Псалом 78:1—72
Маскил*. Асафы+ псалом.
78 Мӕ адӕм, байхъусут мын мӕ закъонмӕ+,Уӕ хъус ӕрдарут мӕ ныхӕстӕм+.
2 Ӕз дзурдзынӕн ӕмбисӕндтӕй+.Дзурдзынӕн рагон фӕсномыг ныхӕстӕ*+,
3 Кӕй фехъуыстам ӕмӕ кӕй зонӕм, уыцы ныхӕстӕ+,Нӕ фыдӕлтӕ нын кӕй радзырдтой+,
4 Сӕ фырттӕй кӕй нӕ сусӕг кӕнӕм+Ӕмӕ ӕрцӕуинаг фӕлтӕрӕн дӕр кӕй дзурӕм+,–Йегъовӕйы кад ӕмӕ хъаруйы тыххӕй+Ӕмӕ, цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй+.
5 Уый Иаковӕн радта амындтӕ*+,Ӕрфидар кодта закъон Израилы+.Нӕ фыдӕлтӕн сӕ бафӕдзӕхста+,Цӕмӕй сӕ сӕ фырттӕн амоной+,
6 Цӕмӕй сӕ зона ӕрцӕуинаг фӕлтӕр, чи райгуырдзӕн, уыцы фырттӕ+,Ӕмӕ сӕ уыдон та сӕ фырттӕн радзурой+.
7 Цӕмӕй сӕ зӕрдӕ Хуыцауыл дарой+,Ма рох кӕной Хуыцауы хъуыддӕгтӕ+, фӕлӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕной+.
8 Ӕмӕ цӕмӕй ма суой сӕ фыдӕлты хуызӕн+.Уыдон уыдысты хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон фӕлтӕр+.Уыдон сӕ зӕрдӕ нӕ бацӕттӕ кодтой+Ӕмӕ Хуыцауыл ӕнувыд нӕ уыдысты+.
9 Ефремы фырттӕ уыдысты гӕрзифтонг фатӕхсджытӕ+,Фӕлӕ тохы бон лидзынмӕ фесты+.
10 Уыдон Хуыцауы бадзырд не ’ххӕст кодтой+Ӕмӕ сӕ нӕ фӕндыд йӕ закъонмӕ гӕсгӕ цӕрын+.
11 Райдыдтой йын рох кӕнын йӕ хъуыддӕгтӕ дӕр+Ӕмӕ сын денджызы раз цы диссӕгтӕ равдыста, уыдон+.
12 Уый сӕ фыдӕлты раз арӕзта диссӕгтӕ+Египеты+ зӕххыл, Цоаны быдыры+.
13 Адих кодта денджыз, цӕмӕй йыл ахызтаиккой+,Дӕттӕ къултау слӕууын кодта+.
14 Бонӕй сӕ кодта мигъы фӕрцы+,Ӕнӕхъӕн ӕхсӕв та – арты рухсы фӕрцы+.
15 Ӕдзӕрӕг быдыры-иу къӕдзӕхтӕ афаста+,Цӕмӕй сын дон лӕвӕрдтаид парахатӕй, цыма йӕ арф дӕттӕй иста, афтӕ+.
16 Айнӕг къӕдзӕхӕй рауагъта дӕттӕ+,Ӕмӕ цӕугӕдӕттау ныггуылф кодтой+.
17 Фӕлӕ уыдон ноджы фылдӕр тӕригъӕдтӕ арӕзтой йӕ разы+ –Цыдысты Иунӕг Стыр Хуыцауы ныхмӕ ӕнӕдон бӕстӕйы+.
18 Сӕ зӕрдӕты фӕлвӕрдтой Хуыцауы+ –Хӕринагӕй сӕ зӕрдӕ цы агуырдта, уый дзы куырдтой+.
19 Ӕмӕ райдыдтой Хуыцауы ныхмӕ дзурын+.Уыдон дзырдтой: «Хуыцауӕн йӕ бон у, ӕмӕ нын ӕдзӕрӕг быдыры фынгтӕ ӕрӕвӕра?»+
20 Уый ӕрцавта къӕдзӕх+,Цӕмӕй ракӕлой дӕттӕ ӕмӕ агуылф кӕной цӕугӕдӕттӕ+.Фӕлӕ та дзырдтой: «Дзул дӕр нын ратдзӕн+?Науӕд йӕ адӕмӕн хӕринаг ӕрцӕттӕ кӕндзӕн?»+
21 Йегъовӕ уый куы фехъуыста, уӕд мӕстӕй рафыхт+.Арт ссыгъди Иаковы ныхмӕ+,Йӕ маст ссыгъд Израилмӕ+.
22 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауыл не ’ууӕндыдысты+,Кӕй сӕ фервӕзын кӕндзӕн, уый сӕ нӕ уырныдта+.
23 Уый бардзырд радта мигътӕй ӕмбӕрзт арвӕнӔмӕ байгом кодта уӕлӕрвты дуӕрттӕ+.
24 Ӕмӕ сыл къӕвдайау уарын кодта маннӕ, цӕмӕй хордтаиккой+,Лӕвӕрдта сын хор уӕларвӕй+.
25 Адӕм хордтой зӕдты* дзул+.Хӕринагцух сӕ нӕ уагъта+.
26 Уый арвыл сыстын кодта скӕсӕйнаг дымгӕ+Ӕмӕ йӕ хъаруйӕ радымын кодта хуссайраг дымгӕ+.
27 Рыгау сыл ныууарын кодта бирӕ хӕринаг+,Денджызы змисау – бирӕ мӕргътӕ+.
28 Ныккалдта сӕ йӕ цӕрӕнбынаты астӕумӕ+,Йӕ цатырты алыварс+.
29 Ӕмӕ адӕм бахордтой, сӕхи дзӕбӕх бафсӕстой+.Цы сӕ хъуыди, уый сын радта+.
30 Уыдон ӕфсис нӕ зыдтой.Ӕмӕ сӕ хӕринаг нырма сӕ дзыхы уыд+,
31 Афтӕ сӕм Хуыцауы маст ссыгъд+.Ӕмӕ сын райдыдта сӕ домбай лӕгты марын+,Ныццагъта Израилы сагсур лӕппуты.
32 Фӕлӕ уыдон уӕддӕр арӕзтой тӕригъӕдтӕ+Ӕмӕ йын йӕ диссаджы хъуыддӕгтыл не ’ууӕндыдысты+.
33 Уый тыххӕй сын сӕ царды бонтӕ комулӕфтау аскъуыдта+,Афтӕ сын бакодта, ӕмӕ сӕ царды азтӕ фесты тыхстӕй.
34 Цӕгъдын-иу сӕ куы райдыдта, уӕд-иу ын лӕгъстӕ кодтой+,Фӕстӕмӕ-иу раздӕхтысты ӕмӕ-иу Хуыцауы агуырдтой+.
35 Ӕрхъуыды-иу кодтой, Хуыцау кӕй у сӕ Къӕдзӕх+,Ӕмӕ Иунӕг Стыр Хуыцау – сӕ Мастисӕг+.
36 Уыдон ыл хъавыдысты сӕ ныхӕстӕй хинӕй рацӕуынмӕ+,Ӕмӕ йӕ се ’взагӕй – фӕсайынмӕ+.
37 Сӕ зӕрдӕтӕ йыл ӕнувыд нӕ уыдысты+,Иузӕрдион нӕ уыдысты йӕ бадзырдыл+.
38 Фӕлӕ уый уыд фӕлмӕнзӕрдӕ+. Сӕ рӕдыд-иу сын ныххатыр кодта+ ӕмӕ-иу сӕ нӕ фесӕфта+.Бирӕ хӕттыты-иу йӕ маст баурӕдта+Ӕмӕ-иу сыл йӕ фыдӕх иууылдӕр нӕ ныккалдта.
39 Рох дзы нӕ уыд, адӕм* йеддӕмӕ кӕй ницы сты+,Кӕй амӕлынц ӕмӕ сӕ цард ууыл кӕй фӕвӕййы*+.
40 Цал ӕмӕ цал хатты сыстадысты йӕ ныхмӕ ӕдзӕрӕг быдыры+,Цал хатты йын фӕриссын кодтой йӕ зӕрдӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы!+
41 Цал ӕмӕ цал хатты фӕлвӕрдтой Хуыцауы+Ӕмӕ цал хатты бауагътой маст Израилы сыгъдӕг Хуыцауы+.
42 Ферох ын кодтой йӕ къух+,Знагӕй сӕ цы бон фервӕзын кодта*, уыцы бон+,
43 Куыд равдыста йӕ нысӕнттӕ Египеты+Ӕмӕ Цоаны быдыры – йӕ диссӕгтӕ+.
44 Ферох сӕ, Нилы къанӕуттӕ туг куыд фестын кодта+Ӕмӕ сӕ бон куыд нал уыд сӕ цӕугӕдӕттӕй дон нуазын+.
45 Фӕкодта сӕ дзынгаты* бын, цӕмӕй сыл хӕцыдаиккой ӕмӕ сӕ тухӕнӕй мардтаиккой+,Ӕмӕ хӕфсыты бын, цӕмӕй сын зиан хастаиккой+.
46 Сӕ тыллӕг сын бахӕрын кодта хъӕндилтӕн*,Сӕ къухты фӕллой – мӕтыхтӕн+.
47 Ныццагъта сын сӕ сӕнӕфсир ихӕй+Ӕмӕ сӕ сикоморбӕлӕстӕ – ставд ихӕй+.
48 Сӕ фос сын ныццагъта ихӕй+,Сӕ хӕдзарон фосыл сын рын рауагъта.
49 Ныккалдта сыл йӕ судзгӕ маст+,Йӕ масты цӕхӕртӕ, йӕ фыдӕх ӕмӕ бӕллӕх+,Рарвыста зӕдты ӕфсад ӕмӕ фыдбылыз ӕрхастой+.
50 Уый ӕрцӕттӕ кодта фӕндаг йӕ мастӕн+.Нӕ сын хъахъхъӕдта сӕ уд мӕлӕтӕйӔмӕ сӕ фыднизы хай фӕкодта+.
51 Ӕппынфӕстаг ныццагъта Египеты фыццаггуырдты се ’ппӕты дӕр+,Сӕ лӕджы хъаруйы райдиан – Хамы+ цатырты.
52 Уый фӕстӕ йӕ адӕмы фысты дзугау ракодта+Ӕмӕ сӕ ӕдзӕрӕг быдыры кодта, дзуг куыд кӕнай, афтӕ+.
53 Куы сӕ кодта, уӕд сын тас ницӕмӕй уыди, ницӕмӕй тарстысты+.Уыдонӕн се знӕгтӕ денджызы бын фесты+.
54 Уый сӕ ӕрбакодта йӕ сыгъдӕг зӕхмӕ+,Ацы хӕхбӕстӕм, йӕ рахиз къухӕй кӕй самал кодта, уырдӕм+.
55 Уыдоны тыххӕй иннӕ адӕмты иу иннӕйы фӕдыл фӕсырдта+.Барӕн бӕндӕнӕй баргӕйӕ сыл адих кодта зӕхх+,Ӕмӕ Израилы мыггӕгты сӕхи хӕдзӕртты ӕрцӕрын кодта+.
56 Фӕлӕ уыдон райдыдтой Иунӕг Стыр Хуыцауы фӕлварын ӕмӕ йӕ ныхмӕ цӕуын+Ӕмӕ йын йӕ амындтӕ не ’ххӕст кодтой+.
57 Ныууагътой-иу ӕй ӕмӕ-иу ыл гадзрахатӕй рацыдысты сӕ фыдӕлтау+,Ӕрдын ӕнӕ босӕй иннӕрдӕм куыд фӕвӕййы, афтӕ-иу иннӕрдӕм фесты+.
58 Мӕсты йӕ кодтой, къуыппытыл кӕй куывтой, уымӕй+,Сӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кӕй табу кодтой, уымӕй-иу ын йӕ маст ссыгътой+.
59 Хуыцау фехъуыста+ ӕмӕ мӕстӕй рафыхт+,Ӕмӕ йын Израил тынг фенад+.
60 Ӕмӕ фӕстагмӕ ныууагъта, Силомы+ цы цатыр уыд, уый,Зӕххон адӕмы ’хсӕн кӕм цард, уыцы цатыр+.
61 Ӕмӕ йӕ хъару радта уацары+Ӕмӕ йӕ рӕсугъддзинад – знаджы къухмӕ+.
62 Йӕ адӕмы хъамайы амӕттаг фӕкодта+,Йӕ бынтӕм йӕ маст ссыгъд+.
63 Йӕ лӕппуты йын арт аныхъуырдта,Йӕ чызджытӕн ын нӕ кодтой чындзӕхсӕвы зарджытӕ+.
64 Йӕ сауджынтӕ хъамайӕ фӕцагъды сты+,Ӕмӕ сӕ устытӕ кӕугӕ дӕр нӕ кодтой+.
65 Уӕд Йегъовӕ райхъал, фынӕй адӕймаг куыд райхъал уа+,Тыхджын лӕг сӕнӕй куыд ӕрӕрвонг уа, афтӕ+.
66 Ӕмӕ йе знӕгты фӕстейӕ асырдта ӕмӕ сӕ ныццагъта+,Ӕнустӕм сӕ ныффидиссаг кодта+.
67 Иосифы цатырыл йӕ къух систа+Ӕмӕ Ефремы мыггаг нӕ равзӕрста+.
68 Фӕлӕ равзӕрста Иудӕйы мыггаг+,Кӕй бауарзта, уыцы Сионы хох+.
69 Йӕ кувӕндон сарӕзта, хӕхты цъуппытӕ куыд сты, афтӕ+,Зӕхх ӕнустӕм куыд ӕрфидар кодта, афтӕ+.
70 Уый равзӕрста Давиды, йӕ лӕггадгӕнӕджы+,Фысты фысдӕттӕй йӕ ракодта+.
71 Давид рацу-бацу кодта ногзӕддаг фысты фӕдыл+,Ӕмӕ йӕ Хуыцау ӕркодта, цӕмӕй уа йӕ адӕмы, Иаковы, фыййау+Ӕмӕ йӕ бынты, Израилы, фыййау+.
72 Ӕмӕ сӕ уый хызта иузӕрдионӕй*+,Йӕ арӕхстджын къухӕй сӕ кодта+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «базон-базонтӕ».
^ Комк. «хъомысджынты».
^ Комк. «буар; фыд».
^ Кӕнӕ «Сӕ царды тых (дзут. ру́ах) кӕй рацӕуы ӕмӕ фӕстӕмӕ кӕй нал раздӕхы».
^ Комк. «балхӕдта».
^ Кӕнӕ «галбындзыты» – стыр, хӕцаг бындзытӕ.
^ Комк. «хъӕбузтӕн»; уырыс. «таракан».