Псалом 38:1—22

Давиды псалом. Зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынӕн. 38  О Йегъовӕ, мӕстыйӕ мын ма уайдзӕф кӕн+Ӕмӕ мын зонд мӕстӕй судзгӕйӕ ма амон+.   Уымӕн ӕмӕ мӕ дӕ фаттӕ арф ахызтысты+Ӕмӕ мыл дӕ къух уӕз кӕны+.   Дӕ фыдӕхӕй мӕ буары иу ӕнӕхъӕн бынат нал баззад+.Мӕ тӕригъӕды фыдӕй ме стджытӕн ӕнцой нал ис+.   Мӕ рӕдыдтытӕ мӕ сӕрӕй уӕлдӕр фесты+,Уӕззау уаргъау мыл уӕз кӕнынц+.   Мӕ хъӕдгӕмттӕ тӕф кӕнынц, схӕф стыМе ’нӕзонддзинады тыххӕй+.   Ӕнцой нал зонын, бынтон ныггуыбыр дӕн+,Бон-изӕрмӕ ӕнкъардӕй рацу-бацу кӕнын+.   Мӕ хуылф иууылдӕр судзы,Мӕ буары иу ӕнӕхъӕн бынат нал баззад+.   Бандзыг дӕн, мӕ зӕрдӕ бынтон асаст,Хъӕр кӕнын мӕ зӕрдӕйы рыстӕй+.   О Йегъовӕ, ды уыныс, цӕмӕ бӕллын, уый,Мӕ уды хъӕрзын мын хъусыс+. 10  Мӕ зӕрдӕйы гуыпп-гуыпп цӕуы, хъару мӕм нал ис,Мӕ цӕстырухс батад+. 11  Чи мӕ уарзы, уыдон ӕмӕ ме ’мбӕлттӕ дардӕй кӕсынц мӕ хъизӕмармӕ+,Мӕ хорз зонгӕтӕ дард слӕууыдысты+. 12  Марынмӕ мӕ чи хъавы, уыдон мын къӕппӕджытӕ ӕвӕрынц+,Фыдбылыз ракӕнынмӕ мын чи хъавы, уыдон дзурынц мӕ ныхмӕ+,Бон-изӕрмӕ хъуыды кӕнынц, цы хиндзинад ӕрымысой, ууыл+. 13  Ӕз та къуырмайау мӕхи ницыхъусӕг скӕнын+,Ӕгомыгау мӕ дзых нӕ бакӕнын+. 14  Чи ницы хъусы, ахӕм адӕймаджы хуызӕн сдӕн,Ӕмӕ сӕ ныхмӕ мӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд. 15  Уымӕн ӕмӕ дӕумӕ ӕнхъӕлмӕ кастӕн, о Йегъовӕ+,Ӕмӕ мын ды дзуапп радтай, о Йегъовӕ, мӕ Хуыцау+. 16  Ӕз дзырдтон: «Кӕннод мыл фӕуӕлахиз уыдзысты+,Мӕ къах куы фӕцуда+, уӕд мӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсдзысты»+. 17  Гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ фӕцудыдтаин+,Мӕ уды рыст мын ӕппындӕр ӕнцой нӕ лӕвӕрдта+. 18  Ӕмӕ мӕ рӕдыды тыххӕй радзырдтон+.Мӕ тӕригъӕды тыххӕй ӕнцой нал зыдтон+. 19  Ме знӕгтӕ сфидар сты, стыхджын сты+,Кӕмӕн ницы кодтон, афтӕмӕй мӕ йе сӕфт чи уыны, уыдон сбирӕ сты+. 20  Мӕ хорздзинад мын фыстой ӕвзӕрдзинадӕй+,Хорздзинадмӕ кӕй тырныдтон, уый тыххӕй мӕ ныхмӕ цыдысты+. 21  Ма мӕ ныууадз, о Йегъовӕ.О мӕ Хуыцау, дард ма лӕуу+. 22  О Йегъовӕ, мӕ ирвӕзынгӕнӕг+,Тагъддӕр мӕм фӕзын ӕххуысмӕ+.

Фиппаинӕгтӕ