Райдиан 19:1—38
19 Дыууӕ зӕды Содоммӕ ӕрхӕццӕ сты изӕрӕй. Уыцы рӕстӕг Лот бадти Содомы кулдуары цур+. Ӕмӕ сӕ куы ауыдта, уӕд сыстад, сӕ размӕ рацыд, йӕ сӕрӕй сын ныллӕг, зӕххы онг акуывта+
2 ӕмӕ сын загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, саккаг кӕнут уӕ цагъары хӕдзармӕ, ӕхсӕв мӕнмӕ ӕрлӕуут, уӕ къӕхтӕ дӕр ныхсут+. Райсом та раджы сыстдзыстут ӕмӕ уӕ фӕндаджы кой кӕндзыстут»+. Уыдон ын загътой: «Нӕ, нӕ, не ’хсӕв арвитдзыстӕм горӕты фӕзы»+.
3 Фӕлӕ сын Лот тынг ныллӕгъстӕ кодта+, ӕмӕ уӕд йемӕ йӕ хӕдзармӕ ацыдысты. Лот сын дзӕбӕх фынг ӕрӕвӕрдта+, донгонд дзултӕ+ сын афыхта, ӕмӕ бахордтой.
4 Фӕлӕ нӕма схуыссыдысты, афтӕ горӕты нӕлгоймӕгтӕ, Содомы нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр+, гыццылӕй-стырӕй, хӕдзары алыварс ӕрӕмбырд сты+
5 ӕмӕ Лотмӕ хъӕр кодтой: «Изӕрӕй дӕм чи ’рбацыд, уыцы лӕгтӕ кӕм сты? Ардӕм-ма сӕ ракӕн, мах сыл нӕхи аирхӕфсӕм*»+.
6 Уӕд сӕм Лот ӕддӕмӕ рацыд, дуар йӕ фӕстӕ сӕхгӕдта
7 ӕмӕ сын загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, лӕгъстӕ уын кӕнын, ахӕм ӕвзӕр ми ма бакӕнут+.
8 Байхъусут мӕм: ис мын дыууӕ чызджы, нӕлгоймагимӕ ӕмуат никуы ’рцыдысты+, ӕмӕ уӕм фӕлтау уыдоны ракӕндзынӕн. Ӕмӕ уӕ цы фӕнды, уый сын кӕнут+. Ӕрмӕст ацы лӕгтӕм ма бавналут+, уымӕн ӕмӕ ме уазӕг бакодтой сӕхи*»+.
9 Уӕд ын уыдон загътой: «Иуварс ахиз!» Стӕй ма загътой: «Ай йӕхӕдӕг ӕрцӕуӕггаг+ у, ӕмӕ ма нын уынаффӕ дӕр кӕндзӕн+? Ныртӕккӕ дӕуӕн ноджы фыддӕр митӕ бакӕндзыстӕм!» Ӕмӕ Лотмӕ лӕбурын райдыдтой+, иу гыццыл ма, ӕмӕ дуар дӕр батыдтаиккой+.
10 Уӕд уыцы лӕгтӕ* сӕ къухтӕ ӕддӕмӕ радардтой, Лоты мидӕмӕ баскъӕфтой ӕмӕ дуар сӕхгӕдтой.
11 Ӕддейӕ цы нӕлгоймӕгтӕ уыди, уыдоны та, гыццылӕй-стырӕй+, бакуырм кодтой+, ӕмӕ дуар агургӕйӕ удхарӕй мардысты+.
12 Уӕд уыцы лӕгтӕ Лотӕн загътой: «Ам ма дын исчи ис? Сиахсӕй, фыртӕй, чызгӕй ӕмӕ ма дын чидӕриддӕр ис ацы горӕты – се ’ппӕты дӕр акӕн ардыгӕй!+
13 Ацы бынат хъуамӕ фесафӕм, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ фехъуыста, йӕ цӕрджытӕй йын куыд тынг хъаст кӕнынц, уый+, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ рарвыста ацы горӕт фесафынмӕ»+.
14 Лот дӕр рацыд ӕмӕ йӕ сиӕхстӕн, йӕ чызджыты йын чи хъуамӕ ракуырдтаид, уыдонӕн, загъта: «Сыстут! Ацӕут ардыгӕй! Йегъовӕ ацы горӕт сафгӕ кӕны!»+ Фӕлӕ йӕ сиӕхстӕм афтӕ фӕкаст, ӕмӕ хынджылӕг кӕны+.
15 Фӕлӕ, бон куы ’рбацъӕх, уӕд зӕдтӕ Лоты тагъд кӕнын байдыдтой: «Рӕвдздӕр! Акӕн ардыгӕй дӕ усы ӕмӕ дӕ дыууӕ чызджы+, науӕд горӕт йӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕфт куы ’рцӕуа, уӕд ды дӕр фесӕфдзынӕ!»+
16 Фӕлӕ Лот нӕ тагъд кодта+, ӕмӕ уӕд уыцы дыууӕ лӕджы Лотӕн ӕмӕ йӕ усӕн, стӕй йӕ дыууӕ чызгӕн дӕр сӕ къухтыл фӕхӕцыдысты ӕмӕ сӕ горӕтӕй ракодтой+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Лотӕн фӕтӕригъӕд кодта+.
17 Ӕмӕ сӕ горӕтӕй куы ракодтой, уӕд ын сӕ иу загъта: «Лидзгӕ кӕн!+ Фӕстӕмӕ дӕр ма фӕкӕс+ ӕмӕ ацы бӕстӕйы*+ ӕппындӕр макуы ӕрлӕуу! Лидзгӕ кӕн хӕхтӕм, науӕд фесӕфдзынӕ!»+
18 Фӕлӕ сын Лот загъта: «Йегъовӕ, курын дӕ, ӕрмӕст хӕхтӕм нӕ!
19 Дӕ цагъар дын дӕ хорзӕх ссардта+ ӕмӕ мӕ* кӕй фервӕзын кодтай+, уымӕй равдыстай, куыд стыр у де ’нувыд уарзт+. Фӕлӕ мӕнӕн мӕ бон нӕу хӕхтӕм лидзын, уыцы бӕллӕх мӕ фӕндагыл ӕрӕййафдзӕн ӕмӕ фесӕфдзынӕн+.
20 Уӕртӕ уым хӕстӕг ис гыццыл горӕт, ӕмӕ уым мӕ бон у бамбӕхсын+. Курӕг дӕ дӕн, бар мын ратт, цӕмӕй уырдӕм алидзон ӕмӕ удӕгасӕй баззайон*. Афтӕ стыр хъуыддаг дӕ куы нӕ курын»+.
21 Ӕмӕ йын уӕд загъта: «Хорз, ацы хъуыддаджы дӕр+, дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд: цы горӕтӕй мын дзурыс, уый нӕ фесафдзынӕн+.
22 Рӕвдздӕр! Лидзгӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ цалынмӕ уырдӕм нӕ бахӕццӕ уай, уӕдмӕ мӕ бон ницы у саразын»+. Уыцы горӕт Сигор*+ дӕр уымӕн схуыдта.
23 Лот Сигормӕ куы бахӕццӕ, уӕдмӕ хур дӕр скаст+.
24 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл ныккалдта сондон ӕмӕ зынг Йегъовӕйӕ, уӕларвӕй+.
25 Ӕмӕ фесӕфта уыцы горӕттӕ ӕмӕ, Иорданы дӕлвӕз цы бӕстӕ уыди, уый ӕнӕхъӕнӕй дӕр. Фесӕфта уыцы горӕтты цӕрджыты се ’ппӕты дӕр ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр зайӕгойтӕ уыди, уыдон дӕр+.
26 Лотӕн йӕ ус та, йӕ фӕдыл куыд цыди, афтӕ фӕстӕмӕ фӕкаст ӕмӕ цӕхдур фестад+.
27 Авраам райсомӕй раджы ӕрбацыд, уый размӕ кӕм лӕууыд ӕмӕ Йегъовӕимӕ кӕм ныхас кодта, уырдӕм+.
28 Уырдыгӕй йӕ цӕст ахаста Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл ӕмӕ, Иорданы дӕлвӕз цы бӕстӕ* уыд, ууыл, ӕмӕ федта, дурсудзӕн пецӕй цы сау фӕздӕг фӕцӕуы, ахӕм фӕздӕг кӕй цыди уыцы зӕххӕй+.
29 Иорданы дӕлвӕз бӕстӕйы цы горӕттӕ уыд, Хуыцау уыдон куы сӕфта, уӕд дзы Авраам рох нӕ уыд. Ӕмӕ, Лот хӕстӕг кӕмӕ цард, уыцы горӕттӕ сафгӕйӕ, Лоты уырдыгӕй ракодта+.
30 Цасдӕры фӕстӕ Лот йӕ дыууӕ чызгимӕ Сигорӕй сыстад ӕмӕ алыгъд хӕхбӕстӕм+, уымӕн ӕмӕ Сигоры+ цӕрын нӕ уӕндыд. Ӕмӕ уым лӕгӕты йӕ чызджытимӕ ӕрцарди.
31 Иу бон куы уыди, уӕд хистӕр чызг кӕстӕрӕн загъта: «Нӕ фыд ныр зӕронд у, ӕмӕ ацы бӕстӕйы та нӕй, ӕппӕт зӕххы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ чи ракура, ахӕм нӕлгоймаг+.
32 Бавдӕлӕм ӕмӕ нӕ фыды сӕнӕй фӕрасыг кӕнӕм+ ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцӕуӕм, ӕмӕ нӕ фыды мыггаг сӕфын ма бауадзӕм»+.
33 Ӕмӕ уыцы ’хсӕв сӕ фыды фӕрасыг кодтой+. Стӕй хистӕр чызг бацыд ӕмӕ йӕ фыдимӕ ӕмуат ӕрцыд. Фыд та йӕ нӕ базыдта, чызг йӕ фарсмӕ кӕд схуыссыд ӕмӕ кӕд сыстад, уый.
34 Дыккаг бон хистӕр чызг кӕстӕрӕн загъта: «Дысон нӕ фыдимӕ ӕз ӕрцыдтӕн ӕмуат. Ахсӕв дӕр та йын сӕн бадарӕм, ӕмӕ йӕм ныр та ды бацу ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцу, цӕмӕй нӕ фыды мыггаг ма фесӕфа».
35 Ӕмӕ та йӕ уыцы ’хсӕв дӕр фӕрасыг кодтой. Стӕй йӕм бацыд кӕстӕр чызг ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыд. Фыд та йӕ нӕ базыдта, чызг йӕ фарсмӕ кӕд схуыссыд ӕмӕ кӕд сыстад, уый.
36 Ӕмӕ Лотӕн йӕ дыууӕ чызджы дӕр сӕ фыдӕй басывӕрджын сты+.
37 Хистӕрӕн райгуырд лӕппу ӕмӕ йӕ схуыдта Моав*+. Уымӕй рацыдысты, абон моавӕгтӕ кӕй хонынц, уыдон+.
38 Кӕстӕр чызг дӕр ныййардта лӕппу ӕмӕ йӕ схуыдта Бен-Амми*. Уымӕй рацыдысты, абон Аммоны фырттӕ+ кӕй хонынц, уыдон.
Фиппаинӕгтӕ
^ Ома семӕ ӕмуат ӕрцыдаиккой.
^ Комк. «мӕ цары аууонмӕ ӕрбацыдысты».
^ Ома, адӕймаджы хуыз чи райста, уыцы зӕдтӕ.
^ Комк. «ӕмӕ мын мӕ уд».
^ Комк. «ӕмӕ мӕ уд ӕгасӕй баззайа».
^ Нысан кӕны «гыццыл цыдӕр».
^ Нысан кӕны «мӕ фыдӕй».
^ Нысан кӕны «мӕ адӕмы фырт», ома хиуӕтты фырт.