Псалом 101:1—8
Давиды псалом. Зарӕг.
101 Ӕз зардзынӕн ӕнувыд уарзт ӕмӕ раст тӕрхоныл+.Дӕуӕн кӕндзынӕн зарӕг, о Йегъовӕ+.
2 Ӕз архайдзынӕн ӕмбаргӕйӕ ӕмӕ ӕнаиппӕй+.Кӕд мӕм фӕзындзынӕ ӕххуысмӕ?+Ӕз цӕрдзынӕн рӕстзӕрдӕйӕ мӕ хӕдзары мидӕг+.
3 Ницӕйаг цы у, ахӕмӕй мӕ цӕстыты раз ницы ӕрӕвӕрдзынӕн+.Раст фӕндагӕй чи адзӕгъӕл, уыдоны хъуыддӕгтӕй ӕз ме сӕфт уынын+.Ӕз уыцы хъуыддӕгтӕм ӕмгӕрон дӕр нӕ бацӕудзынӕн+.
4 Мӕнгардзӕрдӕ чи у, уый мӕ цурӕй йӕхи айсдзӕн+.Ӕз ӕвзӕрӕй ницы аразын+.
5 Сусӕгӕй йе ’мбалы фыдкой чи кӕны+,Уымӕн ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ныхъхъус уыдзӕн+.Хъал цӕстытӕ ӕмӕ схъӕл зӕрдӕ кӕмӕн ис+,Уый нӕ бабыхсдзынӕн+.
6 Мӕ цӕстытӕ здӕхт сты, зӕххыл иузӕрдион чи у, уыдонмӕ+,Цӕмӕй цӕрой мемӕ+.Мӕнӕн лӕггад кӕндзӕн+,Ӕнаипп чи у, уый+.
7 Хинӕй чи архайы, уыдонӕй иу дӕр мӕ хӕдзары нӕ цӕрдзӕн+.Мӕнг ныхас чи кӕны, уый нӕ фӕлӕудзӕн+Мӕ цӕстыты раз+.
8 Алы райсом дӕр-иу ӕнустӕм бамыр кӕндзынӕн, зӕххыл цыдӕриддӕр фыдгӕнджытӕ ис, уыдоны+,Цӕмӕй, фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдоны се ’ппӕты дӕр+ Йегъовӕйы горӕтӕй+ фесафон.