Райдиан 9:1—29

9  Хуыцау раарфӕ кодта Нойӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн ӕмӕ сын загъта: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут+.  Ӕмӕ уӕ амӕй фӕстӕмӕ дӕр тӕрсдзысты зӕххыл ӕппӕт цӕрӕгойтӕ дӕр, ӕппӕт уӕларвон мӕргътӕ дӕр ӕмӕ ма зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлы, уыдон дӕр ӕмӕ денджызы кӕсӕгтӕ иууылдӕр. Ӕз уын сӕ дӕттын уӕ къухмӕ+.  Зӕххыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлы, уыдон уын уыдзысты хӕрынӕн+. Зайӕгойтӕ уын куыд радтон, афтӕ уын уыдон дӕр иууылдӕр дӕттын хӕрынӕн+.  Ӕрмӕст ма хӕрут, йӕ уд*+, ома йӕ туг+, йӕ мидӕг кӕмӕн ис, ахӕм дзидза+.  Ӕмӕ ӕз дзуапп ӕрдомдзынӕн уӕ туджы* тыххӕй дӕр. Уӕ туг уын цы цӕрӕгой ныккала, уый хъуамӕ амӕла. Ӕмӕ кӕцыфӕнды адӕймаг дӕр искӕй куы амара, уӕд дзы райсдзынӕн, кӕй амара, уый туг, йе ’фсымӕры туг+.  Адӕймаджы туг чи ныккала, уымӕн йӕхи туг дӕр ныккӕлдзӕн адӕймаджы къухӕй+, уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ сфӕлдыста.  Сымах та цот уадзут, зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йыл сбирӕ ут»+.  Уый фӕстӕ Хуыцау Нойӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн загъта:  «Ӕз аразын бадзырд+ уемӕ ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтимӕ+, 10  стӕй, уемӕ цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр ис, уыдонимӕ дӕр: мӕргътимӕ, сырдтимӕ ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойтимӕ – науӕй чидӕриддӕр рацыд, ӕппӕт уыцы зӕххон цӕрӕгойтимӕ ӕмӕ сӕ цотимӕ+. 11  О, ӕз уемӕ аразын бадзырд: афтӕ никуыуал уыдзӕн, ӕмӕ зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр доны хъаймӕты фесӕфой, зӕхх доны хъаймӕты никуыуал фесӕфдзӕн»+. 12  Хуыцау ма ноджыдӕр загъта: «Сымахимӕ ӕмӕ, уемӕ чи ис, уыцы цӕрӕг удтӕн се ’ппӕтимӕ дӕр ӕнустӕм, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ цы бадзырд аразын, уымӕн та уыдзӕн ахӕм нысан+. 13  Ӕз мигъты ’хсӕн ӕвӕрын мӕ арвӕрдын+, ӕмӕ уый уыдзӕн нысан, мӕн ӕмӕ зӕххы ’хсӕн бадзырд кӕй ис, уымӕн. 14  Зӕххы сӕрмӕ-иу мигътӕ куы ’рбамбырд кӕнон, уӕд-иу мигъты ’хсӕн фӕзындзӕн арвӕрдын. 15  Ӕмӕ-иу мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕн, уемӕ ӕмӕ алы цӕрӕг удимӕ+ дӕр цы бадзырд+ скодтон, уый. Ӕмӕ, зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон доны хъаймӕты никуыуал фесӕфдзысты+. 16  Арвӕрдын-иу фӕзындзӕн мигъты ’хсӕн+, ӕмӕ-иу ӕй ӕз фендзынӕн ӕмӕ-иу мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕн, Хуыцау ӕмӕ зӕххыл алы цӕрӕг уды ’хсӕн+ дӕр ӕнустӕм цы бадзырд+ арӕзт ӕрцыд, уый». 17  Ӕмӕ ма Хуыцау Нойӕн ноджыдӕр иу хатт загъта: «Уый уыдзӕн нысан, зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдонимӕ цы бадзырд аразын, уымӕн»+. 18  Нойы фырттӕ+ уыдысты Сим, Хам ӕмӕ Иафет – уыдон рацыдысты науӕй. Фӕстӕдӕр Хамӕн райгуырд Ханаан+. 19  Уыдон уыдысты Нойы ӕртӕ фырты, ӕмӕ ӕгас зӕхх дӕр байдзаг уыдоны байзӕддӕгтӕй+. 20  Ной райдыдта зӕххы куыст кӕнын+ ӕмӕ скодта сӕнӕфсирдон+. 21  Ӕмӕ иухатт сӕн банызта ӕмӕ фӕрасыг+, ӕмӕ йӕ цатыры хуыссыд, йӕхи сбӕгънӕг кодта, афтӕмӕй. 22  Хам+, Ханааны фыд, йӕ фыды бӕгънӕгӕй федта+, ӕмӕ рацыд ӕмӕ уый тыххӕй йӕ дыууӕ ӕфсымӕрӕн радзырдта+. 23  Ӕмӕ уӕд Сим ӕмӕ Иафет се уӕхсчытыл пӕлӕз+ ӕрбаппӕрстой, цатырмӕ фӕстӕрдӕм цӕугӕйӕ бацыдысты ӕмӕ сӕ фыды бамбӕрзтой. Кӕсгӕ та кодтой иннӕрдӕм ӕмӕ сӕ фыды бӕгънӕгӕй нӕ федтой+. 24  Ной куы ӕрӕрвонг ӕмӕ куы райхъал, уӕд базыдта, йӕ кӕстӕр фырт ын цы бакодта, уый. 25  Ӕмӕ загъта: «Ӕлгъыст фӕуӕд Ханаан!+ Йе ’фсымӕртӕн уӕд цагъар – цагъартӕн се ’гаддӕр»+. 26  Ӕмӕ ма ноджыдӕр загъта:«Табу Йегъовӕйӕн+, Симы Хуыцауӕн.Ханаан ын уӕд цагъар+. 27  Хуыцау Иафетӕн раттӕд стыр зӕххытӕ.Ӕмӕ йын ахӕм арфӕ ракӕнӕд, Симы цатырты куыд цӕра+.Ӕмӕ Ханаан уымӕн дӕр уӕд цагъар». 28  Ной ма доны хъаймӕты фӕстӕ фӕцард ӕртӕсӕдӕ фӕндзай азы+. 29  Ной ӕдӕппӕтӕй фӕцард фарастсӕдӕ фӕндзай азы ӕмӕ уый фӕстӕ амард+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «цард».
Комк. «уӕ удты туджы».