Райдиан 1:1—31
1 Райдианы+ Хуыцау+ сфӕлдыста+ арв ӕмӕ зӕхх+.
2 Зӕхх уыд афтид ӕмӕ, цыхуызӕн у, уый бӕрӕг нӕ уыди. Ӕнӕбын арф доны+ сӕрмӕ уыди талынг. Ӕмӕ Хуыцауы архайгӕ тых* зылди+ доны сӕрмӕ+.
3 Ӕмӕ Хуыцау загъта+: «Уадз ӕмӕ фӕзынӕд рухс». Ӕмӕ фӕзынди рухс+.
4 Хуыцау федта, рухс хорз кӕй у, ӕмӕ рухс талынгӕй ахицӕн кодта+.
5 Ӕмӕ Хуыцау рухс схуыдта Бон+, талынг та – Ӕхсӕв+. Уыди изӕр ӕмӕ уыди райсом – фыццаг бон.
6 Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ дӕтты ’хсӕн фӕзынӕд уӕлдӕф*+ ӕмӕ дӕттӕ+ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн уӕнт».
7 Ӕмӕ Хуыцау скодта уӕлдӕф, ӕмӕ, уӕлдӕфы бын цы дон уыди, уый ахицӕн кодта, уӕлдӕфы сӕрмӕ цы дон уыди, уымӕй+. Ӕмӕ сси афтӕ.
8 Ӕмӕ Хуыцау уыцы уӕлдӕф схуыдта Арв+. Уыди изӕр ӕмӕ уыди райсом – дыккаг бон.
9 Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ, арвы бын цы дӕттӕ ис, уыдон иу ранмӕ ӕрӕмбырд уӕнт ӕмӕ разынӕд сур бынат»+. Ӕмӕ сси афтӕ.
10 Ӕмӕ Хуыцау сур бынат схуыдта Зӕхх+, иумӕ цы дӕттӕ ӕрӕмбырд сты, уыдон та – Денджызтӕ+. Ӕмӕ Хуыцау федта, хорз кӕй сты+.
11 Ӕмӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ зӕххыл ӕрзайӕд кӕрдӕг ӕмӕ, мыггаг чи кӕны, ахӕм зайӕгойтӕ+ ӕмӕ, йӕхи мыггагмӕ гӕсгӕ дыргъ+ чи хӕссы ӕмӕ йӕ дыргъты мидӕг мыггаг+ кӕмӕн ис, ахӕм бӕлӕстӕ». Ӕмӕ сси афтӕ.
12 Зӕххыл ӕрзад кӕрдӕг ӕмӕ, йӕхи мыггагмӕ гӕсгӕ+ мыггаг чи кӕны, ахӕм зайӕгойтӕ ӕмӕ, йӕхи мыггагмӕ гӕсгӕ+ дыргъ чи хӕссы ӕмӕ йӕ дыргъты мидӕг мыггаг кӕмӕн ис, ахӕм бӕлӕстӕ. Ӕмӕ Хуыцау федта, хорз кӕй сты.
13 Уыди изӕр ӕмӕ уыди райсом – ӕртыккаг бон.
14 Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ арвыл фӕзынӕд рухсгӕнӕнтӕ бон ӕхсӕвӕй хицӕн кӕнынӕн+. Уыдон уыдзысты бӕлвырдгӕнӕнтӕ, ӕмӕ уыдзысты афӕдзы афонтӕ, бонтӕ ӕмӕ азтӕ зонынӕн+.
15 Уыцы рухсгӕнӕнтӕ судздзысты арвыл, цӕмӕй зӕхмӕ сӕ рухс кӕла»+. Ӕмӕ сси афтӕ.
16 Хуыцау скодта* дыууӕ стыр рухсгӕнӕны: стырдӕр рухсгӕнӕн, цӕмӕй йӕ бар цӕуа боныл, ӕмӕ къаддӕр рухсгӕнӕн, цӕмӕй йӕ бар цӕуа ӕхсӕвыл. Ӕмӕ ма скодта стъалытӕ дӕр+.
17 Ӕмӕ сӕ Хуыцау сӕвӕрдта арвыл, цӕмӕй зӕхмӕ сӕ рухс кӕла+,
18 цӕмӕй сӕ бар цӕуа боныл ӕмӕ ’хсӕвыл ӕмӕ цӕмӕй рухс талынгӕй хицӕн кӕной+. Ӕмӕ Хуыцау федта, хорз кӕй сты+.
19 Уыди изӕр ӕмӕ уыди райсом – цыппӕрӕм бон.
20 Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ дӕттӕ байдзаг уӕнт цӕрӕг удтӕй+ ӕмӕ мӕргътӕ* атӕхӕнт зӕххы сӕрмӕ, арвыл»+.
21 Ӕмӕ сфӕлдыста Хуыцау стыр денджызон цӕрӕгойтӕ+ ӕмӕ, дӕттӕ кӕмӕй байдзаг сты, уыцы цӕрӕг удты алы мыггӕгтӕ*+, стӕй мӕргъты алы мыггӕгтӕ+. Ӕмӕ Хуыцау федта, хорз кӕй сты.
22 Уӕд сын Хуыцау раарфӕ кодта: «Фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнут, сбирӕ ут ӕмӕ байдзаг кӕнут денджызты дӕттӕ+. Ӕмӕ уадз зӕххыл сбирӕ уӕнт мӕргътӕ дӕр».
23 Уыди изӕр ӕмӕ уыди райсом – фӕндзӕм бон.
24 Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ зӕххыл+ фӕзынӕд цӕрӕг удты алы мыггӕгтӕ – хӕдзарон+ фосы алы мыггӕгтӕ, хъӕддаг сырдты+ алы мыггӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр цӕрӕгойты*+ алы мыггӕгтӕ». Ӕмӕ сси афтӕ.
25 Хуыцау скодта зӕххон сырдты алы мыггӕгтӕ, хӕдзарон фосы алы мыггӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр цӕрӕгойты алы мыггӕгтӕ+. Ӕмӕ Хуыцау федта, хорз кӕй сты.
26 Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: «Скӕнӕм+ адӕймаджы нӕхимӕ гӕсгӕ+, нӕхи хуызӕн+. Ӕмӕ йӕ бар цӕуӕд денджызы кӕсӕгтыл, уӕларвон мӕргътыл, хӕдзарон фосыл ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр, стӕй ма зӕххыл ноджыдӕр цы цӕрӕгойтӕ ис, уыдоныл дӕр»+.
27 Ӕмӕ Хуыцау сфӕлдыста адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ, сфӕлдыста йӕ Хуыцаумӕ гӕсгӕ+. Сфӕлдыста сӕ нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй+.
28 Ӕмӕ сын Хуыцау раарфӕ кодта+ ӕмӕ сын загъта: «Цот уадзут+, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут+. Уӕ бар цӕуӕд+ денджызы кӕсӕгтыл, уӕларвон мӕргътыл, хӕдзарон фосыл ӕмӕ, зӕххыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлы, уыдоныл дӕр».
29 Уый фӕстӕ сын Хуыцау загъта: «Ӕз уын радтон, зӕххы цъарыл зайӕгойтӕй мыггаг чи кӕны, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕмӕ, йӕ дыргъты мидӕг мыггаг кӕмӕн ис, уыцы бӕлӕстӕ иууылдӕр+. Уыдон уын уыдзысты хӕрынӕн+.
30 Ӕмӕ зӕххыл хъӕддаг сырдтӕн се ’ппӕтӕн дӕр, стӕй ӕппӕт уӕларвон мӕргътӕн ӕмӕ, зӕххыл цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр змӕлы, уыдонӕн дӕр хӕрынӕн радтон зайӕгойтӕ иууылдӕр»+. Ӕмӕ сси афтӕ.
31 Уый фӕстӕ Хуыцау йӕ цӕст ахаста, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ууыл, ӕмӕ ӕппӕт дӕр уыд тынг хорз+. Уыди изӕр ӕмӕ уыди райсом – ӕхсӕзӕм бон.
Фиппаинӕгтӕ
^ Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
^ Комк. «тыгъдад».
^ «Скӕнын»-ӕй цы дзут. мивдисӕг у тӕлмац, уый хицӕн кӕны, 1, 21, 27 ӕмӕ 2:3 ст. цы мивдисӕг ис, уымӕй, ома «сфӕлдисын»-ӕй; ацы дзут. мивдисӕгӕн ма йӕ хъуыды у «сфидар кӕнын», «сӕвӕрын», «саразын» кӕнӕ «ӕрцӕттӕ кӕнын» дӕр.
^ Дзут. ӕвзаджы ӕрмӕст мӕргътӕм нӕ амоны, фӕлӕ ма гӕлӕбутӕм, бындзытӕм ӕмӕ ӕнд. ах. базырджын цӕрӕгойтӕм дӕр.
^ Комк. «сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ». Кӕс 24, 25 ст. дӕр.
^ Дзут. ӕвзаджы амоны, быргӕ кӕнӕ хилгӕ чи кӕны, ахӕм гыццыл цӕрӕгойтӕм, зӕгъӕм, мыстытӕм, кӕлмытӕм, хъӕндилтӕм, зулчъытӕм ӕмӕ ӕнд. ах.