Псалом 36:1—12
Амонӕгӕн. Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Давиды псалом.
36 Фыдгӕнӕгмӕ фыдракӕнд дзуры йӕ зӕрдӕйы+,Уый Хуыцауӕй ӕппындӕр нӕ тӕрсы+.
2 Йӕхицӕй цыдӕр ӕнхъӕл у ӕмӕ йӕхи сайы+,Ӕмӕ йӕ рӕдыд нӕ уыны, цӕмӕй дзы йе сӕфт фена+.
3 Йӕ дзыхӕй цӕуы фыдбылыз ӕмӕ мӕнг ныхас+,Хорздзинад куыд аразгӕ у, уый нал зоны+.
4 Йӕ хуыссӕныл хуысгӕйӕ дӕр хъуыды кӕны, цы фыдбылыз ракӕна, ууыл+.Хорз фӕндагыл нӕ лӕууы+.Ӕвзӕрдзинадӕй дард нӕ лидзы+.
5 О Йегъовӕ, де ’нувыд уарзт у уӕлӕрвты онг+,Дӕ иузӕрдиондзинад хӕццӕ кӕны мигъты онг+.
6 Дӕ рӕстдзинад у де сконд хӕхты хуызӕн, о Хуыцау+.Дӕ тӕрхӕттӕ сты ӕнӕкӕрон доны гуылфӕнтӕ+.Адӕймаджы дӕр ӕмӕ сырды дӕр ды ирвӕзын кӕныс, о Йегъовӕ+.
7 О Хуыцау, куыд зынаргъ у де ’нувыд уарзт!+Адӕймаджы фырттӕ бамбӕхсынц дӕ базырты аууоны+.
8 Дӕ хӕдзары хуыздӕрӕй цы ис, уымӕй сӕ фаг нуазынц+,Ӕфсадыс сӕ дӕ хорздзинӕдты гуылфӕнтӕй+.
9 Дӕумӕ ис царды суадон+,Дӕ рухсы фӕрцы уынӕм рухс+.
10 Дарддӕр дӕр де ’нувыд уарзтӕй тав, чи дӕ зоны, уыдоны+,Ӕмӕ дӕ рӕстдзинадӕй – рӕстзӕрдӕ чи у, уыцы адӕмы+.
11 Сӕрбӕрзонды къах мыл ма балӕгӕрдӕд+,Ӕмӕ мӕ фыдгӕнджыты къух хауӕггаг ма фӕкӕнӕд+.
12 Фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон афӕлдӕхтысты+,Зӕххыл хуыссынц, сӕ бон сыстын нӕу+.