Раргомад 12:1—17

12  Ӕмӕ уӕлӕрвты федтон стыр диссаг+. Федтон, йӕ дарӕс хурӕй кӕмӕн уыди, ахӕм сылгоймаджы+. Йӕ къӕхты бын уыди мӕй, йӕ сӕрыл та – кадыхуд дыууадӕс стъалыйӕ.  Сылгоймаг уыд сывӕрджын ӕмӕ аргӕ-арын йӕ рыстытӕй+ хъӕр кодта.  Федтон ма уӕлӕрвты ӕндӕр диссаг дӕр: сырх-сырхид залиаг калм+ авд сӕримӕ ӕмӕ дӕс сыкъаимӕ, йӕ сӕртыл та – авд кадыхуды.  Йӕ къӕдзилӕй+ раласта уӕларвон стъалытӕн се ’ртыккаг хай+ ӕмӕ сӕ зӕхмӕ ӕрӕппӕрста+. Залиаг калм арӕг+ сылгоймаджы+ раз лӕууыд, цӕмӕй, куы ныййардтаид, уӕд ын йӕ сывӕллоны аныхъуырдтаид+.  Сылгоймагӕн райгуырд лӕппу+, фырт – уый ӕппӕт адӕмты дӕр здахдзӕн ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй+. Ӕмӕ сылгоймагӕн йӕ сывӕллон уайтагъд хаст ӕрцыд Хуыцаумӕ, йӕ паддзахбадӕнмӕ+.  Сылгоймаг та алыгъд ӕдзӕрӕг быдырмӕ+, Хуыцау ын бынат кӕм ӕрцӕттӕ кодта, уырдӕм, цӕмӕй йӕ уым иу мин дыууӕсӕдӕ ӕхсай боны+ ӕфсӕстаиккой+.  Ӕмӕ уӕлӕрвты райдыдта хӕст: Михаил+ ӕмӕ йӕ зӕдтӕ схӕцыдысты залиаг калмимӕ, ӕмӕ залиаг калм дӕр йӕ зӕдтимӕ семӕ хӕцыд,  фӕлӕ сыл нӕ фӕтых, ӕмӕ сын уӕлӕрвты бынат нал разынд.  Гъемӕ стыр залиаг калм+, Хӕйрӕг+ ӕмӕ Сайтан+ чи хуыйны, зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр чи сайы+, уыцы рагон калм+, зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд+. Йемӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты йӕ зӕдтӕ дӕр. 10  Ӕмӕ мӕм уӕларвӕй ӕрыхъуыст тыхджын хъӕлӕс: «Ныр нӕ Хуыцау адӕмӕн ирвӕзындзинад+ ӕрхаста, йӕ тых+ раргом, йӕ паддзахад сфидар+ ӕмӕ йӕ Чырыстийы хицаудзинад райдыдта+, уымӕн ӕмӕ ӕппӕрст ӕрцыд не ’фсымӕртыл фауӕвӕрӕг, ӕхсӕвӕй-бонӕй сыл нӕ Хуыцауы раз фаутӕ чи ӕвӕры, уый!+ 11  Ӕмӕ йыл уыдон фӕуӕлахиз сты+ Уӕрыччы тугӕй+ ӕмӕ, цы хабар хъусын кодтой, уымӕй+. Ӕмӕ-иу кӕд мӕлӕты цӕстытӕм дӕр кастысты, уӕддӕр сӕ удтӕ*+ не ’вгъау кодтой. 12  Уӕдӕ цин кӕнут, уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрджытӕ!+ Додой+ зӕххӕн ӕмӕ денджызӕн+, уымӕн ӕмӕ уӕм Хӕйрӕг ныццыд тынг мӕстыйӕ,– зоны йӕ, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад!»+ 13  Залиаг калм уый куы федта, ӕмӕ йӕ зӕхмӕ ӕрӕппӕрстой+, уӕд, лӕппу кӕмӕн райгуырд, уыцы сылгоймаджы+ фӕдыл зилын райдыдта. 14  Фӕлӕ сылгоймагӕн лӕвӕрд ӕрцыд стыр цӕргӕсы+ дыууӕ базыры, цӕмӕй атахтаид ӕдзӕрӕг быдырмӕ+, уым ын цы бынат уыд цӕттӕ, уырдӕм. Уым ӕй ӕфсаддзысты+ рӕстӕг, рӕстӕджытӕ ӕмӕ рӕстӕджы ӕмбис+, ӕмӕ йын калмӕй тӕссаг нӕ уыдзӕн+. 15  Залиаг калм та сылгоймаджы фӕдыл йӕ хъӕлӕсӕй цӕугӕдонау ракалдта дон+, цӕмӕй дзы аныгъуылдаид+. 16  Фӕлӕ зӕхх сылгоймагмӕ ӕххуысмӕ фӕзынд+: йӕ ком байгом кодта ӕмӕ, залиаг калм йӕ хъӕлӕсӕй цы цӕугӕдон ракалдта, уый аныхъуырдта. 17  Ӕмӕ залиаг калм сылгоймагмӕ+ мӕстӕй рафыхт ӕмӕ ацыд, сылгоймаджы цотӕй ма чи баззад, уыдонимӕ тох кӕнынмӕ – Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны ӕмӕ Йесойы тыххӕй хъусын кӕныны+ хӕс кӕуыл ис, уыдонимӕ.

Фиппаинӕгтӕ

Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.