Псалом 72:1—20
Соломоны тыххӕй.
72 О Хуыцау, бацамон паддзахӕн дӕ тӕрхӕттӕ+Ӕмӕ паддзахы фыртӕн – дӕ рӕстдзинад+.
2 Уадз рӕстӕй ӕвзарӕд дӕ адӕмы хъуыддӕгтӕ+,Ӕмӕ дӕ адӕмӕй ӕфхӕрд чи у, уыдоны хъуыддӕгтӕ – дӕ тӕрхӕттӕм гӕсгӕ+.
3 Уадз хӕхтӕ ӕмӕ къуыбыртӕ адӕмӕн ӕрхӕссӕнт сабырдзинад+Рӕстдзинады фӕрцы.
4 Уадз тӕрхон кӕнӕд ӕфхӕрд адӕмӕн+,Мӕгуыр адӕймаджы фыртты фервӕзын кӕнӕдӔмӕ, иннӕтыл сайдӕй чи цӕуы, уый фесафӕд.
5 Тӕрсдзысты дӕ, цалынмӕ уой хур+ ӕмӕ мӕй –Фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+.
6 Уый ӕрцӕудзӕн, къӕвда карст уыгӕрдӕныл куыд ӕрцӕуы, афтӕ+,Ӕрцӕудзӕн, зӕхх чи бафсады, ахӕм тӕрккъӕвдайау+.
7 Йӕ рӕстӕджы рӕстгӕнӕг дидинӕг калдзӕн+,Ӕмӕ алы ран дӕр уыдзӕн сабырдзинад, цалынмӕ мӕй уа, уӕдмӕ+.
8 Уыдзӕн ын дӕлбар адӕм иу денджызӕй иннӕ денджызы онг+Ӕмӕ Стыр цӕугӕдонӕй*+ зӕххы кӕрӕтты онг+.
9 Йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты ӕнӕдон бӕстӕйы цӕрджытӕ+,Ӕмӕ йе знӕгтӕ сдӕрдзысты рыг+.
10 Фарсисы ӕмӕ сакъадӕхты паддзӕхтӕ+Ӕрцӕудзысты лӕвӕрттимӕ+.Савӕйы ӕмӕ Севӕйы паддзӕхтӕӔрхӕсдзысты хуынтӕ+.
11 Паддзӕхтӕ иууылдӕр йӕ разы ӕрхаудзысты+,Адӕмтӕ йын се ’ппӕт дӕр лӕггад кӕндзысты+.
12 Уый фервӕзын кӕндзӕн, ӕххуысмӕ чи дзыназы, уыцы мӕгуыры+,Ӕфхӕрд адӕймаджы ӕмӕ, ӕххуысгӕнӕг кӕмӕн нӕй, уыдоны+.
13 Уый фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕххуысхъуаг ӕмӕ мӕгуыр адӕймагӕн+,Ӕмӕ мӕгуырты удтӕ фервӕзын кӕндзӕн+.
14 Сӕ уд сын фервӕзын кӕндзӕн ӕфхӕрдӕй ӕмӕ тыхмийӕ,Сӕ туг йӕ цӕсты уыдзӕн зынаргъ+.
15 Бирӕ цӕрӕд+ ӕмӕ йын Савӕйӕ сызгъӕрин ӕрхӕссӕнт+.Ӕдзух уый тыххӕй кувӕнт.Ӕнӕхъӕн бон ын арфӕ кӕнӕнт+.
16 Зӕххыл хор уыдзӕн парахат+,Хӕхты цъуппытыл зӕу-зӕу кӕндзӕн+.Паддзахы тыллӕг уыдзӕн Ливаны+ хъӕдау бӕркадджын,Ӕмӕ горӕтты адӕм сбирӕ уыдзысты, зӕххыл кӕрдӕг куыд бирӕ ис, афтӕ+.
17 Йӕ ном уӕд ӕнустӕм+.Йӕ номы кад нӕрӕд, цалынмӕ хур уа, уӕдмӕ.Уый фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕуӕнт адӕм+,Ӕмӕ йӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр хонӕнт амондджын+.
18 Табу Йегъовӕ Хуыцауӕн, Израилы Хуыцауӕн+,Иунӕг уый аразы диссаджы хъуыддӕгтӕ+.
19 Табу йӕ кадджын номӕн ӕнустӕм+,Ӕнӕхъӕн зӕхх дӕр байдзаг уӕд йӕ кадӕй+.Аммен, аммен.
20 Ууыл фесты Йессейы фырт+ Давиды куывдтытӕ.
ӔРТЫККАГ ЧИНЫГ
(Псаломтӕ 73–89)
Фиппаинӕгтӕ
^ Ома Евфратӕй.