Псалом 12:1—8
Амонӕгӕн, ныллӕг зӕлтӕй+. Давиды зарӕг.
12 Фервӕзын мӕ кӕн+, о Йегъовӕ, уымӕн ӕмӕ иузӕрдион адӕм нал ис+,Адӕймаджы фыртты ’хсӕн ӕнувыд адӕм нал баззад.
2 Иу иннӕйы сайы+,Се ’взаг лӕгъзӕй ауадзынц+, мӕнгард зӕрдӕйӕ*+ дзурынц.
3 Йегъовӕ фесафдзӕн, йе ’взаг лӕгъзӕй чи ауадзы, уыдоны се ’ппӕты дӕр,Стыр дзыхӕй чи дзуры+
4 Ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕ чи кӕны: «Не ’взагӕй сыл фӕтых уыдзыстӕм+.Нӕ дзыхтӕ нӕ уӕлӕ сты. Чи нын хъуамӕ уа хицау?»
5 «Ӕфхӕрд адӕмы кӕй стигъынц ӕмӕ мӕгуыртӕ кӕй хъӕрзынц+,Уый тыххӕй ӕз ныр сыстдзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ+.–Уӕлейӕ дӕлӕмӕ сӕм чи кӕсы, уыдонӕй сӕ бахъахъхъӕндзынӕн»+.
6 Йегъовӕйы ныхӕстӕ сты сыгъдӕг+.Уыдон сты, зӕххы ӕвӕрд тайынгӕнӕн пецы кӕй ссыгъдӕг кодтой, авд хатты кӕй бадон кодтой, ахӕм ӕвзисты хуызӕн.
7 Ды дӕхӕдӕг уыдзынӕ сӕ хъахъхъӕнӕг+, о Йегъовӕ.Уыдонӕй алкӕй дӕр ӕнустӕм хъахъхъӕндзынӕ ацы адӕмӕй.
8 Бӕстӕ фыдгӕнджытӕй байдзаг,Уымӕн ӕмӕ адӕймаджы фырттӕм кадджын сты ӕнаккаг митӕ+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «дыууӕ зӕрдӕимӕ».