Псалом 145:1—21

Кады зарӕг. Давиды псалом. א [А́леф] 145  Кадджын дӕ кӕндзынӕн, о мӕ Хуыцау, мӕ Паддзах+,Арфӕ кӕндзынӕн дӕ номӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ+. ב [Бет]   Ӕнӕхъӕн бон дын арфӕ кӕндзынӕн+,Дӕ ном дын кадджын кӕндзынӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ+. ג [Ги́мел]   Йегъовӕ у стыр Хуыцау, уый у стыр кады аккаг+.Куыд диссаджы Хуыцау у, ууыл зонд не ’ххӕссы+. ד [Да́лет]   Фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ ӕппӕлдзысты дӕ хъуыддӕгтӕй+,Дзурдзысты дӕ хъомысджын хъуыддӕгты тыххӕй+. ה [Хе]   Мӕ хъуыдытӕ уыдзысты де стыр кад ӕмӕ намысыл+Ӕмӕ дӕ диссаджы хъуыддӕгтыл+. ו [Вав]   Дзурдзысты дӕ диссаджы стыр хъуыддӕгтыл+.Ӕз дзурдзынӕн, куыд диссаджы Хуыцау дӕ, уый тыххӕй+. ז [За́йин]   Дӕ хорздзинад куыд стыр у, уый тыххӕй дзурдзысты ӕнӕрынцойӕ+.Цингӕнгӕ зардзысты дӕ рӕстдзинады тыххӕй+. ח [Хет]   Йегъовӕ у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+.Мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, стыр у йе ’нувыд уарзт+. ט [Тет]   Йегъовӕ хорз у алкӕмӕн дӕр+,Уый фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисы, кӕй сфӕлдыста, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр+. י [Йод] 10  Де ’ппӕт хъуыддӕгтӕ дӕ кадджын кӕндзысты, о Йегъовӕ+.Иузӕрдион дыл чи у, уыдон дын арфӕ кӕндзысты+. כ [Каф] 11  Дзурдзысты дӕ паддзахады кады тыххӕй+Ӕмӕ де стыр хъомысы тыххӕй+.ל [Ла́мед] 12  Адӕймаджы фырттӕн дзурдзысты йӕ хъомысджын хъуыддӕгты тыххӕй+,Йӕ паддзахады кад ӕмӕ намысы тыххӕй+. מ [Мем] 13  Дӕ паддзахад уыдзӕн ӕнустӕм+,Дӕ хицаудзинад – фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+. ס [Са́мех] 14  Йегъовӕ ӕххуыс кӕны, чи ахауы, уыдонӕн+,Схӕцы, йӕ ныфс кӕмӕн асаст, уыдоныл+. ע [А́йин] 15  Се ’ппӕтӕн дӕр дӕумӕ у се скаст+,Ӕмӕ сын ды дӕттыс хӕринаг йӕ афоныл+. פ [Пе] 16  Дӕ къух байгом кӕныс+Ӕмӕ алкӕмӕн дӕр раттыс, йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый+. צ [Ца́де] 17  Йегъовӕ алы хъуыддаджы дӕр архайы рӕстӕй+,Алы хъуыддаджы дӕр у иузӕрдион+. ק [Коф] 18  Йегъовӕ хӕстӕг у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ+,Рӕстдзинадмӕ* гӕсгӕ йӕм чи кувы, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр+. ר [Реш] 19  Уый сӕххӕст кӕндзӕн, чи дзы тӕрсы, уыдонӕн сӕ зӕрдӕйы фӕндон+.Фехъусдзӕн сын сӕ дзыназын ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕндзӕн+. ש [Шин] 20  Йегъовӕ хъахъхъӕны, чи йӕ уарзы, уыдоны+,Фыдгӕнджыты та се ’ппӕты дӕр фесафдзӕн+. ת [Тав] 21  Ме ’взаг кадджын кӕндзӕн Йегъовӕйы+.Иууылдӕр арфӕ кӕнӕнт йӕ сыгъдӕг номӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «Ӕцӕгдзинадмӕ».