Псалом 16:1—11

Давиды михтам*. 16  Хъахъхъӕн мӕ, о Хуыцау, уымӕн ӕмӕ мӕхи де уазӕг бакодтон+.   Ӕз загътон Йегъовӕйӕн: «Ды дӕ Йегъовӕ. Мӕ хӕрзӕгъдаудзинад дӕуӕн ницы дӕтты+,   Фӕлӕ зӕххыл цы сыгъдӕджытӕ цӕры, уыдонӕн.Уыдон, уыцы кадджын адӕм, сты мӕ цин»+.   Ӕндӕр хуыцауы+ фӕдыл чи алидзы, уыдонӕн сӕ мӕстытӕ фылдӕр кӕнынц.Ӕз нӕ хӕсдзынӕн туджы кувинӕгтӕ+Ӕмӕ сӕ нӕмттӕ* мӕ дзыхӕй не схаудзысты+.   Царды мидӕг Йегъовӕ у мӕ хай+ ӕмӕ мӕ нуазӕн+.Дӕумӕ ӕвӕрд у мӕ хай.   Бынӕн мӕм цы ’рхауд, уый мӕ зӕрдӕйӕн у ӕхсызгон+.Цы мӕм ис, уымӕй райгонд у мӕ уд.   Ӕз арфӕ кӕндзынӕн Йегъовӕйӕн, мӕнӕн уынаффӕ чи дӕтты, уымӕн+.Суанг мын ӕхсӕвы дӕр мӕ арфӕмбӕхст хъуыдытӕ* фӕамонынц зонд+.   Йегъовӕ ӕдзухдӕр ис мӕ цӕстыты раз+.Ӕз никуы фӕцуддзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый ис мӕ рахиз фарс+.   Уый тыххӕй райы мӕ зӕрдӕ ӕмӕ уый тыххӕй цин кӕнын*+.Суанг мӕ буарӕн дӕр тӕссаг ницӕмӕй уыдзӕн+. 10  Ды мын мӕ уд ингӕны*+ нӕ ныууадздзынӕ.Иузӕрдион дыл чи у, уый нӕ бауадздзынӕ арф ингӕн+ фенын. 11  Ды мын бацамондзынӕ царды фӕндаг+.Хӕлар цӕстӕй мӕм кӕсыс ӕмӕ мӕ зӕрдӕ у цинӕй ӕфсӕст+.Адӕймаг дӕ рахиз фарс лӕууа – уый циндзинад хӕссы ӕнустӕм+.

Фиппаинӕгтӕ

Музыкалон термин. Бӕлвырдӕй цы нысан кӕны, уый бӕрӕг нӕу.
Ома мӕнгхуыцӕутты нӕмттӕ.
Комк. «уыргтӕ».
Комк. «цин кӕны мӕ кад».
Комк. «шеолы». Кӕс Уӕлӕмх. 8.