Псалом 31:1—24

Амонӕгӕн. Давиды зарӕг. 31  О Йегъовӕ, ӕз де уазӕг бакодтон мӕхи+.Ма бауадз, цӕмӕй фӕхудинаг уон+.Фервӕзын мӕ кӕн дӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ+.   Дӕ хъус мӕм ӕрдар+.Тагъддӕр, фервӕзын мӕ кӕн+.У мын къӕдзӕхыл ӕвӕрд фидар мӕсыг+,Фидар хӕдзар, цӕмӕй фервӕзон+.   Ды дӕ мӕ айнӕг къӕдзӕх ӕмӕ мӕ фидар мӕсыг+,Ды мын амондзынӕ фӕндаг+ ӕмӕ мӕ кӕндзынӕ дӕ номы тыххӕй+.   Мӕ разы мын цы хыз сӕвӕрдтой, уымӕй мӕ фервӕзын кӕндзынӕ+,Уымӕн ӕмӕ ды дӕ мӕ фидар мӕсыг+.   Дӕ къухтӕм дӕттын мӕ уд*+.Ды мӕ фервӕзын кодтай+, о Йегъовӕ, рӕстдзинады* Хуыцау+.   Ницӕйаг, мӕнг хуыцӕуттӕн чи табу кӕны, уыдонӕй ме сӕфт уынын+.Ӕз та мӕ зӕрдӕ дарын Йегъовӕйыл+.   Мӕ зӕрдӕ цинӕй райдзӕн ӕмӕ цин кӕндзынӕн де ’нувыд уарзтыл+,Уымӕн ӕмӕ мын федтай мӕ мӕстытӕ+,Базыдтай мын мӕ уды хъизӕмар+   Ӕмӕ мӕ знаджы къухмӕ нӕ радтай+.Мӕ къах мын сӕвӕрдтай уӕрӕх ран+.   Батӕригъӕд мын кӕн, о Йегъовӕ, мӕ бон нал у+.Мастӕй бакуырм дӕн+, мӕ уд удыл нал хӕцы, мӕ мидӕг хъару нал ис+. 10  Мӕ цард мастимӕ йӕ кӕронмӕ фӕцӕуы+,Мӕ азтӕ мыл дзыназгӕйӕ фӕивгъуыйынц+.Мӕ тӕригъӕды тыххӕй мӕ хъару фӕцудыдта+Ӕмӕ ме стджытӕ слӕмӕгъ сты+. 11  Ме знӕгтӕн+ сдӕн фидиссаг+,Мӕ сыхӕгтӕ мыл худӕгӕй мӕлынц+,Мӕ зонгӕтӕ мӕ тӕрсынц+.Уынджы мӕ куы фенынц, уӕд лидзынмӕ фӕвӕййынц+. 12  Мард куыд ферох вӕййы, афтӕ ферох кодтой мӕн дӕр+.Саст мигӕнӕны хуызӕн сдӕн+, 13  Уымӕн ӕмӕ бирӕтӕй хъусын мӕ фыдкой+,Алырдыгӕй дӕр у тӕссаг+.Иумӕ куы ӕрӕмбырд вӕййынц, цӕмӕй мӕ ныхмӕ рацӕуой+,Уӕд фӕуынаффӕ кӕнынц мӕ амарыныл+. 14  Фӕлӕ ӕз мӕ зӕрдӕ дӕуыл дарын, о Йегъовӕ+.Ӕз загътон: «Ды дӕ мӕ Хуыцау»+. 15  Мӕ царды бонтӕ дӕ къухы сты+.Фервӕзын мӕ кӕн ме знӕгты къухӕй ӕмӕ мӕ фӕдыл чи зилы, уыдонӕй+. 16  Дӕ цӕсгомы рухс кӕлӕд дӕ лӕггадгӕнӕгмӕ+.Фервӕзын мӕ кӕн де ’нувыд уарзты фӕрцы+. 17  О Йегъовӕ, ма бауадз, цӕмӕй фӕхудинаг уон, уымӕн ӕмӕ дӕумӕ сидын ӕххуысмӕ+.Фӕхудинаг уӕнт фыдгӕнджытӕ+,Ингӕны* ӕмырӕй лӕууӕнт+. 18  Мӕнг ӕвзӕгтӕ багомыг уӕнт+.Уыдон уыцы сӕрбӕрзондӕй ӕмӕ ӕнӕрвӕссонӕй+ дзурынц рӕстгӕнӕджы ныхмӕ+. 19  Куыд стыр у дӕ хорздзинад!+ Ды йӕ ӕвӕрдӕй дарыс, чи дӕ тӕрсы, уыдонӕн+.Йӕхи де уазӕг чи бакодта, уыдонӕн дзы хай кӕнысАдӕймаджы фыртты цӕстыты раз+. 20  Ды сӕ де ’мбӕхсӕн бынаты* бааууон кӕндзынӕ+,Иумӕ фыдвӕндтӕ чи кӕны, уыдонӕй+.Дӕ халагъуды сӕ бамбӕхсдзынӕ, сӕ ныхмӕ чи дзуры, уыдоны ӕвзӕгтӕй+. 21  Табу Йегъовӕйӕн+.Диссаджы ӕнувыд уарзт мӕм равдыста+, бӕллӕхы чи бахауд, уыцы горӕты+. 22  Ӕз та мӕ фыртыхстӕй загътон+:«Фесафдзысты мӕ дӕ цӕстыты разӕй»+.Фӕлӕ мын ды мӕ лӕгъстӕтӕ фехъуыстай, ӕххуысмӕ дӕм куы дзынӕзтон, уӕд+. 23  Уарзут Йегъовӕйы, иузӕрдион ыл чи у, уыдон уе ’ппӕт дӕр+.Йегъовӕ хъахъхъӕны, ӕнувыд ыл чи у, уыдоны+,Сӕрбӕрзонд чи у, уыдонӕн та ӕххӕстӕй ратты, цы сын ӕмбӕлы, уый+. 24  Йегъовӕмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон уе ’ппӕт дӕр+,Хъӕбатыр ут ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ фидар уӕнт+.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Кӕнӕ «ӕцӕгдзинады».
Комк. «Шеолы». Кӕс Уӕлӕмх. 8.
Кӕнӕ «сусӕг бынаты».