Псалом 55:1—23

Амонӕгӕн. Хъисфӕндыртыл. Маскил*. Давиды псалом. 55  О Хуыцау, фехъус мын мӕ куывд+,Дӕ хорзӕх дӕ курын, ӕмӕ дӕхи ма бамбӕхс+.   Дӕ хъус мӕм ӕрдар ӕмӕ мын дзуапп ратт+.Фыртыхстӕй мӕхицӕн бынат нал арын+,Ӕнцой мын нӕй   Ме знаджы ныхӕсты тыххӕй, фыдгӕнӕг мӕ кӕй ссӕнды, уый тыххӕй+.Бӕллӕхты хай мӕ кӕнынц+Ӕмӕ мӕстӕй судзынц, сӕ зӕрдӕты мӕм маст хӕссынц+.   Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны+,Мӕлӕтӕй тас мын ме уӕнгтӕ сбаста+.   Тас, стыр тас мӕ бацыд+,Иууылдӕр ризын.   Ӕмӕ мӕхицӕн дзурын: «Тӕхуды, ӕмӕ мыл бӕлонау базыртӕ куы уаид!+Искуыдӕм атӕхин ӕмӕ уым ӕрцӕрин+.   Дард алидзин+,Цӕрин ӕдзӕрӕг быдыры+. (Села́)   Тыхдымгӕйӕ, уадӕйМӕхи ӕмбӕхсӕн бынатмӕ айсин»+.   Схӕццӕ сӕ кӕн, о Йегъовӕ, кӕрӕдзийы ӕвзаг куыд нал ӕмбарой+,Уымӕн ӕмӕ горӕты федтон тыхми, кӕрӕдзи хӕрынц+. 10  Ӕхсӕвӕй-бонӕй рацу-бацу кӕнынц горӕты къултыл+.Йӕ мидӕг – фыдвӕндтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕ+. 11  Йӕ мидӕг – ӕнамонд хабӕрттӕ.Горӕты фӕзы ӕдзух ӕфхӕрынц ӕмӕ сайынц+. 12  Знаг мыл нӕ калдта цъыф+ –Уымӕн ныффӕрӕзтаин.Йе сӕфт мӕ чи уыдта, уый мӕм нӕ каст уӕлейӕ дӕлӕмӕ+ –Уымӕй мӕхи бамбӕхстаин+. 13  Фӕлӕ уый уыдтӕ ды – мӕхицӕй дӕлдӕр кӕй не ’вӕрдтон, уыцы адӕймаг+,Ме ’мбал, ме ’рдхорд+. 14  Мах уыдыстӕм адджын хӕлӕрттӕ+.Бирӕ адӕмимӕ-иу цыдыстӕм Хуыцауы хӕдзармӕ+. 15  Бабын уӕнт ме знӕгтӕ!+Удӕгасӕй ныццӕуӕнт ингӕнмӕ*+,Уымӕн ӕмӕ, кӕмфӕнды ма цӕрой, сӕ зӕрдӕйы ис ӕвзӕрдзинад+. 16  Ӕз та Хуыцаумӕ ӕххуысмӕ фӕсиддзынӕн+,Ӕмӕ мӕ Йегъовӕ фервӕзын кӕндзӕн+. 17  Мӕхицӕн ӕнцой нӕ арын нӕ изӕрӕй, нӕ райсомӕй, нӕ бонӕй, хъӕрзын+,Ӕмӕ мын уый хъусы мӕ хъӕлӕс+. 18  Уый мын мӕ уд фервӕзын кӕндзӕн, мемӕ чи тох кӕны, уыдонӕй ӕмӕ мын ратдзӕн удӕнцой+,Уымӕн ӕмӕ тынг бирӕйӕ рацыдысты мӕ ныхмӕ+. 19  Раджы замантӕй паддзахбадӕныл чи бады,Уыцы Хуыцау+ мӕ фехъусдзӕн ӕмӕ сын дзуапп ратдзӕн+ (села́),Дзуапп ратдзӕн, чи нӕ ивы+Ӕмӕ Хуыцауӕй чи нӕ тӕрсы, уыдонӕн+. 20  Уый* йӕ къух систа, йемӕ хӕларӕй чи цӕры, уыдонмӕ+,Йӕ бадзырд фехӕлдта+. 21  Йӕ дзыхы ныхас – царвӕй лӕгъздӕр+,Йӕ зӕрдӕ та – хӕстмондаг+.Йӕ ныхӕстӕ – сойӕ фӕлмӕндӕр+,Фӕлӕ сты ӕлвӕст хъаматӕ+. 22  Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр*+,Ӕмӕ дын уый баххуыс кӕндзӕн+.Никуы бауадздзӕн рӕстгӕнӕджы фӕцудын+. 23  Уыдоны та, о Хуыцау, ды ныххизын кӕндзынӕ арф ингӕнмӕ+.Ӕнаххос туг чи калы ӕмӕ фӕлитой чи у, уыдон сӕ царды бонтӕн се ’мбис дӕр нӕ фӕцӕрдзысты+.Ӕз та мӕ зӕрдӕ дардзынӕн дӕуыл+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕс Пс 32:разн., фип.
Комк. «шеолмӕ». Кӕс Уӕлӕмх. 8.
Ӕвӕц., хауы псаломзарӕггӕнӕджы раздӕры ӕмбалмӕ, 12–14 ст. кӕй кой цӕуы, уымӕ.
Комк. «баппар».