Раргомад 22:1—21
22 Зӕд мын равдыста царды доны цӕугӕдон+, дзӕнхъайау сыгъдӕг. Уыцы цӕугӕдон калди Хуыцауы ӕмӕ Уӕрыччы паддзахбадӕнӕй+
2 горӕты стыр уынджы астӕуты. Цӕугӕдонӕн йӕ дыууӕ фарс дӕр уыди царды бӕлӕстӕ+, ӕмӕ уыцы бӕлӕстӕ дыргъ дӕттынц афӕдз дыууадӕс хатты, алы мӕй дӕр+. Сӕ сыфтӕр та у адӕмы дзӕбӕх кӕнынӕн+.
3 Горӕты ӕлгъыстагӕй ницыуал уыдзӕн+. Уым уыдзӕн Хуыцауы+ ӕмӕ Уӕрыччы+ паддзахбадӕн, ӕмӕ дзы Хуыцауӕн йӕ цагъартӕ лӕггад кӕндзысты+.
4 Уыдон ын уындзысты йӕ цӕсгом+, ӕмӕ йӕ ном фыст уыдзӕн сӕ ныхтыл+.
5 Горӕты нал уыдзӕн ӕхсӕв+, ӕмӕ сӕ нӕ хъӕудзӕн нӕдӕр цырагъы рухс, нӕдӕр хуры рухс, уымӕн ӕмӕ сын рухс кӕндзӕн Йегъовӕ Хуыцау+, ӕмӕ уыдон уыдзысты паддзӕхтӕ ӕнусӕй-ӕнусмӕ+.
6 Ӕмӕ мын загъта: «Ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг+. Йегъовӕ, пехуымпарты+ уылты чи дзуры+, уыцы Хуыцау, рарвыста йӕ зӕды, цӕмӕй йӕ цагъартӕн равдиса, тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ’рцӕуа, уыдӕттӕ+.
7 Ӕз тагъд ӕрцӕудзынӕн+. Амондджын у, ацы тыхтоны пехуымпар-ныхӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, уый»+.
8 Ӕз, Иоанн, фехъуыстон ӕмӕ федтон уыдӕттӕ. Куы сӕ фехъуыстон ӕмӕ сӕ куы федтон, уӕд мын уыдӕттӕ чи равдыста, уыцы зӕды раз мӕ зонгуытыл ӕрхаудтӕн, бакувон ын, зӕгъгӕ+,
9 фӕлӕ мын уый загъта: «Ма кӕ, афтӕ ма бакӕн! Ӕз дӕр де ’мкусӕг дӕн, дӕуӕн ӕмӕ де ’фсымӕртӕн, пехуымпартӕн+, ӕмӕ, ацы тыхтоны ныхӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн. Хуыцауӕн бакув»+.
10 Стӕй ма мын загъта: «Ацы тыхтоны пехуымпар-ныхӕстыл мыхуыр ма сӕвӕр, уымӕн ӕмӕ ӕмгъуыды рӕстӕг ӕрхӕстӕг ис+.
11 Фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уый дарддӕр дӕр фыдхъуыддӕгтӕ кӕнӕд+, чъизи чи у, уый дарддӕр дӕр йӕхи чъизи кӕнӕд+. Рӕстгӕнӕг+ та дарддӕр дӕр раст хъуыддӕгтӕ кӕнӕд, ӕмӕ, сыгъдӕг чи у, уый дарддӕр дӕр йӕхи сыгъдӕг кӕнӕд+.
12 „Ӕз тагъд ӕрцӕудзынӕн+. Цы хорзӕхӕй+ хайджын кӕнын, уый мемӕ ис, цӕмӕй, кӕмӕн цы ’мбӕлы, уый раттон+.
13 Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ+, фыццаг ӕмӕ фӕстаг+, райдиан ӕмӕ кӕрон.
14 Амондджын сты, йӕ дарӕс чи ныхсадта+, уыдон, цӕмӕй сын уа царды бӕлӕсты+ дыргътӕй хӕрыны бар ӕмӕ горӕтмӕ кулдуарыл бацӕуыны бар+.
15 Ӕддейӕ та сты хӕлд адӕм*+, хинтӕ-кӕлӕнтӕ чи кӕны+, хӕтгӕ чи кӕны+, лӕгмар чи у, мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы, сайын чи уарзы ӕмӕ чи сайы, уыдон“+.
16 „Ӕз, Йесо, арвыстон мӕ зӕды, цӕмӕй уын ацы хабӕрттӕ фехъусын кӕна ӕмӕ ӕмбырдтӕн пайда ӕрхӕссой. Ӕз дӕн Давиды бындзӕфхад+, йӕ байзӕддаг+, тӕмӕнтӕкалгӕ сӕууон стъалы“»+.
17 Хуыцауы сыгъдӕг тых+ ӕмӕ чындз+ дзурынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!»+ Ӕмӕ дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд+, ӕмӕ кӕй фӕнды, уый царды дон лӕвар айсӕд+.
18 «Ацы тыхтоны пехуымпар-ныхӕстӕ чидӕриддӕр хъусы, уыдонӕн ӕз зӕгъын: адӕттӕм исчи исты куы бафтауа+, уӕд ыл Хуыцау бафтаудзӕн, тыхтоны кӕй кой ис, уыцы бӕллӕхтӕ+,
19 ӕмӕ ацы тыхтоны пехуымпар-ныхӕстӕй исчи исты куы аппара, уӕд ӕй Хуыцау, тыхтоны цы фыст ис, уымӕй ӕнӕхай фӕкӕндзӕн – нӕ йын ратдзӕн царды бӕлӕсты+ дыргътӕй хӕрыны бар ӕмӕ сыгъдӕг горӕтмӕ+ бацӕуыны бар.
20 Ацы хабӕрттӕн ӕвдисӕн чи лӕууы, уый зӕгъы: „О, тагъд ӕрцӕудзынӕн“»+.
«Аммен! Ӕрцу, Хицау Йесо».
21 Сыгъдӕджытӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй хайджын уӕнт+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «куыйтӕ».