Оси 8:1—14

8  «Сыкъайӕ ныууас!+ Знаг Йегъовӕйы хӕдзарыл йӕхи цӕргӕсау рауагъта+, мӕ бадзырды сӕрты кӕй ахызтысты+ ӕмӕ мын мӕ закъон кӕй фехӕлдтой, уый тыххӕй+.  Хъӕр мӕм кӕнынц: „О нӕ Хуыцау! Мах, Израилы адӕм, дӕу зонӕм“+.  Израил йӕ къух систа, хорз цы у, ууыл+. Уадз ӕмӕ йӕ знаг фӕстейӕ сура+.  Сӕхицӕн ӕвӕрдтой паддзӕхтӕ+, фӕлӕ ӕнӕ мӕнӕй. Кънйӕзтӕ ӕвӕрдтой, фӕлӕ-иу мӕн нӕ бафарстой. Се ’взистӕй ӕмӕ-иу сӕ сызгъӕринӕй сӕхицӕн мӕнгхуыцӕуттӕ скодтой+, ӕмӕ уый тыххӕй фесӕфдзысты+.  Самари, дӕ роды дын аппӕрстон+. Мӕ маст сӕм ссыгъд+. Кӕдмӕ ма уыдзысты ахӕм уавӕры, ӕмӕ сӕ бон сӕхи ссыгъдӕг кӕнын ма уа?+  Уыцы род Израилӕй у+. Хуымӕтӕг ӕрмгуыстгӕнӕг ӕй скодта+. Уый Хуыцау нӕу, уымӕн ӕмӕ Самарийы род нызгъӕлӕнтӕ уыдзӕн+.  Дымгӕ тауынц, ӕмӕ тыхдымгӕ ӕркӕрддзысты+. Иу ӕфсир дӕр нӕй+. Иу ӕвзар дӕр ссад нӕ дӕтты+, ӕмӕ куы ратта, уӕддӕр ӕй ӕцӕгӕлӕттӕ аныхъуырдзысты+.  Израилы аныхъуырдзысты+. Ныр уыдон иннӕ адӕмты ’хсӕн+ уыдзысты ӕнӕпайда мигӕнӕны хуызӕн+.  Дзугӕй йӕхи чи фӕхицӕн кӕны, ахӕм хъӕддаг хӕрӕгау*+ Ассиримӕ ацыдысты+. Ефрем хӕтаг сылгоймӕгтӕ баххуырста+. 10  Ӕмӕ сӕ кӕд иннӕ адӕмтӕй ӕххуырсынц+, уӕддӕр сӕ ныр ӕз иумӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, ӕмӕ иуцасдӕр тухӕн кӕндзысты+ паддзахы ӕмӕ кънйӕзты уаргъы бын. 11  Ефрем йӕ нывондхӕссӕнтӕ сбирӕ кодта, ӕмӕ тӕригъӕдтӕ арӕзта+. Нывондхӕссӕнтӕ скодта, ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтыл бафтыдта+. 12  Мӕ закъонӕй йын бирӕ цыдӕртӕ фыстон+, фӕлӕ сӕ ницӕмӕ дардта+. 13  Кувинагӕн мын дзидза хастой+ ӕмӕ, мӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый хордтой+,– зӕгъы Йегъовӕ.– Фӕлӕ сын ныр ӕз сӕ фыдракӕндтӕ ӕрхъуыды кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ дзуапп ӕрдомдзынӕн сӕ тӕригъӕдты тыххӕй+. Уыдон Египетмӕ аздӕхтысты+. 14  Израил йе Скӕнӕджы рох кӕнын райдыдта+ ӕмӕ кувӕндӕттӕ аразынмӕ фӕци+, Иудӕ та йӕ фидаргонд горӕттӕ сбирӕ кодта+. Фӕлӕ йын ӕз йӕ горӕттыл арт бафтаудзынӕн, ӕмӕ йын арт йӕ цӕрӕн мӕсгуытӕ аныхъуырдзӕн»+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «зебрӕйау».