Псалом 147:1—20
147 Кадджын кӕнут Йагъы!+Хорз у нӕ Хуыцауӕн зарын+,Уый у зӕрдӕйӕн ӕхсызгон. Хуыцауы ӕмбӕлы кадджын кӕнын+.
2 Йегъовӕ аразы Иерусалим+.Ӕмбырд кӕны, Израилы адӕмӕй алырдӕмты чи ныппырх, уыдоны+.
3 Уый дзӕбӕх кӕны+, зӕрдӕсаст чи у, уыдоны+,Бӕтты сын сӕ хъӕдгӕмттӕ+.
4 Стъалытӕ йын иууылдӕр нымад сты+,Алкӕцы дӕр дзы хоны йӕ номӕй+.
5 Нӕ Хицау у стыр Хуыцау, стыр у йӕ тых+,Йӕ зондыл лӕджы зонд не ’ххӕссы+.
6 Йегъовӕ ӕххуыс кӕны сабыр адӕмӕн+,Уый фегад кӕны фыдгӕнджыты+.
7 Йегъовӕйӕн кӕнут арфӕйы зарӕг+,Дыууадӕстӕнон фӕндыры цагъдмӕ зарут нӕ Хуыцауӕн+.
8 Уый арв бамбӕрзы мигътӕй+,Зӕххӕн къӕвда ӕрцӕттӕ кӕны+,Хӕхтыл сзайын кӕны цъӕх кӕрдӕг+.
9 Дӕтты хӕринаг сырдтӕн+Ӕмӕ халоны лӕппынтӕн, хӕринаг куы фӕагурынц, уӕд+.
10 Уый нӕ кӕсы бӕхты хъарумӕ+,Нӕдӕр адӕймагӕн йӕ къӕхты цӕрдӕгдзинадмӕ – йӕ зӕрдӕйӕн циндзинад уый нӕ хӕссы+.
11 Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн циндзинад хӕссынц, чи дзы тӕрсы, уыдон+,Йе ’нувыд уарзтмӕ йын чи ’нхъӕлмӕ кӕсы, уыцы адӕм+.
12 Ӕппӕл Йегъовӕйӕ+, о Иерусалим.Кадджын кӕн дӕ Хуыцауы, о Сион+.
13 Уый дын дӕ дуарӕхгӕнӕн хъӕдтӕ сфидар кодта,Раарфӕ дын кодта дӕ фырттӕн+.
14 Дӕ зӕххыл дын фарн ӕрцӕрын кодта+,Мӕнӕуы хуыздӕрӕй* дӕ ӕфсады+.
15 Зӕхмӕ ӕрвиты йӕ ныхас+,Йӕ дзырд тынг тагъд тӕхы.
16 Уый дӕтты къуымбилы хуызӕн мит+,Халас ныппырх кӕны фӕныкау+.
17 Дзулы муртау дӕлӕмӕ калы их+.Йӕ уазалӕн чи бафӕраздзӕн?+
18 Рарвиты йӕ ныхас+, ӕмӕ атайынц.Дымгӕ радымын кӕны+,Ӕмӕ дӕттӕ цыхцырӕг фестынц.
19 Йӕ ныхас дзуры Иаковӕн+,Йӕ уагӕвӕрдтӕ+ ӕмӕ йӕ тӕрхӕттӕ – Израилӕн+.
20 Ӕндӕр никӕцы адӕмӕн дзуры уыдӕттӕ+,Иннӕ адӕмтӕ йын нӕ зонынц йӕ тӕрхӕттӕ+.Кадджын кӕнут Йагъы!+
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «мӕнӕуы фиуӕй».