Раргомад 16:1—21
16 Ӕмӕ фехъуыстон, авд зӕдмӕ сыгъдӕг бынатӕй чидӕр хъӕрӕй+ кӕй радзырдта: «Ацӕут ӕмӕ Хуыцауы масты авд къусы зӕххыл акалут»+.
2 Фыццаг зӕд+ ацыд ӕмӕ йӕ къус зӕххыл акалдта+. Ӕмӕ уӕд, сырды нысан кӕуыл уыд+ ӕмӕ йын йӕ нывӕн чи куывта+, уыцы адӕмыл фӕзынд риссаг ӕмӕ ӕвзӕр хъӕдгӕмттӕ+.
3 Дыккаг зӕд+ йӕ къус акалдта денджызыл+. Ӕмӕ денджыз туг фестади+, мард адӕймаджы туджы хуызӕн, ӕмӕ денджызы+ удӕгасӕй ницыуал баззад*.
4 Ӕртыккаг зӕд+ йӕ къус акалдта цӕугӕдӕттыл+ ӕмӕ суадӕттыл, ӕмӕ туг фестадысты+.
5 Ӕмӕ фехъуыстон, дӕттыл кӕй бар цӕуы, уыцы зӕд кӕй загъта: «Раст дӕ ды, чи уыд+ ӕмӕ чи ис, уыцы Хуыцау, иузӕрдион+ Хуыцау, ахӕм тӕрхӕттӕ кӕй рахастай+,
6 уымӕн ӕмӕ уыдон сыгъдӕджыты ӕмӕ пехуымпарты+ туг ныккалдтой, ӕмӕ сын ды туг+ бануазын кодтай. Уыдон уый аккаг сты»+.
7 Ӕмӕ фехъуыстон, нывондхӕссӕн афтӕ кӕй загъта: «О Йегъовӕ, Ӕппӕтхъомысджын+ Хуыцау, дӕ тӕрхӕттӕ сты ӕцӕг ӕмӕ раст»+.
8 Цыппӕрӕм зӕд+ йӕ къус акалдта хурыл, ӕмӕ хурӕн лӕвӕрд ӕрцыд бар, цӕмӕй адӕмы артӕй сыгътаид+.
9 Ӕмӕ адӕм фыртӕвдӕй сыгъдысты, фӕлӕ уӕддӕр фаудтой Хуыцауы ном+ – ацы бӕллӕхтыл кӕй бар цӕуы+, уый ном, ӕмӕ не ’рфӕсмон кодтой ӕмӕ йӕ не скадджын кодтой+.
10 Фӕндзӕм зӕд йӕ къус акалдта сырды паддзахбадӕныл+, ӕмӕ йӕ паддзахад нытталынг+, ӕмӕ адӕм фыррыстӕй се ’взӕгтыл дӕндагӕй хӕцын райдыдтой.
11 Фӕлӕ сӕ рыст ӕмӕ сӕ хъӕдгӕмтты тыххӕй ӕлгъыстой+ уӕларвон Хуыцауы ӕмӕ сӕ митыл не ’рфӕсмон кодтой.
12 Ӕхсӕзӕм зӕд+ йӕ къус акалдта Евфраты+ стыр цӕугӕдоныл, ӕмӕ йӕ дон бахус+, цӕмӕй хурыскӕсӕйнаг паддзӕхтӕн+ фӕндаг цӕттӕ уа.
13 Ӕмӕ федтон, залиаг калмы+ дзыхӕй, сырды+ дзыхӕй ӕмӕ мӕнг пехуымпары+ дзыхӕй кӕй рацыд хӕфсыты+ хуызӕн ӕртӕ ӕлгъаг пехуымпар-ныхасы+.
14 Уыцы ныхӕстӕ цӕуынц+ хӕйрӕджытӕй ӕмӕ аразынц диссӕгтӕ+. Уыдон рацыдысты ӕгас дунейы+ паддзӕхтӕм+, цӕмӕй сӕ ӕрӕмбырд кӕной, Ӕппӕтхъомысджын+ Хуыцауы стыр боны+ чи уыдзӕн, уыцы хӕстмӕ+.
15 «Мӕнӕ, фӕцӕуын давӕгау+. Амондджын у, чи нӕ бафынӕй+ ӕмӕ йӕ уӕлӕдарӕс чи хъахъхъӕны, цӕмӕй бӕгънӕгӕй ма цӕуа ӕмӕ йын адӕм йӕ худинаг ма феной»+.
16 Ӕмӕ паддзӕхты ӕрӕмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон*+ чи хуыйны, уыцы бынатмӕ.
17 Ӕвдӕм зӕд йӕ къус акалдта уӕлдӕфмӕ+, ӕмӕ сыгъдӕг бынатӕй, паддзахбадӕнӕй, чидӕр хъӕрӕй+ радзырдта: «Сӕххӕст!»
18 Ӕмӕ арв нырттывта, райхъуыст хъӕлӕстӕ ӕмӕ арвы нӕрын, ӕмӕ зӕхх тынг нынкъуысыд+. Зӕххыл адӕймаг куы фӕзынд, уӕдӕй нырмӕ+ ахӕм стыр, ахӕм тыхджын зӕххӕнкъуыст+ никуыма уыди.
19 Ӕмӕ стыр горӕт+ ӕртӕ дихы фӕци, адӕмты горӕттӕ дӕр ныппырх сты. Ӕмӕ Хуыцауы зӕрдыл ӕрлӕууыд Стыр Вавилон+, цӕмӕй йын бануазын кӕна йӕ фыдӕхы, йӕ масты сӕны къус+.
20 Ӕмӕ сакъадӕхтӕ иууылдӕр фӕцыдӕр сты, хӕхтӕ дӕр ӕрбайсӕфтысты+.
21 Адӕмыл арвӕй ныууарыд тынг стыр их+, алы ихы къӕрттӕн дӕр йӕ уӕз уыди дыууын килӕйы бӕрц*, ӕмӕ адӕм Хуыцауы ӕлгъыстой+ уыцы бӕллӕхы тыххӕй, ома ихы+ тыххӕй, уымӕн ӕмӕ уый уыд ӕнахуыр стыр бӕллӕх.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «иу цӕрӕг уд дӕр нал баззад»; «уд» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
^ Грекъ. Хармагедо́н – афтӕ хъуысы грекъ. ӕвзагыл дзут. дзырдбаст «Мегиддойы хох».
^ Комк. «йӕ уӕз уыд иу талант». Кӕс Уӕлӕмх. 18.