Райдиан 24:1—67

24  Авраам базӕронд, азтӕ йыл сӕ уӕз ӕруагътой. Йегъовӕ йын раарфӕ кодта алы хъуыддаджы дӕр+.  Ӕмӕ иу бон Авраам йӕ хӕдзаронтӕй се ’ппӕты хистӕрӕн, йӕ исбон иууылдӕр кӕй бар уыди, уыцы лӕггадгӕнӕгӕн загъта+: «Курӕг дӕ дӕн, дӕ къух мын мӕ быны*+ бакӕн  ӕмӕ мын расомы кӕн Йегъовӕйӕ+, уӕлӕрвты Хуыцауӕй ӕмӕ зӕххы Хуыцауӕй, мӕ фыртӕн мын ус кӕй нӕ ракурдзынӕ, кӕй ӕхсӕн цӕрын, уыцы ханаайнӕгты чызджытӕй+,  фӕлӕ кӕй ацӕудзынӕ мӕ райгуырӕн зӕхмӕ, мӕ хиуӕттӕм+ ӕмӕ мын мӕ фырт Исахъӕн ус уырдыгӕй кӕй ӕркӕндзынӕ».  Фӕлӕ йын йӕ лӕггадгӕнӕг загъта: «Ӕмӕ чызджы мемӕ ацы зӕхмӕ рацӕуын куы нӕ бафӕнда, уӕд та? Уӕд дын хъуамӕ дӕ фырты, кӕцӕй рацыдтӕ, фӕстӕмӕ уыцы бӕстӕм фӕкӕнон?»+  Авраам та йын загъта: «Нӕ, мӕ фырты мын фӕстӕмӕ уырдӕм мацыхуызы акӕн+.  Мӕн мӕ фыды хӕдзарӕй ӕмӕ мӕ хиуӕтты зӕххӕй чи ракодта+ ӕмӕ мемӕ чи ныхас кодта, чи мын расомы кодта+, ацы зӕхх+ дӕ байзӕддагӕн+ ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уыцы Хуыцау, уӕлӕрвты Хуыцау Йегъовӕ, дӕ разӕй арвитдзӕн йӕ зӕды+, ӕмӕ мын мӕ фыртӕн ус ӕркӕндзынӕ уырдыгӕй+.  Фӕлӕ чызджы куы нӕ бафӕнда демӕ рацӕуын, уӕд сӕрибар уыдзынӕ ацы сомыйӕ+. Ӕрмӕст мын мӕ фырты фӕстӕмӕ уырдӕм ма акӕн».  Ӕмӕ уӕд лӕггадгӕнӕг йӕ къух йӕ хицау Авраамӕн йӕ быны* бакодта ӕмӕ йын расомы кодта+. 10  Гъемӕ лӕггадгӕнӕг йӕ хицауы теуатӕй дӕс ракодта, йемӕ райста, йӕ хицау ын цы алыхуызон лӕвӕрттӕ рарвыста, уыдон+, ӕмӕ араст Месопотамимӕ, Нахор кӕм цард, уыцы горӕтмӕ. 11  Горӕты ӕддейӕ цъаймӕ куы бахӕццӕ, уӕд уым йӕ теуаты сӕ уӕрджытыл ӕрхуыссын кодта. Уый уыди изӕрырдӕм+, сылгоймӕгтӕ-иу дон хӕссынмӕ куы цыдысты, уыцы афон+. 12  Ӕмӕ скуывта: «Йегъовӕ, мӕ хицау Авраамы Хуыцау+, лӕгъстӕ дын кӕнын, абон мын мӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ кӕн ӕмӕ равдис, мӕ хицау Авраамы+ ӕнувыд уарзтӕй+ кӕй уарзыс, уый. 13  Мӕнӕ цъайы цур лӕууын ӕмӕ ардӕм горӕтӕй чызджытӕ цӕуынц дон хӕссынмӕ+. 14  Ӕмӕ уыцы чызджытӕй афтӕ кӕмӕн зӕгъон: „Дӕ хорзӕхӕй, ӕрис-ма дӕ дурын ӕмӕ дзы дон бануазон“, ӕмӕ чи зӕгъа: „Табуафси, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр ратдзынӕн дон“, уый уыдзӕн, дӕ лӕггадгӕнӕг+ Исахъӕн кӕй равзӕрстай, уыцы чызг. Афтӕмӕй базондзынӕн, мӕ хицауы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзыс, уый»+. 15  Лӕг йӕ куывд нӕма фӕци+, афтӕ кӕсы, ӕмӕ уӕртӕ, йе уӕхскыл+ донхӕссӕн дурын, афтӕмӕй ӕрбацӕуы Ревеккӕ, Вафуилы+ чызг. Вафуил уыдис Авраамы ӕфсымӕр Нахоры+ ӕмӕ йӕ ус Милкӕйы+ фырт. 16  Уый уыд тынг рӕсугъд+ чызг, ӕнӕвнӕлд чызг, нӕлгоймагимӕ ӕмуат никуы ӕрцыд+. Чызг ныццыди суадонмӕ, йӕ дурын донӕй байдзаг кодта ӕмӕ фӕстӕмӕ сцӕйцыд. 17  Уӕд лӕггадгӕнӕг йӕ размӕ азгъордта ӕмӕ йын загъта: «Хорз чызг, дӕ дурынӕй-ма мын дон авӕр»+. 18  Уый йын дзуапп радта: «Табуафси, мӕ фыдыхай». Ӕмӕ уайтагъд йӕ дурын йе уӕхскӕй ӕриста ӕмӕ йын дон радта+. 19  Лӕггадгӕнӕг дон куы банызта, уӕд ын чызг загъта: «Дӕ теуатӕн дӕр ӕрбахӕсдзынӕн дон, цас хъӕуа, уыйбӕрц»+. 20  Ӕмӕ уайтагъд, йӕ дурыны цы дон уыд, уый ӕркодта, фос-иу дон кӕцӕй нызтой, уым, ӕмӕ та азгъордта цъайӕ дон сисынмӕ+. Ӕмӕ афтӕ дон хаста ӕмӕ хаста, цалынмӕ теуатӕ иууылдӕр нӕ банызтой, уӕдмӕ. 21  Лӕг та йӕм ӕнӕдзургӕйӕ дисгӕнгӕ каст ӕмӕ хъуыды кодта, Йегъовӕ мӕ рӕствӕндаг фӕкодта ӕви нӕ, зӕгъгӕ+. 22  Теуатӕ дон куы банызтой, уӕд лӕггадгӕнӕг систа, йӕ уӕз сиклы ’рдӕг кӕмӕн уыди, ахӕм фындзылдаргӕ сызгъӕрин цӕг+ ӕмӕ сӕ уӕз дӕс сиклы кӕмӕн уыди, дыууӕ ахӕм сызгъӕрин цонгдарӕны+, 23  ӕмӕ чызджы бафарста: «Зӕгъ-ма мын, кӕй чызг дӕ? Дӕ фыды хӕдзары нын ӕхсӕв арвитынӕн бынат нӕ разындзӕн?»+ 24  Чызг ын дзуапп радта: «Ӕз дӕн Вафуилы+ чызг, Нахорӕн Милкӕ кӕй ныййардта, йӕ уыцы фырты чызг»+. 25  Ӕмӕ стӕй ноджыдӕр загъта: «Ис нӕм фосӕн хъӕмп ӕмӕ холлаг дӕр бирӕ, стӕй, ӕхсӕв кӕм ӕрлӕууат, ахӕм бынат дӕр нӕм ис»+. 26  Ӕмӕ уӕд лӕг Йегъовӕйы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд, йӕ сӕрӕй йын зӕххы онг акуывта+ 27  ӕмӕ загъта: «Табу Йегъовӕйӕн+, мӕ хицау Авраамы Хуыцауӕн, абон мӕ хицауы йе ’нувыд уарзтӕй ӕнӕхай чи нӕ фӕкодта ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ сивта. Йегъовӕ мӕ комкоммӕ ӕрбакодта мӕ хицауӕн йе ’фсымӕрты хӕдзармӕ»+. 28  Чызг сӕхимӕ азгъордта ӕмӕ хабӕрттӕ йӕ мадӕн ӕмӕ иннӕтӕн радзырдта. 29  Ревеккӕйӕн ма уыди ӕфсымӕр, Лаван+, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Лаван суадоны цурмӕ уыцы адӕймагмӕ азгъордта. 30  Йӕ хойыл фындзылдаргӕ цӕг ӕмӕ цонгдарӕнтӕ+ куы федта ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ куы фехъуыста, уыцы лӕг мын афтӕ ӕмӕ афтӕ загъта, зӕгъгӕ, уӕд йӕ размӕ ацыд, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ теуаты дӕр суадоны раз баййӕфта. 31  Ӕмӕ йын загъта: «Ам цӕмӕн лӕууыс, Йегъовӕйӕ арфӕгонд лӕг?+ Цом, ӕз дын ӕрцӕттӕ кодтон уат, стӕй бынат дӕ теуатӕн дӕр». 32  Ӕмӕ сӕм уӕд бацыд, ӕмӕ Лаван теуатӕн сӕ сӕргътӕ систа, хъӕмп ӕмӕ сын холлаг радта. Стӕй йын йӕхицӕн дӕр ӕмӕ, йемӕ чи уыди, уыдонӕн дӕр сӕ къӕхтӕ ныхсынӕн дон ӕрбахаста+. 33  Уый фӕстӕ йын йӕ разы фынг авӕрдтой, фӕлӕ уый загъта: «Цӕй фӕдыл ӕрбацыдтӕн, уый цалынмӕ нӕ радзурон, уӕдмӕ ницы бахӕрдзынӕн». Ӕмӕ йын уӕд Лаван загъта: «Дзур, хъусӕм дӕм»+. 34  Ӕмӕ уый дӕр дзурын райдыдта: «Ӕз дӕн Авраамы лӕггадгӕнӕг+. 35  Йегъовӕ мӕ хицауӕн рӕдауӕй раарфӕ кодта: схъӕздыг ӕй кодта, радта йын фыстӕ, стуртӕ, теуатӕ, хӕрджытӕ, ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин, лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгты ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгты+. 36  Стӕй мӕ хицауӕн йӕ ус Саррӕ зӕрондӕй ныййардта лӕппу+, ӕмӕ мӕ хицау йӕ бынтӕ иууылдӕр уымӕн ныууадздзӕн+. 37  Ӕмӕ мын мӕ хицау загъта, зӕгъгӕ мын расомы кӕн, мӕ фыртӕн мын ус кӕй нӕ ракурдзынӕ, кӕй зӕххыл цӕрын, уыцы ханаайнӕгты чызджытӕй+, 38  фӕлӕ кӕй ацӕудзынӕ мӕ фыды хӕдзармӕ, мӕ хиуӕттӕм+ ӕмӕ мын мӕ фыртӕн ус уырдыгӕй кӕй ӕркӕндзынӕ+. 39  Фӕлӕ ӕз мӕ хицауӕн загътон: „Ӕмӕ чызджы мемӕ рацӕуын куы нӕ бафӕнда, уӕд та?“+ 40  Ӕмӕ мын уӕд уый загъта: „Ӕз кӕмӕн лӕггад кӕнын*+, уыцы Хуыцау Йегъовӕ йӕ зӕды+ демӕ арвитдзӕн ӕмӕ дӕ рӕствӕндаг фӕкӕндзӕн+. Ӕмӕ мын мӕ фыртӕн ус ӕркӕндзынӕ мӕ хиуӕттӕй, мӕ фыды хӕдзарӕй+. 41  Фӕлӕ мӕ хиуӕттӕм куы ’рцӕуай ӕмӕ дын сӕ чызджы куы нӕ радтой, уӕд ацы сомыйӕ уыдзынӕ сӕрибар“+. 42  Ӕмӕ абон суадоны цурмӕ куы ’рбацыдтӕн, уӕд скуывтон: „Йегъовӕ, мӕ хицау Авраамы Хуыцау, кӕд мӕ ӕцӕгдӕр рӕствӕндаг фӕкодтай+, 43  уӕд мӕнӕ суадоны цур лӕууын, ӕмӕ дон хӕссынмӕ цы чызг+ рацӕуа ӕмӕ ӕз афтӕ кӕмӕн зӕгъон: „Дӕ хорзӕхӕй, дӕ дурынӕй-ма мын дон авӕр“, 44  ӕмӕ мын афтӕ чи зӕгъа: „Табуафси, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр ӕрбахӕсдзынӕн дон“, уый уыдзӕн, Йегъовӕ мӕ хицауы фыртӕн кӕй равзӕрста, уыцы чызг“+. 45  Мӕхинымӕр+ куывд нӕма фӕдӕн+, афтӕ кӕсын, ӕмӕ уӕртӕ, йе уӕхскыл дурын, афтӕмӕй ӕрбацӕуы Ревеккӕ. Уый суадонмӕ ныццыди ӕмӕ дон систа+. Ӕмӕ йын уӕд ӕз загътон: „Хорз чызг, дон-ма мын авӕр“+. 46  Уый йӕ дурын уайтагъд йе уӕхскӕй ӕриста ӕмӕ мын загъта: „Табуафси, бануаз+. Дӕ теуатӕн дӕр дын ӕрбахӕсдзынӕн дон“. Ӕз дон банызтон, ӕмӕ мын мӕ теуаты дӕр донӕй бафсӕста. 47  Уый фӕстӕ йӕ бафарстон: „Кӕй чызг дӕ?“+ Уый мын дзуапп радта: „Вафуилы чызг, Нахорӕн Милкӕ кӕй ныййардта, йӕ уыцы фырты чызг“. Ӕмӕ йыл уӕд ӕз бакодтон фындзылдаргӕ цӕг ӕмӕ цонгдарӕнтӕ+. 48  Ӕмӕ уый фӕстӕ Йегъовӕйы раз мӕ зонгуытыл ӕрхаудтӕн, мӕ сӕрӕй ныллӕг акуывтон ӕмӕ Йегъовӕйӕн, мӕ хицау Авраамы Хуыцауӕн, раарфӕ кодтон+. Уый мын мӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ кодта+, цӕмӕй мӕ хицауы фыртӕн акӕнон мӕ хицауӕн йе ’фсымӕры чызджы. 49  Ӕмӕ уӕ кӕд ныр фӕнды хъуыддагӕй равдисын, мӕ хицауы ӕцӕгдӕр ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзут ӕмӕ йыл уӕ зӕрдӕ кӕй нӕ сивтат+, уӕд мын ӕй зӕгъут. Кӕд нӕ, уӕддӕр мын ӕй зӕгъут, ӕмӕ кӕнӕ иуырдӕм кӕндзынӕн, кӕнӕ иннӕрдӕм»+. 50  Уӕд ын Лаван ӕмӕ Вафуил дзуапп радтой: «Ацы хъуыддаг у Йегъовӕйӕ+. Ӕмӕ дын махӕн нӕ бон нӕдӕр „о“ зӕгъын у, нӕдӕр „нӕ“+. 51  Мӕнӕ, Ревеккӕ дӕ разы. Акӕн ӕй ӕмӕ ацу. Ӕмӕ Йегъовӕ куыд загъта, афтӕ уӕд: суӕд дӕ хицауы фырты ус»+. 52  Авраамы лӕггадгӕнӕг уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд Йегъовӕйы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ зӕххы онг йӕ сӕрӕй ныллӕг акуывта+. 53  Уый фӕстӕ систа ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин дзауматӕ, стӕй уӕлӕдарӕс ӕмӕ сӕ Ревеккӕйӕн радта. Зынаргъ лӕвӕрттӕ радта чызджы ӕфсымӕрӕн ӕмӕ йӕ мадӕн дӕр+. 54  Уый фӕстӕ лӕггадгӕнӕг ӕмӕ, йемӕ чи уыди, уыдон фынгыл ӕрбадтысты, фӕминас кодтой, ӕмӕ ӕхсӕв уым баззадысты. Райсомӕй куы сыстадысты, уӕд лӕггадгӕнӕг загъта: «Ныр мӕ ауадзут мӕ хицаумӕ»+. 55  Фӕлӕ йын чызджы ӕфсымӕр ӕмӕ йӕ мад загътой: «Чызджы-ма немӕ дӕс боны уӕддӕр уадз. Стӕй уӕд ацӕудзӕн». 56  Уый та сын загъта: «Йегъовӕ мӕ рӕствӕндаг фӕкодта, ӕмӕ мӕ мауал уромут+. Ауадзут мӕ, ӕмӕ мӕ хицаумӕ аздӕхон»+. 57  Ӕмӕ йын уӕд загътой: «Чызгмӕ фӕдзурӕм ӕмӕ йын йӕхи бафӕрсӕм»+. 58  Ӕмӕ Ревеккӕмӕ фӕдзырдтой ӕмӕ йӕ бафарстой: «Цӕуыс ацы адӕймагимӕ?» Уый сын дзуапп радта: «Цӕуын»+. 59  Ӕмӕ уӕд афӕндараст кодтой сӕ хо Ревеккӕйы+, йӕ хъомылгӕнӕг сылгоймаджы+, Авраамы лӕггадгӕнӕджы ӕмӕ йемӕ чи уыди, уыдоны. 60  Ӕмӕ Ревеккӕйӕн раарфӕ кодтой: «Нӕ хо! Дӕ цот суӕнт мин-минтӕ, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты бауӕнт, йе сӕфт сӕ чи уыны, уыдоны горӕттӕ*»+. 61  Ӕмӕ уый фӕстӕ Ревеккӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтӕ+ теуатыл сбадтысты+ ӕмӕ уыцы адӕймаджы фӕдыл ацыдысты. Афтӕ Авраамы лӕггадгӕнӕг ракодта Ревеккӕйы ӕмӕ йӕ фӕндагыл араст. 62  Исахъ цард Негевы+ зӕххыл. Ӕмӕ иухатт Беер-Лахай-Роийы+ ’рдыгӕй куы ӕрбацыд, 63  уӕд изӕрӕй ацыд быдырмӕ, фӕндыди йӕ цӕуылдӕрты ахъуыды кӕнын+. Ӕмӕ иуафон акаст, ӕмӕ уӕртӕ теуатӕ ӕрбацӕуынц. 64  Ревеккӕ куы акаст, уӕд ауыдта Исахъы, ӕмӕ теуайӕ ӕрхызт. 65  Ӕмӕ лӕггадгӕнӕджы бафарста: «Уый быдыры нӕ размӕ чи ’рбацӕуы?» Лӕггадгӕнӕг ын дзуапп радта: «Уый мӕ хицау у». Ӕмӕ уӕд Ревеккӕ райста кӕлмӕрзӕн ӕмӕ дзы йӕ сӕр ӕрӕмбӕрзта+. 66  Лӕггадгӕнӕг Исахъӕн хабӕрттӕ иууылдӕр радзырдта. 67  Уый фӕстӕ Исахъ Ревеккӕйы бакодта йӕ мад Саррӕйы цатырмӕ+. Ӕмӕ афтӕмӕй Ревеккӕ сси йӕ ус+. Исахъ ӕй тынг бауарзта+, ӕмӕ йӕ мады мӕлӕты фӕстӕ йӕ зӕрдӕйы рыст ӕрсабыр+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «мӕ агъды бын».
Комк. «йӕ агъды бын».
Комк. «кӕй раз цӕуын».
Комк. «кулдуӕрттӕ».