Псалом 51:1—19

Амонӕгӕн. Давиды зарӕг. Вирсавиимӕ+ куы фӕрӕдыд, уый фӕстӕ йӕм пехуымпар Нафан куы бацыди, уӕд. 51  Батӕригъӕд мын кӕн, о Хуыцау, де ’нувыд уарзтмӕ гӕсгӕ+.Де стыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ гӕсгӕ мын ныххатыр кӕн* мӕ фыдракӕндтӕ+.   Бынтондӕр мын ныхс мӕ рӕдыд+,Ӕмӕ мӕ ссыгъдӕг кӕн мӕ тӕригъӕдӕй+.   Ӕз зонын мӕ фыдракӕндтӕ+,Мӕ тӕригъӕд ӕдзухдӕр мӕ разы ис+.   Дӕ разы, ӕрмӕстдӕр дӕ разы, сарӕзтон тӕригъӕд+,Дӕ цӕсты ӕвзӕр цы у, уый бакодтон+.Ды раст вӕййыс, куы фӕдзурыс, уӕд+,Ӕмӕ тӕрхон куы фӕкӕныс, уӕд дӕм фау ӕрхӕссӕн нӕ вӕййы+.   Ӕз тухитимӕ райгуырдтӕн тӕригъӕды+.Тӕригъӕды мидӕг сӕвзӕрдтӕн мӕ мады гуыбыны+.   Дӕуӕн циндзинад хӕссы, рӕстдзинад зӕрдӕйы куы уа, уый+.Баххуыс мын кӕн, цӕмӕй зонд базонон суанг мӕ зӕрдӕйы рӕбынӕй+.   Бапырх мӕ кӕн иссопӕй ӕмӕ мӕ ссыгъдӕг кӕн мӕ тӕригъӕдӕй, цӕмӕй сыгъдӕг уон+.Ныхс мӕ, цӕмӕй митӕй урсдӕр суон+.   Фехъусын мын кӕн зарын ӕмӕ цины хъӕр+,Цӕмӕй, кӕй ныппырх кодтай, уыцы стджытӕ цин кӕной+.   Мӕ тӕригъӕдтӕй мын дӕ цӕсгом иннӕрдӕм азил+,Ӕмӕ мын мӕ рӕдыдтытӕ иууылдӕр ныххатыр кӕн*+. 10  Скӕн мын мӕ мидӕг сыгъдӕг зӕрдӕ, о Хуыцау+,Ӕмӕ мын ратт ног зонд, цӕмӕй ӕнӕфӕцудгӕ уон+. 11  Дӕхицӕй мӕ ма аппар+Ӕмӕ мӕ дӕ сыгъдӕг тых* ма айс+. 12  Цы ирвӕзындзинад дӕттыс, уый цинӕй мӕ фӕстӕмӕ схайджын кӕн+,Ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕйы ссудз зынг, цӕмӕй мӕ фӕнда дӕ коммӕ кӕсын+. 13  Ӕз фыдгӕнджытӕн бацамондзынӕн дӕ фӕндӕгтӕ+,Ӕмӕ дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты+. 14  Цы туг мыл ис, уымӕй мӕ ссыгъдӕг кӕн+, о Хуыцау, мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау+,Ӕмӕ ме ’взаг цингӕнгӕйӕ дзурдзӕн дӕ рӕстдзинады тыххӕй+. 15  О Йегъовӕ, ратт мын дзурыны бар+,Ӕмӕ дӕ ме ’взаг кадджын кӕндзӕн+. 16  Дӕу нӕ хъӕуы нывонд, науӕд дын ӕй ӕрхӕссин+.Нӕу дын ӕхсызгон судзинаг нывонд+. 17  Хуыцау нывондӕн исы рыст уд+.О Хуыцау, ды зӕрдӕсаст ӕмӕ рыст адӕймагыл дӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕ+. 18  Дӕ хорзӕхы фӕрцы Сионӕн хорздзинад ракӕн+,Самай Иерусалимы къултӕ+. 19  Уӕд дын ӕхсызгон уыдзысты рӕстдзинады нывӕндтӕ+,Судзинаг нывӕндтӕ, ӕнӕхъӕнӕй кӕй басудзынц, ахӕм нывӕндтӕ+.Уӕд дӕ нывондхӕссӕныл нывондӕн хӕсдзысты галтӕ+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ныссӕрф».
Комк. «ныссӕрф».
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.