Райдиан 48:1—22

48  Иуцасдӕры фӕстӕ Иосифӕн фӕхабар кодтой: «Дӕ фыд ӕвзӕр у». Уӕд Иосиф йӕ дыууӕ фырты, Манасси ӕмӕ Ефремы, йемӕ ракодта ӕмӕ йӕм ацыд+.  Ӕмӕ Иаковӕн загътой, дӕ фырт Иосиф дӕм ӕрбацыд, зӕгъгӕ. Гъемӕ Израил йӕхиуыл куыддӕрты схӕцыд ӕмӕ йӕ хуыссӕны рабадт.  Ӕмӕ Иосифӕн загъта: «Лузы+, Ханааны зӕххыл мӕм фӕзынд Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау ӕмӕ мын раарфӕ кодта+.  Уый мын загъта: „Ӕз дын ратдзынӕн бирӕ байзӕддаг+ ӕмӕ дӕ сбирӕ кӕндзынӕн. Дӕуӕй рауадздзынӕн бирӕ адӕмыхӕттытӕ+ ӕмӕ ацы зӕхх ӕнустӕм ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн“+.  Уӕдӕ дӕм ӕз цалынмӕ не ’рцыдтӕн, уӕдмӕ дын ам Египеты чи райгуырд, дӕ уыцы дыууӕ фырты уыдзысты мӕн+. Рувим ӕмӕ Симеон мӕн куыд сты, афтӕ Ефрем ӕмӕ Манасси дӕр уыдзысты мӕн+.  Сӕ фӕстӕ дын цы цот рацӕуа, уыдон та уыдзысты дӕхи. Уыдонӕн хай уыдзӕн, сӕ дыууӕ ӕфсымӕры бынӕн цы зӕхх райсой, уымӕй+.  Падданӕй+ фӕстӕмӕ куы здӕхтӕн, уӕд мын Рахил фӕндагыл Ханааны зӕххыл амард+, Ефрафӕмӕ+, ома Вифлееммӕ мӕ нырма бирӕ хъуыди, афтӕ, ӕмӕ йӕ уым баныгӕдтон»+.  Уый фӕстӕ Израил Иосифы фырттӕм бакаст ӕмӕ йӕ бафарста: «Чи сты адон та?»+  Иосиф йӕ фыдӕн дзуапп радта: «Адон мӕ фырттӕ сты, Хуыцау мын ам кӕй радта, уыдон»+. Уӕд ын Иаков загъта: «Хӕстӕгдӕр-ма мӕм сӕ ӕрбакӕн, ӕз сын раарфӕ кӕнон»+. 10  Израил зӕронд кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ цӕстӕй нал уыдта+. Гъемӕ йӕм сӕ Иосиф бакодта, ӕмӕ Израил сӕ дыууӕйӕн дӕр апъа кодта ӕмӕ сӕ йӕ хъӕбысы ӕрбакодта+. 11  Ӕмӕ стӕй Иосифӕн загъта: «Ӕз дӕ фенын ӕнхъӕл дӕр нал уыдтӕн+, Хуыцау та мын дӕ сывӕллӕтты дӕр фенын кодта». 12  Уый фӕстӕ сӕ Иосиф йӕ фыдӕй* иуварс ракодта ӕмӕ йын зӕххы онг ныллӕг акуывта+. 13  Стӕй Иосиф йӕ дыууӕ фыртӕн сӕ къухтыл ныххӕцыд, Ефремыл рахиз къухӕй – Израилӕн галиуырдыгӕй куыд уыдаид+, афтӕ, Манассийыл та галиу къухӕй – Израилӕн рахизырдыгӕй куыд уыдаид, афтӕ+, ӕмӕ сӕ йӕ фыдмӕ бакодта. 14  Фӕлӕ Израил йӕ рахиз къух ӕрӕвӕрдта Ефремы сӕрыл+, кӕд уый кӕстӕр уыди, уӕддӕр+, йӕ галиу къух та ӕрӕвӕрдта Манассийы сӕрыл+. Афтӕ барӕй бакодта – зыдта йӕ, Манасси хистӕр кӕй уыди+. 15  Ӕмӕ Иосифӕн раарфӕ кодта+: «О иунӕг ӕцӕг Хуыцау, мӕ фыдӕлтӕ Авраам ӕмӕ Исахъ кӕмӕн лӕггад кодтой*+,Мӕ райгуырдӕй абоны онг мӕ Фыййау чи у+, 16  Мӕн ӕппӕт бӕллӕхтӕй дӕр чи фервӕзын кодта+, уыцы зӕд, ацы лӕппутӕн раарфӕ кӕн+. Раарфӕ сын кӕн, мӕ номӕй ӕмӕ сӕ мӕ фыдӕлтӕ Авраам ӕмӕ Исахъы номӕй куыд хоной+Ӕмӕ сӕ цот зӕххыл куыд сбирӕ уой»+. 17  Иосиф уый куы федта, ӕмӕ йӕ фыд йӕ рахиз къух Ефремы сӕрыл ӕрӕвӕрдта, уӕд ын хъыг уыди+, ӕмӕ хъавыди йӕ фыды къух Ефремы сӕрӕй райсын ӕмӕ йӕ Манассийы сӕрыл ӕрӕвӕрын+. 18  Ӕмӕ Иосиф йӕ фыдӕн загъта: «Афтӕ нӕ, мӕ фыд. Хистӕр ай у+, ӕмӕ дӕ рахиз къух ай сӕрыл ӕрӕвӕр». 19  Фӕлӕ йӕ фыд нӕ бакуымдта ӕмӕ йын загъта: «Зонын ӕй, мӕ фырт, зонын. Уымӕй дӕр рацӕудзӕн хицӕн адӕмыхатт ӕмӕ уый дӕр суыдзӕн кадджын+. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр уымӕй кадджындӕр уыдзӕн+ ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты тынг бирӕ – ӕнӕхъӕн адӕмты бӕрц»+. 20  Ӕмӕ сын уыцы бон ноджыдӕр раарфӕ кодта+: «Дӕ номӕй Израилы адӕм кӕрӕдзийӕн арфӕ кӕндзысты,Хуыцау дӕ Ефрем ӕмӕ Манассийы хуызӕн скӕнӕд, зӕгъгӕ»+. Афтӕмӕй Ефремы сӕвӕрдта Манассийы разӕй+. 21  Уый фӕстӕ Израил Иосифӕн загъта: «Ӕз мӕлгӕ кӕнын+. Фӕлӕ Хуыцау амӕй фӕстӕмӕ дӕр уыдзӕни уемӕ ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ ӕркӕндзӕн уӕ фыдӕлты зӕхмӕ+. 22  Ӕмӕ ӕз дӕуӕн дӕттын де ’фсымӕртӕй иу зӕххы хай фылдӕр+ – аморейтӕй йӕ байстон мӕ хъама ӕмӕ ме ’рдыны фӕрцы».

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «йӕ уӕрджыты разӕй».
Комк. «кӕй раз цыдысты».