Раргомад 21:1—27
21 Ӕмӕ федтон ног арв+ ӕмӕ ног зӕхх+. Раздӕры арв+ ӕмӕ раздӕры зӕхх+ та нал сты, нал ис денджыз+ дӕр.
2 Федтон ма ноджыдӕр, уӕларвӕй+, Хуыцауӕй, кӕй ӕрцӕйцыд сыгъдӕг горӕт+ – Ног Иерусалим – йӕ мойагӕн+ чындзау рӕсугъд арӕзтӕй+.
3 Ӕмӕ мӕм паддзахбадӕнӕй райхъуыст тыхджын хъӕлӕс: «Акӕс-ма! Хуыцауы цатыр+ ис адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау цӕрдзӕн+ семӕ, ӕмӕ уыдон уыдзысты йӕ адӕм+. Ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг уыдзӕн семӕ+.
4 Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ+, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт+, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст+. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта»+.
5 Уӕд, паддзахбадӕныл чи бадт+, уый загъта: «Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!»+ Ӕмӕ мын афтӕ: «Ныффысс, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг».
6 Стӕй ма мын загъта: «Сӕххӕст сты ацы ныхӕстӕ! Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон+. Дойны кӕмӕн у, уымӕн лӕвар ратдзынӕн дон царды суадонӕй+.
7 Уӕлахиздзау уыдӕттӕй райсдзӕн хай*, ӕмӕ ӕз уыдзынӕн йӕ Хуыцау+, уый та уыдзӕн мӕ фырт+.
8 Ӕнӕныфсхаст чи у, уырнындзинад кӕмӕ нӕй+, цъаммар митӕ чи кӕны+, лӕгмар чи у+, хӕтгӕ чи кӕны+, хинтӕ-кӕлӕнтӕ чи кӕны, мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы+, уыдонӕн ӕмӕ, сайгӕ чи кӕны+, ӕппӕт уыдонӕн та сӕ бынат уыдзӕн судзгӕ+ сондоны цады+. Уый нысан кӕны дыккаг мӕлӕт»+.
9 Фӕстаг авд бӕллӕхӕй+ дзаг авд къусы цы авд зӕдмӕ уыдысты, уыдонӕй мӕм иу ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕмӕ дын равдисон чындзы, Уӕрыччы усаджы»+.
10 Ӕмӕ мӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы руаджы ахаста стыр ӕмӕ бӕрзонд хохмӕ+ ӕмӕ мын равдыста сыгъдӕг горӕт+ Иерусалим, уӕларвӕй, Хуыцауӕй, чи ӕрцӕйцыд+
11 ӕмӕ Хуыцауы кадӕй тӕмӕнтӕ чи калдта, уый+. Уыцы горӕт цӕхӕртӕ калдта тӕккӕ зынаргъдӕр дурау, ӕрттывта сыгъдӕг дзӕнхъайы хуызӕн яшмӕйау+.
12 Уыдис ын стыр ӕмӕ бӕрзонд къул+ ӕмӕ дыууадӕс кулдуары, кулдуӕртты раз лӕууыди дыууадӕс зӕды, ӕмӕ кулдуӕрттыл фыст уыд израилӕгты дыууадӕс мыггаджы нӕмттӕ+.
13 Ӕртӕ кулдуары дзы уыди скӕсӕнырдыгӕй, ӕртӕ кулдуары – цӕгатырдыгӕй, ӕртӕ кулдуары – хуссарырдыгӕй ӕмӕ ӕртӕ кулдуары – ныгуылӕнырдыгӕй+.
14 Горӕты къулӕн йӕ бындуры уыди дыууадӕс дуры+, уыдоныл та фыст уыд Уӕрыччы дыууадӕс апостолы+ дыууадӕс номы.
15 Мемӕ чи ныхас кодта, уымӕн йӕ къухы уыди барӕн – сызгъӕрин хъӕз лӕдзӕг+, цӕмӕй сбарстаид горӕт, кулдуӕрттӕ ӕмӕ къул+.
16 Горӕт у цыппӕрдигъон, йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх сты ӕмхуызон. Зӕд хъӕз лӕдзӕгӕй горӕт сбарста+, ӕмӕ рауад дыууадӕс мин стадийы*. Йӕ дӕргъ, йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд сты ӕмхуызон.
17 Сбарста горӕты къул дӕр, ӕмӕ рауад сӕдӕ цыппор цыппар ӕлмӕрины*, адӕймаджы нымадӕй дӕр ӕмӕ зӕды нымадӕй дӕр.
18 Горӕты къул арӕзт уыд яшмӕйӕ+, горӕт йӕхӕдӕг та – ирд авджы хуызӕн сыгъдӕг сызгъӕринӕй.
19 Къулты бындуртӕ+ рӕсугъд арӕзт уыдысты алыхуызон зынаргъ дуртӕй+: фыццаг бындур – яшмӕйӕ+, дыккаг – сапфирӕй+, ӕртыккаг – халцедонӕй, цыппӕрӕм – изумрудӕй+,
20 фӕндзӕм – сардониксӕй, ӕхсӕзӕм – сердоликӕй, ӕвдӕм – хризолитӕй+, ӕстӕм – бериллӕй, фарӕстӕм – топазӕй+, дӕсӕм – хризопразӕй, иуӕндӕсӕм – гиацинтӕй, дыууадӕсӕм – аметистӕй+.
21 Дыууадӕс кулдуары та уыдысты дыууадӕс налхъуыты*, алы кулдуар дӕр – иу налхъуытӕй+. Горӕты стыр уынг та уыд ирд авджы хуызӕн сыгъдӕг сызгъӕринӕй.
22 Кувӕндон та дзы нӕ федтон+, уымӕн ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын+ Хуыцау Йегъовӕ+ ӕмӕ Уӕрыкк+ сты йӕ кувӕндон+.
23 Горӕты нӕдӕр хуры рухс хъӕуы, нӕдӕр мӕйы рухс, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцауы кад рухс кодта+, Уӕрыкк та уыд йӕ цырагъ+.
24 Адӕмтӕ цӕудзысты йӕ рухсы+, ӕмӕ йӕм зӕххон паддзӕхтӕ хӕсдзысты сӕ кад+.
25 Йӕ кулдуӕрттӕ йын бонӕй никуы ӕхгӕндзысты+, ӕхсӕв дзы ӕппындӕр нӕ уыдзӕн+.
26 Ӕмӕ йӕм хӕсдзысты адӕмты кад ӕмӕ намыс+.
27 Сыгъдӕг цы нӕу, уый, стӕй цъаммар митӕ чи кӕны+ ӕмӕ чи сайы+, уыдон уырдӕм нӕ бацӕудзысты+. Уырдӕм бацӕудзысты, Уӕрыччы царды тыхтоны фыст чи у, ӕрмӕстдӕр уыдон+.