Райдиан 38:1—30
38 Уыцы рӕстӕг Иудӕ йе ’фсымӕртӕй ацыд ӕмӕ йӕ цатыр ӕрӕвӕрдта одолламаг+ лӕг Хирӕмӕ хӕстӕг.
2 Уым Иудӕ федта иу ханаайнаг+ лӕджы чызджы. Уыцы лӕг хуынди Шуӕ. Иудӕ йын ракуырдта йӕ чызджы ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыд.
3 Йӕ ус басывӕрджын ӕмӕ йын райгуырд лӕппу. Ӕмӕ йӕ Иудӕ схуыдта Ир+.
4 Ӕмӕ та йӕ ус ногӕй басывӕрджын ӕмӕ та йын райгуырд лӕппу, ӕмӕ йӕ схуыдта Онан.
5 Уый фӕстӕ ма йын райгуырд ноджыдӕр иу лӕппу, ӕмӕ йӕ схуыдта Шелӕ. Уыцы лӕппуйы куы ныййардта, уӕд уыдысты Ахзивы+.
6 Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Иудӕ йӕ хистӕр фырт Ирӕн ӕрхаста ус. Йӕ ном уыди Фамар+.
7 Фӕлӕ Иудӕйы хистӕр фырт Ир арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыди, уый+, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ амардта+.
8 Уӕд Иудӕ Онанӕн загъта: «Де ’фсымӕры усы ракур ӕмӕ сӕххӕст кӕн, тиуыл цы хӕс ис, уый, ӕмӕ де ’фсымӕрӕн зӕнӕг рауадз»+.
9 Фӕлӕ Онан зыдта, уыцы сывӕллӕттӕ йӕхи кӕй нӕ уыдзысты+, ӕмӕ-иу йе ’фсымӕры усимӕ ӕмуат ӕрцӕуыны рӕстӕджы йӕ мыггаг зӕхмӕ акалдта, цӕмӕй йе ’фсымӕрӕн зӕнӕг ма рауагътаид+.
10 Афтӕ кӕй кодта, уый Йегъовӕйы цӕсты уыди стыр тӕригъӕд+, ӕмӕ Онаны дӕр амардта+.
11 Уӕд Иудӕ йӕ чындз Фамарӕн загъта: «Цалынмӕ мӕ фырт Шелӕ сыстыр уа, уӕдмӕ уал идӕдзӕй цӕр дӕ фыды хӕдзары»+. Афтӕ йын уымӕн загъта, ӕмӕ хъуыды кодта, Шелӕ дӕр мын йе ’фсымӕртау куы амӕла, зӕгъгӕ+. Гъемӕ Фамар ацыд йӕ фыды хӕдзармӕ ӕмӕ уым цард+.
12 Уымӕй рацыд бирӕ рӕстӕг, ӕмӕ Иудӕйӕн йӕ ус+, Шуӕйы чызг, амард. Ӕмӕ йыл Иудӕ фӕхъыг кодта+. Мардыл хъыг кӕныны бонтӕ куы фесты, уӕд йе ’рдхорд одолламаг+ Хирӕимӕ ацыд Фимнӕмӕ+, йӕ фыстӕ йын чи ӕлвыдта, уыдонмӕ.
13 Ӕмӕ Фамарӕн чидӕр загъта: «Дӕ хицау фӕцӕуы Фимнӕмӕ, йӕ фыстӕ ӕлвынынмӕ»+.
14 Фамар уый куы фехъуыста, уӕд йӕ идӕдзы дарӕс раласта, йе уӕхсчытыл кӕлмӕрзӕн ӕрбакодта, йӕ цӕсгом дӕр бамбӕрзта ӕмӕ сбадт Енаиммӕ бацӕуӕны, Фимнӕмӕ фӕндаг кӕуылты цӕуы, уым. Афтӕ та уымӕн бакодта, ӕмӕ йӕ уыдта, Шелӕ кӕй сыстыр, фӕлӕ сӕ иумӕ нӕма бацӕрын кодтой+.
15 Иудӕ йӕ куы федта, уӕд ӕй банхъӕлдта хӕтаг сылгоймаг+, уымӕн ӕмӕ йӕ цӕсгом ӕмбӕрзт уыди+.
16 Ӕмӕ йӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Дӕхимӕ мӕ бауадз»+. Иудӕ нӕ зыдта, йӕ чындз кӕй у, уый+. Фамар та йын загъта: «Ӕмӕ мын уый тыххӕй цы ратдзынӕ?»+
17 Иудӕ йын дзуапп радта: «Мӕ дзугӕй дын иу сӕныкк рарвитдзынӕн». Сылгоймаг та йӕ бафарста: «Ӕмӕ мын цалынмӕ уый ӕрвитай, уӕдмӕ мын цы ныууадздзынӕ?»+
18 Иудӕ та йын загъта: «Цы дын ныууадзон?» Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Мыхуыримӕ дыл цы къухдарӕн+ ис, уый ӕмӕ йӕ бос, стӕй дӕ лӕдзӕг». Иудӕ дӕр ын сӕ радта ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыд, ӕмӕ дзы сылгоймаг басывӕрджын.
19 Стӕй сӕхимӕ аздӕхт, йӕ кӕлмӕрзӕн раласта ӕмӕ фӕстӕмӕ идӕдз усы дарӕс скодта+.
20 Уый фӕстӕ Иудӕ йӕ одолламаг+ ӕрдхордӕн арвыста сӕныкк, цӕмӕй, уыцы сылгоймагмӕ цы ныууагъта, уыдон фӕстӕмӕ райстаид. Фӕлӕ йӕ уый не ссардта.
21 Ӕмӕ уӕд уымы адӕмӕй кӕйдӕрты афарста: «Енаимы фӕндаггӕрон чи бадти, уыцы хӕтаг сылгоймаг* та кӕм ис?» Уыдон ын загътой: «Ам хӕтаг сылгоймаг+ никуы уыди».
22 Уый дӕр фӕстӕмӕ Иудӕмӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ йын загъта: «Нӕ йӕ ссардтон, стӕй мын уымы адӕм дӕр загътой, ам, дам, хӕтаг сылгоймаг никуы уыди».
23 Ӕмӕ уӕд Иудӕ загъта: «Гъемӕ сӕ йӕхицӕн уадзӕд, науӕд ма йӕ дарддӕр куы агурӕм, уӕд фӕхудинаг уыдзыстӕм+. Ӕз ын арвыстон сӕныкк, куыд загътон, афтӕ, фӕлӕ йӕ не ссардтай».
24 Уыцы хабӕрттӕй ӕртӕ мӕйы бӕрц куы рацыд, уӕд Иудӕйӕн загътой: «Дӕ чындз Фамар хӕты+ ӕмӕ кӕмӕйдӕр басывӕрджын+». Уӕд Иудӕ загъта: «Ракӕнут ӕй ӕмӕ йӕ басудзут*»+.
25 Ӕмӕ йӕ куы рацӕйкодтой, уӕд йӕ хицаумӕ арвыста ахӕм ныхӕстӕ: «Мӕнӕ ацы дзауматӕ кӕй сты, уымӕй дӕн сывӕрджын»+. Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Дӕ хорзӕхӕй, ӕркӕс+ ацы къухдарӕнмӕ, бос ӕмӕ лӕдзӕгмӕ ӕмӕ базон, кӕй сты»+.
26 Иудӕ сӕм куы ’ркаст, уӕд загъта+: «Уый мӕнӕй растдӕр у+, уымӕн ӕмӕ йӕ мӕ фырт Шелӕйӕн нӕ ракуырдтон»+. Ӕмӕ уый фӕстӕ йемӕ ӕмуат никуыуал ӕрцыд+.
27 Фамарӕн йӕ арыны афон куы ’рцыд, уӕд рабӕрӕг, фаззӕттӕ йын кӕй уыдзӕн.
28 Ӕмӕ аргӕ-арын сывӕллӕттӕй иуӕн йӕ къух разынд, ӕмӕ йыл ӕвгъӕдгӕс сылгоймаг сырх ӕндах абаста ӕмӕ загъта: «Фыццаг ай рацыд».
29 Фӕлӕ уый йӕ къух фӕстӕмӕ байста, ӕмӕ райгуырд йе ’фсымӕр. Ӕвгъӕдгӕс сылгоймаг уый куы федта, уӕд загъта: «Мӕнӕ диссаг, уый куыд рабырстай дӕ мады гуыбынӕй?» Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй схуыдтой Фарес*+.
30 Уый фӕстӕ райгуырд йе ’фсымӕр дӕр, йӕ къухыл сырх ӕндах баст кӕмӕн уыд, уый. Ӕмӕ йӕ схуыдтой Зара*+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «кувӕндоны ӕмуат кӕимӕ ӕрцӕуынц, уый».
^ Нысан кӕны «рабырсын; ратонын».
^ Нысан кӕны «ныррухс кӕнын; скӕсын».