Раргомад 17:1—18

17  Авд къусы+ кӕмӕ уыди, уыцы авд зӕдӕй иу ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕмӕ дын фенын кӕнон, бирӕ дӕттыл чи бады+, йӕ ном хъуыстгонд кӕмӕн у, уыцы хӕтаг сылгоймаджы+ цы тӕрхон баййафдзӕн, уый.  Йемӕ хӕтыдысты зӕххон паддзӕхтӕ+, ӕмӕ зӕххыл цӕрӕг адӕм срасыг сты йӕ хӕтындзинады сӕнӕй»+.  Ӕмӕ мӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы+ руаджы ахаста ӕдзӕрӕг быдырмӕ. Ӕмӕ федтон иу сылгоймаджы сырх-сырхид сырдыл+ бадгӕ. Сырд йедзаг уыди Хуыцауы фауӕн нӕмттӕй+, уыдис ын авд сӕры+ ӕмӕ дӕс сыкъайы.  Сылгоймаджы уӕлӕ уыди тарсырх+ ӕмӕ сӕнтсырх+ дарӕс, сызгъӕринтӕ, зынаргъ дуртӕ ӕмӕ налхъуыттӕ*+, йӕ къухы та уыд сызгъӕрин къус+, йӕ хӕтындзинады ӕлгъаг+ ӕмӕ чъизи митӕй йедзаг+.  Йӕ ныхыл фыст уыди сусӕг ном+: «Стыр Вавилон, хӕтаг сылгоймӕгты+ ӕмӕ зӕххон ӕлгъаг миты мад»+.  Ӕмӕ федтон, уыцы сылгоймаг кӕй уыд расыг сыгъдӕджыты тугӕй+ ӕмӕ Йесойы ӕвдисӕнты тугӕй+. Куы йӕ федтон, уӕд тынг бадис кодтон+.  Ӕмӕ мын уӕд зӕд загъта: «Цӕуыл дис кӕныс? Ӕз дын зӕгъдзынӕн ацы сылгоймаджы сусӕгдзинад+ ӕмӕ, кӕуыл бады, уыцы авдсӕрон ӕмӕ дӕссыкъаджын сырды сусӕгдзинад+:  кӕй федтай, уыцы сырд уыд+ ӕмӕ нал ис, фӕлӕ тагъд схиздзӕн дӕлдзӕхӕй+ ӕмӕ йе сӕфт ӕрцӕудзӕн. Зӕххыл цӕрӕг адӕм уый куы феной, ӕмӕ сырд кӕй уыд, кӕй нал ис ӕмӕ та кӕй уыдзӕн, уӕд дисы бафтдзысты. Уыдоны нӕмттӕ дунейы фӕзындӕй* фӕстӕмӕ+ царды тыхтоны фыст не ’рцыдысты+.  Ам хъӕуы ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ зонд+: авд сӕры+ сты, сылгоймаг кӕуыл бады, уыцы авд хохы+. 10  Уыдон ма ӕвдисынц авд паддзахы: фондз дзы бабын сты+, иу дзы ис+ ныртӕккӕ, иннӕ та нӕма ӕрцыд+, фӕлӕ куы ’рцӕуа, уӕд бирӕ нӕ ахӕсдзӕн+. 11  Чи уыд ӕмӕ чи нал ис, уыцы сырд+ ма йӕхӕдӕг у ӕстӕм паддзах дӕр, фӕлӕ равзӕрд авд паддзахӕй ӕмӕ цӕуы сӕфтмӕ. 12  Цы дӕс сыкъайы федтай, уыдон сты, паддзахад чи нӕма райста, уыцы дӕс паддзахы+. Уыдон сырдимӕ иумӕ райсдзысты паддзахы бартӕ, фӕлӕ ӕрмӕст иу сахаты ӕмгъуыдмӕ. 13  Уыдонмӕ ис иу фӕнд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ тых ӕмӕ сӕ бартӕ дӕттынц сырдӕн+. 14  Ӕмӕ стох кӕндзысты Уӕрыккимӕ+, фӕлӕ сыл Уӕрыкк фӕуӕлахиз уыдзӕн+, уымӕн ӕмӕ уый у хицӕутты Хицау ӕмӕ паддзӕхты Паддзах+. Йемӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, хуынд чи у, уыдон, ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ иузӕрдионтӕ»+. 15  Зӕд мын загъта: «Ды федтай, хӕтаг сылгоймаг кӕуыл бады, уыцы дӕттӕ – уыдон сты адӕмыхӕттытӕ, дзыллӕтӕ, адӕмтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕ+. 16  Цы дӕс сыкъайы+ ӕмӕ сырды+ федтай, уыдон хӕтаг сылгоймагӕй се сӕфт фендзысты+, ницыуал ын ныууадздзысты, сбӕгънӕг ӕй кӕндзысты, йӕ буар ын бахӕрдзысты ӕмӕ йӕ арты басудздзысты+, 17  уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау сӕ зӕрдӕты бавӕрдта йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын+, ома уыдонӕн сӕ иумӕйаг фӕнд сӕххӕст кӕнын: сӕ паддзахад сырды къухмӕ раттын+, цалынмӕ Хуыцауы ныхӕстӕ нӕ сӕххӕст уой, уӕдмӕ+. 18  Цы сылгоймаджы+ федтай, уый та у, зӕххон паддзӕхтыл йӕ бар кӕмӕн цӕуы, уыцы стыр горӕт»+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «дзындзытӕ»; уырыс. «жемчуг».
Комк. «мыггаг ӕппӕрст куы ӕрцыд, уӕдӕй». Уый амоны Адам ӕмӕ Евӕйы сывӕллӕттӕм.