Псалом 32:1—11

Давиды псалом. Маскил*. 32  Амондджын у, Хуыцау йӕ фыдракӕнд кӕмӕн ныббарста ӕмӕ йӕ тӕригъӕд кӕмӕн ныххатыр кодта+.   Амондджын у уыцы адӕймаг, йӕ рӕдыды тыххӕй Йегъовӕ дзуапп кӕмӕй не ’рдомдзӕн+Ӕмӕ хиндзинад кӕмӕ нӕй+.   Куы ницы дзырдтон, уӕд бон-изӕрмӕ хъӕрзыдтӕн ӕмӕ ме стджытӕ ныххус сты+,   Уымӕн ӕмӕ мыл ӕхсӕвӕй-бонӕй дӕ къух уӕз кодта+.Мӕ хъару байсыст, сӕрдыгон тӕвды дон куыд байсысы, афтӕ+. (Села́)   Ӕппынфӕстаг дын мӕ тӕригъӕд раргом кодтон, нӕ басусӕг кодтон мӕ рӕдыд+.Ӕз загътон: «Йегъовӕйӕн мӕ тӕригъӕдтӕ раргом кӕндзынӕн»+.Ӕмӕ мын ды мӕ рӕдыд ӕмӕ мӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодтай+. (Села́)   Уый тыххӕй дӕм, иузӕрдион дыл чи у, уыдонӕй алчидӕр кувдзӕн+,Цалынмӕ дӕ ссарӕн ис, уӕдмӕ+.Ӕмӕ йӕм ивылд доны гуылфӕнтӕ дӕр нӕ бахӕццӕ уыдзысты+.   Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн бынат, ды мӕ бахъахъхъӕндзынӕ бӕллӕхӕй+.Фервӕзын мӕ кӕндзынӕ ӕмӕ мӕ алыварс хъуысдзӕн цины хъӕртӕ+. (Села́)   Ды загътай: «Ӕмбаргӕдзинад дын ратдзынӕн ӕмӕ дӕ цы фӕндагыл цӕуын хъӕуы, ууыл дӕ сараздзынӕн+.Ратдзынӕн дын уынаффӕ ӕмӕ дӕм мӕ цӕст дардзынӕн+.   Ӕнӕмбаргӕ бӕхы кӕнӕ хӕргӕфсы хуызӕн ма у+ –Цалынмӕ сыл идон кӕнӕ рохтӕ нӕ бакӕнай ӕмӕ сӕ не ’рсабыр кӕнай+,Уӕдмӕ хӕстӕг не ’рбацӕудзысты»+. 10  Фыдгӕнӕгӕн ис бирӕ мӕстытӕ+,Йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи дары, уый та рӕвдыд у ӕнувыд уарзтӕй+. 11  Рӕстгӕнджытӕ, Йегъовӕ уӕд уӕ цин ӕмӕ уӕ зӕрдӕ райӕд+.Фырцинӕй зарут, рӕстзӕрдӕ адӕм уе ’ппӕт дӕр+.

Фиппаинӕгтӕ

Бӕлвырдӕй цы нысан кӕны, уый бӕрӕг нӕу. Чи зоны, нысан кӕны «ӕмдзӕвгӕ-сагъӕс».