Псалом 96:1—13
96 Зарут Йегъовӕйӕн ног зарӕг+.Зарут Йегъовӕйӕн, зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр+.
2 Зарут Йегъовӕйӕн, арфӕ кӕнут йӕ номӕн+.Алы бон дӕр дзурут хорз хабар, цы ирвӕзындзинад дӕтты, уый тыххӕй+.
3 Адӕмты ’хсӕн хъусын кӕнут йӕ кад+,Ӕппӕт адӕмты ’хсӕн – йӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ+.
4 Йегъовӕ у стыр Хуыцау+, уый у стыр кады аккаг.Уый адӕймагыл ӕппӕт иннӕ хуыцӕуттӕй тынгдӕр ӕфтауы тас+.
5 Адӕмты хуыцӕуттӕ иууылдӕр сты ницӕйаг хуыцӕуттӕ+,Йегъовӕ та сфӕлдыста уӕлӕрвтӕ+.
6 Йӕ разы – кад ӕмӕ намыс+,Йӕ кувӕндоны – хъару ӕмӕ рӕсугъддзинад+.
7 Сбӕрзонд кӕнут Йегъовӕйы, ӕппӕт адӕмты мыггӕгтӕ+,Сбӕрзонд кӕнут Йегъовӕйӕн йӕ кад ӕмӕ йӕ хъару+.
8 Сбӕрзонд кӕнут Йегъовӕйы, йӕ номы аккаг кад ын скӕнут+,Ӕрхӕссут лӕвӕрттӕ ӕмӕ бацӕут йӕ кӕртытӕм+.
9 Бакувут Йегъовӕйӕн бӕрӕгбоны сыгъдӕг дарӕсы+.Тӕрсут дзы*, зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр!+
10 Адӕмты ’хсӕн дзурут: «Йегъовӕ сси паддзах!+Зӕхх фидар ӕвӕрд ӕрцыд, ӕмӕ нӕ фенкъуысдзӕн+.Уый рӕстӕй ӕвзардзӕн адӕмты хъуыддӕгтӕ»+.
11 Цин кӕнӕнт уӕлӕрвтӕ, зӕхх цинӕй райӕд+.Нӕрӕд денджыз ӕмӕ йӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уый+.
12 Цин кӕнӕнт быдыртӕ ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон+.Ӕмӕ хъӕды бӕлӕстӕ дӕр фырцинӕй зарӕнт+
13 Йегъовӕйы раз, уымӕн ӕмӕ уый ӕрцыд+,Ӕрцыд зӕххӕн тӕрхон кӕнынмӕ+.Уый зӕххӕн тӕрхон кӕндзӕн рӕстӕй+Ӕмӕ адӕмтӕн – йӕ иузӕрдиондзинадмӕ гӕсгӕ+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «Йӕ разы стыр рыстытӕ ӕвзарут».