Псалом 22:1—31

Амонӕгӕн. «Саг боныцъӕхтыл». Давиды зарӕг. 22  Мӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, цӕмӕн мӕ ныууагътай?+Цӕмӕн дӕ мӕнӕй дард, цӕуылнӕ мӕ ирвӕзын кӕныс?+Цӕуылнӕ мын хъусыс мӕ дзыназын?+   О мӕ Хуыцау, бонӕй дӕм сидын ӕххуысмӕ, ӕмӕ мын дзуапп нӕ дӕттыс+,Ӕмӕ ӕхсӕв дӕр не ’нцайын+.   Фӕлӕ ды дӕ сыгъдӕг Хуыцау+,Дӕ алыварс хъуысынц Израилы кады ныхӕстӕ+.   Дӕуыл дардтой сӕ зӕрдӕ нӕ фыдӕлтӕ+.Сӕ зӕрдӕ дыл дардтой, ӕмӕ сӕ ды ирвӕзын кодтай+.   Дӕумӕ дзынӕзтой+, ӕмӕ-иу сӕрӕгасӕй баззадысты+.Дӕуыл дардтой сӕ зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ фӕхудинаг сты+.   Ӕз та дӕн уаллон+, адӕймаг нӕ, фӕлӕ,Адӕмӕн дӕн фидиссаг, ницӕуыл мӕ нымайынц+.   Чи мӕ фены, уыдон мыл худын райдайынц+.Сӕ дзыхтӕ ныггом кӕнынц, сӕ сӕртӕ батилынц+:   «Йӕхи Йегъовӕйы бар бакодта+. Гъемӕ йӕ фервӕзын кӕнӕд!+Ссӕрибар ӕй кӕнӕд, кӕд йӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ у, уӕд!»+   Ды мӕ ракодтай мӕ мады гуыбынӕй+,Дӕ фӕрцы ницӕмӕй тарстӕн, мӕ мады хъӕбысы ма куы уыдтӕн, уӕд+. 10  Дӕ бар мӕ бакодтой мӕ райгуырдӕй+.Мӕ мады гуыбыны куы уыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ ды дӕ мӕ Хуыцау+. 11  Ма лӕуу дард, уымӕн ӕмӕ мӕм бӕллӕх хӕстӕг у+,Уымӕн ӕмӕ мын ӕндӕр ӕххуысгӕнӕг нӕй+. 12  Дуне уӕнгуытӕ мыл ӕрӕмбырд+,Васаны тыхджынтӕ мӕ алыварс ӕрлӕууыдысты+. 13  Сӕ дзыхтӕ мӕм бахӕлиу кодтой+,Уыдон сты, йӕ амӕттаджы чи акъабӕзтӕ кӕны ӕмӕ богътӕ чи кӕны, ахӕм домбайы хуызӕн+. 14  Донау мӕ акалдтой+,Ме стджытӕ кӕрӕдзийыл нал хӕцынц+.Мӕ зӕрдӕ мыдадз фестад+,Мӕ мидӕг батад+. 15  Мӕ хъару ӕлыг мигӕнӕны састау ныххус+,Ме ’взаг мӕ комарынгыл баныхӕст+.Ды мӕ ӕрвитыс сау сыджытмӕ+. 16  Куыйтӕ мыл ӕрӕмбырд сты+,Фыдгӕнджытӕ мӕ алыварс ӕрлӕууыдысты+.Домбайау мын мӕ къухтӕ ӕмӕ мӕ къӕхтӕм лӕбурынц+. 17  Мӕ бон у ме стджытӕ иууылдӕр банымайын+.Уыдон мӕм ныккастысты, сӕ цӕстытӕ мӕ ныссагътой+. 18  Мӕ уӕлӕдарӕс мын сӕ кӕрӕдзийыл дих кӕнынц+,Мӕ дарӕсыл мын хӕлттӕ ӕппарынц+. 19  Фӕлӕ ды, о Йегъовӕ, дард ма лӕуу+.О мӕ хъару+, тагъддӕр мӕм фӕзын ӕххуысмӕ+. 20  Мӕ уд мын хъамайӕ фервӕзын кӕн+,Мӕ иунӕг уд – куыдзы дзӕмбытӕй+. 21  Фервӕзын мӕ кӕн домбайы дзыхӕй+.Фехъус мӕ ӕмӕ мӕ хъӕддаг галты сыкъатӕй бахъахъхъӕн+. 22  Ӕз дӕ ном+ фехъусын кӕндзынӕн ме ’фсымӕртӕн+.Ӕмбырды астӕу дӕ кадджын кӕндзынӕн+. 23  Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, кадджын ӕй кӕнут!+Йӕ кад ын бӕрзонд сисут, Иаковы байзӕддӕгтӕ иууылдӕр!+Тӕрсут дзы, Израилы байзӕддӕгтӕ уе ’ппӕт дӕр!+ 24  Уымӕн ӕмӕ уый ӕфхӕрд адӕймаджы мӕгуырдзинадмӕКуыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ каст+ ӕмӕ йыл ӕлгъ нӕ кодта+.Йӕ цӕсгом дзы нӕ бамбӕхста+,Ӕмӕ йӕм ӕххуысмӕ куы дзынӕзта, уӕд ӕй фехъуыста+. 25  Дӕ хъуыддӕгты тыххӕй дӕ стыр ӕмбырды кадджын кӕндзынӕн+.Мӕ сомытӕ сӕххӕст кӕндзынӕн, чи дзы тӕрсы, уыдоны раз+. 26  Сабыр адӕм хӕрдзысты ӕмӕ бафсӕддзысты+.Йегъовӕйы кадджын кӕндзысты, чи йӕ агуры, уыдон+.Уадз уӕ зӕрдӕтӕ цӕрӕнт ӕнустӕм+. 27  Ӕгас зӕххыл дӕр ӕрхъуыды кӕндзысты Йегъовӕйы ӕмӕ йӕм се ’ргом раздахдзысты+.Ӕмӕ дын ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр сӕ сӕртӕй ныллӕг кувдзысты+. 28  Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у Паддзах+,Ӕмӕ адӕмтӕ сты йӕ дӕлбар+. 29  Зӕххыл хъӕздгуытӕ се ’ппӕт дӕр хӕрдзысты ӕмӕ сӕрӕй ныллӕг кувдзысты+.Сыджытмӕ чи цӕуы, уыдон иууылдӕр йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрлӕудзысты+.Иуӕн дӕр сӕ йӕ бон нӕу йӕ уд бахъахъхъӕнын+. 30  Мӕ байзӕддӕгтӕ* йын лӕггад кӕндзысты+.Йегъовӕйы тыххӕй фехъусын кӕндзысты иннӕ фӕлтӕрӕн+. 31  Уыдон ӕрцӕудзысты ӕмӕ йӕ рӕстдзинады тыххӕй дзурдзысты+,Чи хъуамӕ райгуыра, уыцы адӕмӕн,– дзурдзысты, уыцы хъуыддаг кӕй бакодта, уый тыххӕй+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «Мыггаг».