Рацыд 14:1—31

14  Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта:  «Израилы фырттӕн зӕгъ, цӕмӕй фӕстӕмӕ раздӕхой ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрой Пи-Гахирофы раз, Мигдол ӕмӕ денджызы ’хсӕн, Ваал-Цефонмӕ хӕстӕг+. Ваал-Цефоны акомкоммӕ денджызы был ӕрӕвӕрут уӕ цатыртӕ.  Фараон Израилы фырттӕй зӕгъдзӕн: „Фӕдзӕгъӕл сты. Ӕдзӕрӕг быдырӕй сын рацӕуӕн никӕдӕмуал ис“+.  Ӕмӕ ӕз фараоны йӕхи бар ауадздзынӕн, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ныддур кӕндзӕн+ ӕмӕ сӕ фӕстейӕ асурдзӕн. Уӕд ӕз фараоны ӕмӕ йе ’фсӕдтӕ иууылдӕр ныппырх кӕндзынӕн+ ӕмӕ афтӕмӕй мӕхи скадджын кӕндзынӕн. Ӕмӕ йӕ египетӕгтӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ»+. Ӕмӕ Израилы фырттӕ дӕр афтӕ бакодтой.  Цасдӕры фӕстӕ Египеты паддзахӕн фӕхабар кодтой, уыцы адӕм алыгъдысты, зӕгъгӕ. Ӕмӕ фараон, стӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр ӕвиппайды сӕ хъуыды аивтой+ ӕмӕ загътой: «Ай цы бакуыстам? Цӕмӕн ауагътам израилӕгты, нӕ цагъартӕ+ куы уыдысты?»  Гъемӕ фараон йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ арӕвдз кӕнын кодта ӕмӕ йӕ адӕмы дӕр йемӕ акодта+.  Йемӕ ракодта ӕхсӕзсӕдӕ хуыздӕр бӕхуӕрдоны+ ӕмӕ ма Египеты цы бӕхуӕрдӕттӕ уыди, уыдон иууылдӕр, алкӕцыйыл дӕр дзы – хӕстонтӕ.  Ӕмӕ Йегъовӕ фараоны, Египеты паддзахы, йӕхи бар ауагъта, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ныддур кодта+ ӕмӕ Израилы фыртты фӕстейӕ асырдта. Израилы фырттӕ та ныфсджынӕй* цыдысты размӕ+.  Египетӕгтӕ сӕ фӕстейӕ асырдтой, ӕмӕ фараоны бӕхуӕрдӕттӕ, йӕ барджытӕ+ ӕмӕ йе ’фсӕдтӕ баввахс сты израилӕгтӕм – денджызы был, Пи-Гахирофы раз, Ваал-Цефонмӕ хӕстӕг сӕ цатыртӕ кӕм ӕрӕвӕрдтой, уыцы бынатмӕ+. 10  Фараон куы ’рбаввахс, уӕд Израилы фырттӕ акастысты, ӕмӕ сӕ уӕртӕ египетӕгтӕ ӕрбасурынц. Ӕмӕ Израилы фырттӕ тынг фӕтарстысты ӕмӕ Йегъовӕмӕ сдзынӕзтой+. 11  Ӕмӕ Моисейӕн загътой: «Ардӕм нӕ, ӕдзӕрӕг быдырмӕ, мӕлынмӕ ракодтай?+ Ӕмӕ уӕд ӕгас Египеты, кӕм нӕ баныгӕдтаиккой, ахӕм бынат нал уыди? Цы нын бакуыстай, цӕмӕн нӕ ракодтай Египетӕй? 12  Египеты ма куы уыдыстӕм, уӕд дын нӕ дзырдтам, ныууадз нӕ, египетӕгтӕн кусдзыстӕм, зӕгъгӕ? Ӕдзӕрӕг быдыры амӕлыны бӕсты фӕлтау египетӕгтӕн куыстаиккам»+. 13  Уӕд Моисей адӕмӕн загъта: «Ма тӕрсут+. Фидар лӕуут ӕмӕ кӕсут, Йегъовӕ уӕ абон куыд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ+. Зӕгъын уын: ныртӕккӕ кӕй уынут, уыцы египетӕгты никуыуал фендзыстут+. 14  Йегъовӕ йӕхӕдӕг тохы бацӕудзӕн сымах тыххӕй+. Сымах та ӕнцад лӕудзыстут». 15  Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Цы мӕм дзыназыс?+ Израилы фырттӕн зӕгъ, цӕмӕй сӕ цатыртӕ сисой. 16  Ды та дӕ лӕдзӕгыл+ схӕц, денджызмӕ йӕ адар ӕмӕ денджыз фӕдих кӕн+, цӕмӕй Израилы фырттӕ денджызы астӕуты сур зӕххыл ацӕуой+. 17  Ӕз та египетӕгты сӕхи бар ауадздзынӕн, ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кӕндзысты+, ӕмӕ сӕ фӕдыл денджызмӕ бацӕудзысты. Ӕмӕ уӕд ӕз ныддӕрӕн кӕндзынӕн фараоны ӕмӕ йе ’ппӕт ӕфсӕдты, йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ барджыты, ӕмӕ афтӕмӕй мӕхи скадджын кӕндзынӕн+. 18  Ӕмӕ фараоны, йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ йын йӕ барджыты куы ныддӕрӕн кӕнон ӕмӕ афтӕмӕй мӕхи куы скадджын кӕнон, уӕд ӕй египетӕгтӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ»+. 19  Уӕд ӕцӕг Хуыцауы зӕд+, израилӕгты разӕй чи цыд, уыцы зӕд ацыд ӕмӕ сӕ фӕстӕ слӕууыд, ӕмӕ мигъы хуызӕн цӕджындз дӕр ацыд ӕмӕ сӕ фӕстӕ слӕууыд+. 20  Цӕджындз уыди египетӕгты ӕмӕ израилӕгты ’хсӕн+. Иуырдыгӕй уыди мигъы хуызӕн ӕмӕ талынг дардта, иннӕрдыгӕй та ӕхсӕвы рухс кодта+. Ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв египетӕгтӕн сӕ бон нӕ баци израилӕгтӕм хӕстӕг бацӕуын. 21  Гъемӕ Моисей йӕ къух денджызмӕ адардта+, ӕмӕ Йегъовӕ скӕсӕнӕй тыхджын дымгӕ рауагъта ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв денджызы дон тардта. Ӕмӕ дон дыууӕ дихы фӕци+ ӕмӕ денджызӕн йӕ бын бахус+. 22  Ӕмӕ уӕд Израилы фырттӕ денджызы астӕуты сур зӕххыл ацыдысты+, дон та сӕ рахиз фарс ӕмӕ сӕ галиу фарс къултау лӕууыд+. 23  Уӕд сӕ египетӕгтӕ дӕр фӕстейӕ асырдтой, ӕмӕ фараоны бӕхтӕ, йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ барджытӕ иууылдӕр денджызы астӕумӕ сӕ фӕдыл бацыдысты+. 24  Боныцъӕхтыл* Йегъовӕ артау судзгӕ ӕмӕ мигъы хуызӕн цӕджындзӕй+ египетӕгтӕм акаст, ӕмӕ кӕрӕдзи мидӕг систы+. 25  Афтӕ бакодта, ӕмӕ сӕ бӕхуӕрдӕтты цӕлхытӕ хауын райдыдтой, ӕмӕ бӕхуӕрдӕттӕ размӕ нал цыдысты+. Ӕмӕ уӕд египетӕгтӕ загътой: «Лидзӕм израилӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ сӕ сӕрыл тохы бацыд египетӕгтимӕ»+. 26  Фӕстагмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Дӕ къух денджызмӕ адар+, цӕмӕй дон йӕ бынатмӕ раздӕха ӕмӕ египетӕгтӕ, сӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ дӕр ӕмӕ сӕ барджытӕ дӕр, доны бын фӕуой». 27  Моисей дӕр уайтагъд йӕ къух денджызмӕ адардта, ӕмӕ райсоммӕ денджызы дон фӕстӕмӕ йӕ раздӕры бынатмӕ ӕрцыди. Египетӕгтӕ ма бӕргӕ архайдтой донӕй алидзыныл, фӕлӕ сӕ Йегъовӕ денджызы ныккалдта+. 28  Денджызы дон йӕ бынатмӕ здӕхт+, ӕмӕ ӕппынфӕстаг фараоны ӕфсады бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ барджытӕ, Израилы фыртты фӕдыл денджызмӕ чи бацыд, уыдон иууылдӕр доны бын фесты+. Иу дӕр сӕ нӕ аирвӕзт+. 29  Израилы фырттӕ та ахызтысты сур зӕххыл, денджызы быныл+, дон та сӕ рахиз фарс ӕмӕ сӕ галиу фарс къултау лӕууыд+. 30  Уыцы бон Йегъовӕ израилӕгты фервӕзын кодта египетӕгты къухӕй+. Ӕмӕ израилӕгтӕ египетӕгтӕн сӕ мӕрдтӕ федтой денджызы былыл+. 31  Израилӕгтӕ ма федтой, Йегъовӕ, египетӕгтимӕ хӕцгӕйӕ, йе стыр тых куыд равдыста, уый дӕр. Ӕмӕ адӕм Йегъовӕйӕ тӕрсын райдыдтой ӕмӕ баууӕндыдысты Йегъовӕйыл дӕр ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Моисейыл дӕр+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «сӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ».
Дзуттӕгтӕм уый уыди ӕртыккаг, фӕстаг хъахъхъӕнӕн афон, ӕхсӕвы 2 сахатӕй райсомы 6 сахатмӕ.