Псалом 118:1—29
118 Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ*+,Уымӕн ӕмӕ йе ’нувыд уарзт у ӕнустӕм+.
2 Израил зӕгъӕд:«Йе ’нувыд уарзт у ӕнустӕм»+.
3 Аароны хӕдзарвӕндагӕй чи у, уыдон зӕгъӕнт+:«Йе ’нувыд уарзт у ӕнустӕм»+.
4 Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдон зӕгъӕнт+:«Йе ’нувыд уарзт у ӕнустӕм»+.
5 Тыхст уавӕры фӕсидтӕн Йагъмӕ+,Ӕмӕ мӕ Йагъ фехъуыста ӕмӕ мӕ ракодта уӕрӕх ранмӕ+.
6 Йегъовӕ у мӕ фарс, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн+.Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?+
7 Йегъовӕ у мӕ фарс, чи мын ӕххуыс кӕны, уыдонимӕ иумӕ+,Ӕмӕ ӕз сӕрыстырӕй кӕсдзынӕн, йе сӕфт мӕ чи уыны, уыдонмӕ+.
8 Зӕххон адӕймагыл зӕрдӕ дарыны бӕсты+Дӕхи Йегъовӕйы уазӕг бакӕн+.
9 Кадджын лӕгтыл зӕрдӕ дарыны бӕсты+Дӕхи Йегъовӕйы уазӕг бакӕн+.
10 Адӕмтӕ мыл иууылдӕр ӕртыхстысты+,Фӕлӕ сын Йегъовӕйы номӕй ныхкъуырд лӕвӕрдтон+.
11 Ӕртыхстысты мыл, мӕ алыварс ӕрлӕууыдысты+,Фӕлӕ сын Йегъовӕйы номӕй ныхкъуырд лӕвӕрдтон.
12 Мыдыбындзытау мыл ӕрӕмбырд сты+,Фӕлӕ сӕ зынг пыхсыты артау уайтагъд ахуыссыд+.Ӕз сын Йегъовӕйы номӕй ныхкъуырд лӕвӕрдтон+.
13 Асхуыстой мӕ, цӕмӕй ахаудаин+,Фӕлӕ мын Йегъовӕ баххуыс кодта+.
14 Йагъ у ме ’мбӕхсӕн ӕмӕ мӕ тых+,Уый сси мӕ ирвӕзынгӕнӕг+.
15 Рӕстгӕнджыты+ цатыртӕй+ хъуысыЦины хъӕр, ӕрцыд сын ирвӕзындзинад+.Йегъовӕйы рахиз къух аразы хъомысджын хъуыддӕгтӕ+.
16 Йегъовӕйы рахиз къух бӕрзондӕй-бӕрзонддӕр кӕны+.Йегъовӕйы рахиз къух аразы хъомысджын хъуыддӕгтӕ+.
17 Ӕз нӕ амӕлдзынӕн, ӕз цӕрдзынӕн+,Цӕмӕй хъусын кӕнон Йагъы хъуыддӕгтӕ+.
18 Йагъ мӕ карзӕй бафхӕрдта+,Фӕлӕ мӕ мӕлӕты къухтӕм нӕ радта+.
19 Бакӕнут мын рӕстдзинады кулдуӕрттӕ+.Ӕз сыл бахиздзынӕн ӕмӕ Йагъы кадджын кӕндзынӕн+.
20 Уый у Йегъовӕйы кулдуар+.Рӕстгӕнджытӕ йыл бахиздзысты+.
21 Кадджын дӕ кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ фехъуыстай+Ӕмӕ сдӕ мӕ ирвӕзынгӕнӕг+.
22 Аразджытӕ цы дур аппӕрстой+,Уый сси фисыны сӕйраг дур+.
23 Уыцы хъуыддаг сарӕзта Йегъовӕ+,Ӕмӕ нӕм диссаг кӕсы+.
24 Уыцы бон скӕнӕг у Йегъовӕ+,Ӕмӕ уыцы бон нӕ зӕрдӕ райдзӕн ӕмӕ цин кӕндзыстӕм+.
25 О Йегъовӕ, курӕг дӕ стӕм, фервӕзын нӕ кӕн!+О Йегъовӕ, курӕг дӕ стӕм, раарфӕ нын кӕн!+
26 Арфӕгонд у, Йегъовӕйы номӕй чи ’рцӕуы, уый!+Арфӕ уын кӕнӕм Йегъовӕйы хӕдзарӕй+.
27 Йегъовӕ у нӕ Хуыцау+,Ӕмӕ нын дӕтты рухс+.Бӕрӕгбонмӕ чи цӕуы, уыдоны срӕсугъд кӕнут+ бӕлӕсты къалиутӕй+,Суанг нывондхӕссӕны сыкъаты раз дӕр+.
28 Ды дӕ мӕ Хуыцау, ӕмӕ дӕ кадджын кӕндзынӕн+.Ды дӕ мӕ Хуыцау, ӕз дӕ бӕрзонд кӕндзынӕн+.
29 Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ уый у хӕларзӕрдӕ+,Уымӕн ӕмӕ йе ’нувыд уарзт у ӕнустӕм+.
א [А́леф]