Псалом 57:1—11

Амонӕгӕн. «Ма мӕ фесаф». Давиды псалом. Михтам*. Саулӕй куы алыгъд ӕмӕ лӕгӕты куы ’мбӕхст, уӕд+. 57  Батӕригъӕд мын кӕн, о Хуыцау, батӕригъӕд мын кӕн+,Уымӕн ӕмӕ мӕ уд де уазӕг бакодтон+,Дӕ базырты аууоны ӕмбӕхсын мӕхи, цалынмӕ бӕллӕхтӕй нӕ фервӕзон, уӕдмӕ+.   Ӕз ӕххуысмӕ сидын Иунӕг Стыр Хуыцаумӕ, мӕн тыххӕй бӕллӕхтӕн кӕрон чи скӕндзӕн, уыцы ӕцӕг Хуыцаумӕ+.   Уый уӕларвӕй рарвитдзӕн ӕххуыс ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕндзӕн+.Чи мӕм лӕбуры, уымӕн афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ сдзӕгъӕлтӕ уыдзӕн+. (Села́)Хуыцау рарвитдзӕн йе ’нувыд уарзт ӕмӕ йӕ рӕстдзинад*+.   Мӕ уд ис домбӕйтты ’хсӕн+.Куы схуыссын, уӕд дӕр мӕ разы вӕййынц, адӕмы чи ныхъуыры, уыцы тугдзых сырдтӕ – адӕймаджы фырттӕ.Сӕ дӕндӕгтӕ сты ӕрцытӕ ӕмӕ фаттӕ+,Се ’взаг у цыргъ хъама+.   О Хуыцау, дӕ кад уӕлӕрвтӕй дӕр уӕлдӕр ссӕуӕд+.Дӕ кад нӕрӕд ӕгас зӕххы сӕрмӕ+.   Мӕ къӕхты раз мын сӕвӕрдтой хыз+.Мӕ уд ӕрӕнкъард+.Мӕ размӕ мын скъахтой дзыхъхъ,Фӕлӕ дзы сӕхӕдӕг ныххаудысты+. (Села́)   Мӕ зӕрдӕ фидар у, о Хуыцау+,Мӕ зӕрдӕ фидар у.Ӕз цӕгъддзынӕн ӕмӕ зардзынӕн+.   Райхъал у, мӕ кад+,Райхъал у, хъисфӕндыр, ӕмӕ ды дӕр, дыууадӕстӕнон фӕндыр+.Ӕз сыстдзынӕн боныцъӕхтыл.   Адӕмты ’хсӕн дӕ кадджын кӕндзынӕн, о Йегъовӕ+.Адӕмыхӕттыты ’хсӕн дын зардзынӕн+, 10  Уымӕн ӕмӕ де ’нувыд уарзт стыр у – суанг уӕлӕрвтӕм+,Дӕ рӕстдзинад хӕццӕ кӕны арвы онг+. 11  О Хуыцау, дӕ кад уӕлӕрвтӕй дӕр уӕлдӕр ссӕуӕд+.Дӕ кад нӕрӕд ӕгас зӕххы сӕрмӕ.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕс Пс 16:разн., фип.
Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад». Кӕс 10 ст. дӕр.