Псалом 2:1—12

2  Цӕуыл змӕнтынц адӕмтӕ+Ӕмӕ адӕмыхӕттытӕ цӕмӕн фӕнд кӕнынц, кӕмӕй ницы рауайдзӕн, ахӕм хъуыддаг?+   Зӕххон паддзӕхтӕ сыстадысты+,Ӕмӕ хицӕуттӕ иумӕ ӕрӕмбырд сты+,Цӕмӕй рацӕуой Йегъовӕйы ныхмӕ+ ӕмӕ йӕ сӕрст лӕггадгӕнӕджы ныхмӕ+.   Ӕмӕ дзурынц: «Цы бӕттӕнтӕй нӕ сбастой, уыдон атонӕм+,Цы рӕхыстӕ ныл бакодтой, уыдон раппарӕм!»+   Уӕлӕрвты бадӕг+ худдзӕн,Йегъовӕ сыл фӕхуддзӕн+.   Уӕд семӕ дзурдзӕн мӕстыйӕ+,Йӕ маст сӕм рафыцдзӕн, ӕмӕ катайы бацӕудзысты+.   Уый зӕгъдзӕн: «Ӕз мӕ паддзахы сӕвӕрдтон+Сионы+ хохыл, мӕ сыгъдӕг хохыл+».   Ӕз фехъусын кӕндзынӕн Йегъовӕйы уынаффӕ.Уый мын загъта: «Ды дӕ мӕ фырт+,Абон ӕз сдӕн дӕ фыд+.   Ракур+, ӕмӕ дын бынӕн раттон ӕппӕт адӕмты дӕр+,Раттон дын зӕхх кӕрӕй-кӕронмӕ+.   Ды сӕ ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй ныппырх кӕндзынӕ+,Ӕлыг мигӕнӕнау сӕ базгъӕлӕнтӕ кӕндзынӕ»+. 10  Уӕдӕ ӕмбаргӕ ут, паддзӕхтӕ.Зондзонӕн уын фӕуӕд, зӕххон тӕрхонгӕнджытӕ+. 11  Лӕггад кӕнут Йегъовӕйӕн, тӕрсут дзы+.Цин кӕнут ӕмӕ йӕ нымайут+. 12  Скадджын кӕнут фырты*+, цӕмӕй уӕм Хуыцау ма смӕсты уаӔмӕ ма фесӕфат+,Уымӕн ӕмӕ йӕ маст уайтагъд ссудздзӕн+.Амондджын сты, йӕхи йе уазӕг чи бакодта, уыдон иууылдӕр+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «Апъа кӕнут фыртӕн».