Райдиан 39:1—23
39 Иосифы та измаилӕгтӕ+ ӕркодтой Египетмӕ+, ӕмӕ йӕ уым балхӕдта иу египетаг лӕг, Потифар+, зӕгъгӕ. Уый уыди фараоны фӕсдзӕуинтӕй иу – хъахъхъӕнджыты хистӕр.
2 Фӕлӕ Йегъовӕ уыди Иосифимӕ, ӕмӕ Иосиф алцыдӕр арӕзта хорз+, ӕмӕ йӕ египетаг хицауы хӕдзары йӕ бар уыдысты алыхуызон хъуыддӕгтӕ.
3 Ӕмӕ йӕ йӕ хицау дӕр уыдта, Йегъовӕ Иосифимӕ кӕй ис ӕмӕ цыфӕнды ма арӕзтаид, алы хъуыддаджы дӕр ын Йегъовӕ кӕй арфӕ кодта.
4 Потифар Иосифӕй тынг райгонд уыди, ӕмӕ йын Иосиф ӕдзухдӕр кӕстӕриуӕг кодта. Гъемӕ йын Потифар йӕ хӕдзар йӕ бар бакодта+ ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыди, уыдон ын иууылдӕр йӕ къухмӕ радта.
5 Ӕмӕ йын йӕ хӕдзар дӕр ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыди, уыдон иууылдӕр йӕ бар куы бакодта, уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ Иосифы тыххӕй арфӕ кодта египетаджы хӕдзарӕн. Йегъовӕ арфӕ кодта, хӕдзары дӕр ӕмӕ йын быдыры дӕр цыдӕриддӕр уыди, уыдонӕн+.
6 Ӕмӕ фӕстагмӕ Потифар, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уыдон иууылдӕр бакодта Иосифы бар+. Ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзары ницӕй мӕт уыди, цы хордта, уымӕй уӕлдай. Уӕдмӕ Иосиф сси хӕрзконд ӕмӕ рӕсугъд лӕппу.
7 Ӕмӕ Иосифыл йӕ хицауы ус йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта+ ӕмӕ-иу ын дзырдта: «Мемӕ схуысс»+.
8 Фӕлӕ Иосиф нӕ разы кодта+, ӕмӕ йӕ хицауы усӕн дзырдта: «Хӕдзар мӕ бар кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ мӕ хицау ницӕуыл тыхсы, ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр мӕ къухмӕ радта+.
9 Ацы хӕдзары мӕнӕй уӕлдӕр ничи ис, ӕмӕ мӕ бар цӕуы алцӕуыл дӕр, дӕуӕй фӕстӕмӕ, уымӕн ӕмӕ ды йӕ ус дӕ+. Уӕд ӕз куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд куыд хъуамӕ саразон?»+
10 Гъемӕ сылгоймаг алы бон дӕр дзырдта Иосифӕн, мемӕ схуысс, зӕгъгӕ, фӕлӕ йын уый никуы сразы ӕмӕ йемӕ иунӕгӕй дӕр никуы баззад+.
11 Иу бон та Иосиф, иннӕ бонты-иу куыд кодта, афтӕ, бацыд хӕдзармӕ йӕ куыстытӕ кӕнынмӕ. Хӕдзары та уыцы рӕстӕг лӕггадгӕнджытӕй ничи уыди+.
12 Уӕд ын йӕ хицауы ус йӕ дарӕсыл ныххӕцыд+ ӕмӕ йын загъта: «Мемӕ схуысс!»+ Фӕлӕ Иосиф йӕ дарӕс сылгоймаджы къухы фӕуагъта ӕмӕ ӕддӕмӕ алыгъди+.
13 Сылгоймаг уый куы федта, ӕмӕ Иосифы дарӕс йӕ къухы аззад, йӕхӕдӕг та алыгъд,
14 уӕд лӕггадгӕнджытӕм ныхъхъӕр кодта ӕмӕ сын загъта: «Ракӕсут-ма! Мӕ лӕг цы дзуттаджы ӕрбакодта, уымӕн йӕ зӕрды уыди мах фӕхудинаг кӕнын. Ӕрбацыди мӕм ӕмӕ мын тыхми бакӕнынмӕ хъавыди, фӕлӕ ӕз мӕ хъӕлӕсыдзаг хъӕр кӕнын райдыдтон+.
15 Ӕмӕ уӕд йӕ дарӕс мӕ разы фӕуагъта ӕмӕ лидзынмӕ фӕци».
16 Ӕмӕ цалынмӕ Иосифӕн йӕ хицау хӕдзармӕ не ’рбацыд, уӕдмӕ йын йӕ дарӕс дардта йӕ разы+.
17 Ӕмӕ куы ’рбацыд, уӕд ын загъта: «Цы дзуттаг лӕггадгӕнӕджы нӕм ӕрбакодтай, уый мӕм ӕрбацыд, цӕмӕй мӕ фӕхудинаг кодтаид.
18 Фӕлӕ ӕз хъӕр кӕнын куы райдыдтон, уӕд йӕ дарӕс мӕ разы фӕуагъта ӕмӕ алыгъди»+.
19 Иосифы хицау йӕ усӕй уыдӕттӕ куы фехъуыста, дӕ лӕггадгӕнӕг мын афтӕ ӕмӕ афтӕ бакодта, зӕгъгӕ, уӕд йӕ маст ссыгъд+.
20 Ӕмӕ Иосифы акодта ӕмӕ йӕ ныппӕрста, паддзах ахст адӕмы цы ахӕстоны дардта, уым. Афтӕ Иосиф бахауд ахӕстонмӕ+.
21 Фӕлӕ уым дӕр Йегъовӕ уыди Иосифимӕ ӕмӕ йӕ уарзта ӕнувыд уарзтӕй, ӕмӕ афтӕ сарӕзта, цӕмӕй ахӕстоны хицау Иосифмӕ хорз зӕрдӕ дардтаид+.
22 Ӕмӕ, ахӕстоны чи бадти, уыдоны се ’ппӕты дӕр ахӕстоны хицау бакодта Иосифы бар. Ӕмӕ сын уый куыддӕриддӕр дзырдта, афтӕ кодтой+.
23 Иосифы бар цы хъуыддӕгтӕ уыди, уыдонӕй ахӕстоны хицау йӕ цӕст ницӕмӕуал дардта, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уыди Иосифимӕ ӕмӕ, цыфӕнды ма арӕзтаид, алы хъуыддаджы дӕр ын Йегъовӕ арфӕ кодта+.