Оси 9:1—17

9  «Израил, ма цин кӕн+. Иннӕ адӕмтау дӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ма ӕрвит+, уымӕн ӕмӕ хӕтгӕ кӕныс ӕмӕ дӕ Хуыцауы ныууагътай+. Найгӕнӕн мусты дӕ баххуырсынц, ӕмӕ дын уым цы лӕвӕрттӕ скӕнынц, уыдон тынг уарзыс+.  Нӕ сӕ ӕфсады найгӕнӕн мус ӕмӕ сӕндуцӕн+. Адджын сӕнӕй фыдӕнхъӕл фесты+.  Уыдон Йегъовӕйы зӕххыл нал цӕрдзысты+. Ефрем Египетмӕ аздӕхдзӕн+, ӕмӕ Ассирийы, сыгъдӕг цы нӕу, уый хӕрдзысты+.  Йегъовӕйӕн сӕн кувинаг нозтӕн нал хӕсдзысты+, ӕмӕ йын сӕ нывӕндтӕ ӕхсызгон нӕ уыдзысты+. Сӕ нывӕндтӕ сты, мардыл хъыг кӕныны бонты цы къӕбӕр фӕхӕрынц, уый хуызӕн+. Чидӕриддӕр дзы хӕра, уыдон сӕхи фӕчъизи кӕндзысты. Сӕ хӕринаг у сӕхи удӕн, уыцы хӕринаг Йегъовӕйы хӕдзармӕ нӕ бахӕсдзысты+.  Цы кӕндзыстут, уыцы бон куы ’рцӕуа, цӕмӕй ӕрӕмбырд уат ӕмӕ Йегъовӕйы номыл бӕрӕгбон скӕнат, уӕд?+  Уӕ зӕхх уын фӕхӕсдзысты, ӕмӕ йӕ дзӕгъӕлӕй ныууадздзыстут+. Египет уӕ иу ранмӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн+, ӕмӕ уӕ Мемфис+ баныгӕндзӕн. Ӕвзистӕй сӕм цы зынаргъ дзауматӕ ис, уыдон пысырайы бын фӕуыдзысты+, сӕ цатырты сзайдзӕн сындзкъутӕртӕ+.  Ӕрцӕудзӕн уыцы рӕстӕг, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзӕн+ ӕмӕ сын цы ’мбӕлы, уый бакӕндзӕн+. Израилӕгтӕ уый базондзысты+. Пехуымпар уыдзӕн ӕнӕзонды бынаты+, афтӕ чи дзуры, Хуыцауӕй мын раргом, зӕгъгӕ, уымӕн йӕ сӕрызонд фӕцӕудзӕн, дӕ тӕригъӕдтӕн нымӕц кӕй нӕй+ ӕмӕ дӕ фыдӕхӕн бауромӕн кӕй нӕй, уый тыххӕй».  Ефремы хъахъхъӕнӕг+ уыд мӕ Хуыцауимӕ+. Фӕлӕ ныр пехуымпарӕн+ йӕ фӕндагыл алы рӕтты – цъиуахсӕджы къӕппӕджытӕ+, йӕ Хуыцауы хӕдзары – фыдӕх.  Сӕфты фӕндагыл ӕгӕр дард ацыдысты+, Гивӕйы рӕстӕджы куыд уыди, раст афтӕ+. Фӕлӕ сын Хуыцау сӕ фыдракӕндтӕ ӕрхъуыды кӕндзӕн+ ӕмӕ сӕ бафхӕрдзӕн сӕ тӕригъӕдты тыххӕй. 10  «Ӕз Израилы ссардтон, ӕдзӕрӕг быдыры сӕнӕфсир куыд ссарай, афтӕ+. Уӕ фыдӕлты уын куы федтон, уӕд уыдысты, легъуибӕлас фыццаг хатт цы дыргъ ратты, уый хуызӕн+. Фӕлӕ уыдон Фегоры Ваалмӕ+ ацыдысты ӕмӕ сӕхи уыцы фидиссаг хуыцауӕн снывонд кодтой+. Ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр, цы бауарзтой, уый хуызӕн ӕлгъаг систы+. 11  Ефремӕн йӕ кад уӕларвон маргъау кӕдӕмдӕр фӕтӕхы+, ӕмӕ сын уый тыххӕй зӕнӕг нӕ цӕуы, йӕхи бар чи нӕу, ахӕм сылгоймаг сӕм нӕй, нӕ басывӕрджын вӕййынц+. 12  Ӕниу, лӕппутӕ куы схъомыл кӕной, уӕддӕр сын сӕ байсдзынӕн, ӕмӕ сӕм иу адӕймаг дӕр нал баззайдзӕн+. Додой сӕ къона, ӕз сӕ куы ныууадзон, уӕд!+ 13  Ефрем сагъд ӕрцыд рӕсугъд сӕрвӕты+, ӕмӕ мӕ цӕсты уыд Тиры хуызӕн. Гъе уыцы Ефрем йӕ фыртты лӕгмармӕ ракӕндзӕн»+. 14  О Йегъовӕ, ратт сын, цы сын хъуамӕ раттай, уый+. Ратт сын, сывӕллон кӕм нӕ лӕууы, ахӕм хуылф+ ӕмӕ хуыскъ риутӕ. 15  «Сӕ фыддзинад иууылдӕр уыд Галгалы+. Уым ма куы уыдысты, уӕд дӕр сӕ ме сӕфт уыдтон+. Сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй сӕ мӕ хӕдзарӕй фӕсурдзынӕн+. Нал сӕ уарздзынӕн+. Сӕ кънйӕзтӕ иууылдӕр сты хивӕнд+. 16  Ефремыл цӕф сӕмбӕлдзӕн+. Сӕ уидаг бахус уыдзӕн+. Ӕппындӕр дыргъ нал дӕтдзысты+. Ӕмӕ сын зӕнӕг куы рацӕуа, уӕддӕр сын сӕ адджын хъӕбулты мӕлӕты хай фӕкӕндзынӕн»+. 17  Мӕ Хуыцау+ сыл йӕ къух сисдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕм нӕ хъусынц+. Ӕмӕ иннӕ адӕмты ’хсӕн рахау-бахау кӕндзысты+.

Фиппаинӕгтӕ