Раргомад 20:1—15
20 Ӕмӕ федтон уӕларвӕй иу зӕды ӕрцӕйцӕугӕ. Йӕ къухы уыд дӕлдзӕхы+ дӕгъӕл ӕмӕ стыр рӕхыс.
2 Уыцы зӕд ӕрцахста залиаг калмы+, Хӕйрӕг+ ӕмӕ Сайтан+ чи у, уыцы рагон калмы+, ӕмӕ йӕ мин азмӕ сбаста.
3 Дӕлдзӕхмӕ+ йӕ ныппӕрста, сӕхгӕдта йӕ ӕмӕ йыл мыхуыр сӕвӕрдта, цӕмӕй адӕмты мауал сайа, цалынмӕ мин азы нӕ рацӕуа, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ цыбыр рӕстӕгмӕ уагъд ӕрцӕудзӕн+.
4 Ӕмӕ федтон паддзахбадӕнтӕ+ ӕмӕ сыл чи сбадт, уыдоны. Ӕмӕ сын лӕвӕрд ӕрцыд тӕрхон кӕныны бар+. Федтон ма, Йесойы тыххӕй кӕй хъусын кодтой ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй кӕй дзырдтой, уый тыххӕй сӕ сӕртӕ кӕмӕн акъуырдтой, уыдоны удтӕ дӕр, ома, нӕдӕр сырдӕн+, нӕдӕр йӕ нывӕн+ чи нӕ бакуывта ӕмӕ йӕ ныхыл ӕмӕ йӕ къухыл нысан+ сӕвӕрын чи нӕ бауагъта, уыдоны удтӕ. Уыдон райгас сты ӕмӕ Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ+ уыдысты мин азы.
5 (Иннӕ мӕрдтӕ+ нӕ райгас сты, цалынмӕ мин азы нӕ рацыд, уӕдмӕ.)+ Уый у фыццаг+ райгасы хабар.
6 Амондджын+ ӕмӕ ӕнӕфау*+ сты, фыццаг чи райгас уа, уыдон – дыккаг мӕлӕты+ бар сыл нӕ цӕуы+, фӕлӕ уыдзысты Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы сауджынтӕ+, ӕмӕ йемӕ паддзӕхтӕ уыдзысты мин азы+.
7 Уыцы мин азы куы фӕуой, уӕд Сайтан йӕ ахӕстонӕй уагъд ӕрцӕудзӕн.
8 Ӕмӕ рацӕудзӕн, цӕмӕй фӕсайа зӕххӕн йӕ цыппар кӕроны цӕрӕг адӕмты – Гогы ӕмӕ Магогы – ӕмӕ сӕ цӕмӕй хӕстмӕ ӕрӕмбырд кӕна. Сӕ нымӕц уыдзӕн денджызы змисау+.
9 Ӕмӕ рацыдысты ӕгас зӕххыл ӕмӕ ӕртыхстысты сыгъдӕджыты+ лӕууӕн бынатыл ӕмӕ уарзон горӕтыл+. Фӕлӕ арвӕй ӕрцыд арт ӕмӕ сӕ аныхъуырдта+.
10 Чи сӕ сайдта, уыцы Хӕйрӕг+ та ӕппӕрст ӕрцыд судзгӕ сондоны цады, сырд+ дӕр ӕмӕ мӕнг пехуымпар+ дӕр кӕм уыдысты, уырдӕм, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнусӕй-ӕнусмӕ хъизӕмар кӕндзысты.
11 Ӕмӕ федтон стыр урс паддзахбадӕн ӕмӕ йыл чи бадти, уый дӕр+. Уымӕн йӕ разӕй фӕлыгъдысты зӕхх ӕмӕ арв+, ӕмӕ сын бынат нал разынд.
12 Федтон мӕрдты дӕр, номдзыдты ӕмӕ хуымӕтӕгты+, паддзахбадӕны раз лӕугӕ, ӕмӕ тыхтӕттӕ байгом сты. Байгом ма ӕндӕр тыхтон дӕр – царды тыхтон+. Ӕмӕ мӕрдтӕ тӕрхонгонд цыдысты, тыхтӕтты сӕ кӕмӕн цы хъуыддӕгтӕ уыд фыст, уыдонмӕ гӕсгӕ+.
13 Ӕмӕ денджыз радта, чи дзы уыди, уыцы мӕрдты, мӕлӕт ӕмӕ ингӕн* дӕр радтой, чи дзы уыд, уыцы мӕрдты+, ӕмӕ сӕ алчидӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ тӕрхонгонд ӕрцыд+.
14 Мӕлӕт+ ӕмӕ ингӕн та ӕппӕрст ӕрцыдысты судзгӕ цады. Уыцы судзгӕ цад+ нысан кӕны дыккаг мӕлӕт+.
15 Царды чиныджы+ фыст чи нӕ уыд, уыдон дӕр ӕппӕрст ӕрцыдысты судзгӕ цады+.