Псалом 11:1—7

Амонӕгӕн. Давиды псалом. 11  Ӕз мӕхи Йегъовӕйы уазӕг бакодтон+.Уӕд мын куыд уӕндут афтӕ дзурын:«Маргъау атӕх дӕ хохмӕ!+   Уӕртӕ фыдгӕнджытӕ се ’рдын ӕрбакъӕдз кодтой+,Ӕрдынбосыл фат ӕрбавӕрдтой,Цӕмӕй йӕ талынджы рӕстзӕрдӕтыл фехсой+.   Рӕстдзинады бындуртӕ куы фехӕлдысты+,Уӕд рӕстгӕнӕгӕн куыд кӕнгӕ у?»   Йегъовӕ ис йӕ рухс кувӕндоны+.Йегъовӕйӕн йӕ паддзахбадӕн ис уӕлӕрвты+.Йӕ цӕстытӕ фӕлгӕсынц, йӕ цӕстытӕ лӕмбынӕг кӕсынц+ адӕймаджы фырттӕм.   Йегъовӕ лӕмбынӕг кӕсы рӕстгӕнӕгмӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнӕгмӕ дӕр+.Фыддзинад чи уарзы, уымӕй уый* йе сӕфт уыны+.   Уый фыдгӕнджытыл къӕвдайау ныккалдзӕн къӕппӕджытӕ, зынг ӕмӕ сондон+,Ӕмӕ судзгӕ дымгӕ уыдзӕн сӕ нуазӕн+.   Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у рӕстаг Хуыцау+, уый уарзы раст хъуыддӕгтӕ+.Рӕстзӕрдӕ чи у, уыдон ын фендзысты йӕ цӕсгом+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «йӕ уд».