Раргомад 4:1—11
4 Уый фӕстӕ федтон арвы дуар гомӕй, ӕмӕ, фыццаг цы хъӕлӕс фехъуыстон,– сыкъауадындзау+ чи нӕрыд,– уый мын загъта: „Ссу ардӕм+ ӕмӕ дын равдисон, цытӕ хъуамӕ ’рцӕуа, уыдӕттӕ“+.
2 Уӕд ӕз ӕвиппайды Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын дӕн ӕмӕ федтон ахӕм ныв: уӕлӕрвты+ лӕууы паддзахбадӕн+, ӕмӕ паддзахбадӕныл чидӕр бады+.
3 Чи йыл бадти, уымӕн йӕ хуыз+ уыд яшмӕйы+ ӕмӕ зынаргъ сырх дуры хуызӕн, паддзахбадӕны алыварс та уыди арвӕрдын+, изумруды+ хуызӕн.
4 Паддзахбадӕны алыварс уыди дыууын цыппар паддзахбадӕны+ ӕмӕ сыл бадтис дыууын цыппар+ хистӕр лӕджы+. Сӕ уӕлӕ уыди урс дарӕстӕ+, сӕ сӕртыл та – сызгъӕрин кадыхудтӕ+.
5 Паддзахбадӕнӕй цыди арвӕрттывдтытӕ+, хъуысти дзы хъӕлӕстӕ ӕмӕ арвы нӕрын+. Паддзахбадӕны раз та сыгъди авд цырагъы+. Уыцы авд цырагъы ӕвдисынц Хуыцауы авд ӕнӕуынгӕ тыхы+.
6 Паддзахбадӕны раз ма уыд авгӕй денджызы+ хуызӕн цыдӕр, дзӕнхъайау* ирд.
Паддзахбадӕны хӕдастӕу ӕмӕ йӕ алыварс уыди цыппар херувимы+ – разӕй дӕр ӕмӕ фӕстейӕ дӕр уыдысты цӕстытӕй йедзаг.
7 Фыццаг херувим уыд домбайы+ хуызӕн, дыккаг – уӕныджы+ хуызӕн, ӕртыккагӕн+ йӕ цӕсгом уыд адӕймаджы цӕсгомы хуызӕн, цыппӕрӕм+ та уыди тӕхгӕ цӕргӕсы+ хуызӕн.
8 Уыцы цыппар херувимӕй+ алкӕмӕн дӕр уыд фӕйнӕ ӕхсӕз базыры+, алырдыгӕй ӕмӕ мидӕгырдыгӕй дӕр уыдысты цӕстытӕй йедзаг+. Ӕхсӕвӕй-бонӕй улӕфт нӕ зонынц ӕмӕ дзурынц: „Сыгъдӕг у, сыгъдӕг у, сыгъдӕг у Йегъовӕ+ Хуыцау, Ӕппӕтхъомысджын+ Хуыцау, чи уыд, чи ис+ ӕмӕ чи ’рцӕуы, уый“.
9 Ӕмӕ херувимтӕ, паддзахбадӕныл чи бады+ ӕмӕ ӕнусӕй-ӕнусмӕ чи цӕры+, уымӕн кады, намысы ӕмӕ арфӕйы ныхӕстӕ+ куы фӕдзурынц,
10 уӕд дыууын цыппар хистӕр лӕджы+, паддзахбадӕныл чи бады ӕмӕ ӕнусӕй-ӕнусмӕ чи цӕры, уый раз сӕ зонгуытыл ӕрхауынц ӕмӕ йын бакувынц+, паддзахбадӕны раз сӕ кадыхудтӕ ӕрӕппарынц ӕмӕ фӕзӕгъынц:
11 „О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад+ ӕмӕ намысы+ аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау+, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай+ ӕмӕ ӕппӕт дӕр дӕ фӕндонмӕ+ гӕсгӕ ис ӕмӕ фӕзынд“»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ «Дзӕнхъа» – уырыс. «хрусталь». Кӕс Рар 21:11; 22:1 дӕр.