн йӕ сӕрбӕрзонддзинад йӕ ныхмӕ ӕргом дзуры+, фӕлӕ уӕддӕр сӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ не здӕхынц+ ӕмӕ йӕ нӕ агурынц+. 11  Ефрем сси ӕнӕмбаргӕ+, ӕнӕзонд* бӕлоны+ хуызӕн. Египетмӕ ӕххуысмӕ сидынц+, Ассиримӕ цӕуынц+. 12  Кӕдӕмфӕнды ма ацӕуой,– мӕ хыз сыл ӕрӕппардзынӕн+. Уӕларвон мӕргътау сӕ бынмӕ ӕрӕппардзынӕн+. Бафхӕрдзынӕн сӕ, се ’ппӕты дӕр куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ+. 13  Додой сӕ къона+, уымӕн ӕмӕ мӕнӕй алыгъдысты!+ Фесӕфдзысты, уымӕн ӕмӕ мӕ разы фыдракӕнд сарӕзтой! Ӕз сӕ ирвӕзын кодтон+, уыдон та мӕнӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдтой+. 14  Кӕд сӕ хуыссӕнтыл ӕрдиаг кодтой, уӕддӕр мӕм ӕххуысмӕ зӕрдӕйӕ нӕ сидтысты+. Дзул ӕмӕ адджын сӕны уӕлхъус сӕ рӕстӕг ӕрвыстой+ ӕмӕ мӕ ныхмӕ цыдысты+. 15  Ӕз сын зонд амыдтон+, фидар сӕ кодтон+, уыдон та мӕ ныхмӕ фыдвӕндтӕ кодтой+. 16  Ӕмӕ та-иу аздӕхтысты, фӕлӕ, уӕлдӕр цы у, уымӕ* нӕ+. Йӕ бос кӕмӕн суӕгъд, ахӕм ӕрдыны хуызӕн систы+. Сӕ кънйӕзтӕ сӕ фауӕн ныхӕсты тыххӕй хъамайӕ сӕ мӕлӕт ссардзысты+. Ӕмӕ сыл уый тыххӕй Египеты зӕххыл худдзысты»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «зӕрдӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм».
Ома раст динмӕ.