Рацыд 4:1—31

4  Фӕлӕ та Моисей загъта: «Ӕмӕ мыл куы нӕ баууӕндой ӕмӕ мӕм куы нӕ байхъусой+, афтӕ мын куы зӕгъой, нӕ дӕм фӕзынд Йегъовӕ, зӕгъгӕ, уӕд та?»  Уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Уый дӕ къухы цы ис?» Моисей йын дзуапп радта: «Лӕдзӕг»+.  Ӕмӕ йын уӕд загъта: «Аппар-ма йӕ зӕхмӕ». Гъемӕ йӕ Моисей дӕр зӕхмӕ аппӕрста, ӕмӕ лӕдзӕг калм фестад+, ӕмӕ дзы Моисей лидзынмӕ фӕци.  Фӕлӕ йын Йегъовӕ загъта: «Ныххӕц ын йӕ къӕдзилыл ӕмӕ йӕ сис». Моисей дӕр ӕй систа, ӕмӕ калм йӕ къухы лӕдзӕг фестад.  «Афтӕ хъуамӕ бакӕнай,– загъта йын Хуыцау,– цӕмӕй сӕ бауырна, кӕй дӕм фӕзынди Йегъовӕ, сӕ фыдӕлты Хуыцау+, Авраамы+ Хуыцау, Исахъы+ Хуыцау ӕмӕ Иаковы+ Хуыцау»+.  Уый фӕстӕ та йын Йегъовӕ загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, дӕ къух-ма дӕ роны* бакӕн». Уый дӕр йӕ къух йӕ роны бакодта. Ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ куы райста, уӕд кӕсы, ӕмӕ йӕ къух хъотырӕй митау урс фестад!+  Стӕй та йын загъта: «Дӕ къух фӕстӕмӕ дӕ роны бакӕн». Уый дӕр та йӕ къух йӕ роны бакодта. Ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ куы райста, уӕд кӕсы, ӕмӕ йӕ къух, раздӕр куыд уыди, афтӕ сси!+  Ӕмӕ йын уӕд Хуыцау загъта: «Фыццаг диссаг сын куы равдисай ӕмӕ дыл куы нӕ баууӕндой ӕмӕ дӕм куы нӕ байхъусой, уӕд дыккаг диссаджы фӕстӕ уӕддӕр баууӕнддзысты+.  Фӕлӕ, мыййаг, дыууӕ диссаджы фӕстӕ дӕр куы нӕ баууӕндой ӕмӕ дӕм куы нӕ байхъусой+, уӕд та-иу Нилы цӕугӕдонӕй дон сис ӕмӕ-иу ӕй зӕххыл акал. Ӕмӕ Нилӕй цы дон сисай, уый зӕххыл фестдзӕн туг»+. 10  Уӕд Моисей Йегъовӕйӕн загъта: «Ныххатыр мын кӕн, Йегъовӕ, фӕлӕ ӕз дзурынмӕ дӕсны нӕ дӕн. Нӕ уыдтӕн ахӕм нӕдӕр знон, нӕдӕр уый размӕ, ӕмӕ не сдӕн ахӕм, ды дӕ цагъаримӕ ныхас кӕнын куы райдыдтай, уый фӕстӕ дӕр. Нӕ арӕхсын дзурынмӕ»+. 11  Уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Адӕймагӕн дзых чи радта? Адӕймаджы ӕгомыг кӕнӕ къуырма чи бакӕны, чи йӕ ракӕсын кӕны цӕстӕй кӕнӕ йӕ чи бакуырм кӕны? Ӕз, Йегъовӕ, нӕ аразын уый?+ 12  Уӕдӕ ацу. Ӕмӕ куы дзурай, уӕд ӕз уыдзынӕн демӕ ӕмӕ дын амондзынӕн, цы дзурын дӕ хъӕуы, уый»+. 13  Фӕлӕ та йын Моисей загъта: «Ныххатыр мын кӕн, Йегъовӕ, фӕлӕ дӕ курӕг дӕн, мӕ бӕсты ӕндӕр искӕй арвит». 14  Уӕд Йегъовӕйӕн Моисеймӕ йӕ маст рафыхт ӕмӕ йын загъта: «Аарон, Левийы байзӕддаг, де ’фсымӕр нӕу?+ Ӕз ӕй зонын: уый арӕхсы дзурынмӕ. Ӕмӕ дӕ размӕ дӕр рацыд, ныр фӕндагыл ис. Куы дӕ фена, уӕд тынг бацин кӕндзӕн+. 15  Ӕмӕ ды дзурдзынӕ йемӕ ӕмӕ йын мӕ ныхӕстӕ йе ’взагыл ӕвӕрдзынӕ+. Ӕмӕ куы дзурат, уӕд ӕз уыдзынӕн демӕ дӕр ӕмӕ уыимӕ дӕр*+ ӕмӕ уын амондзынӕн, цы бакӕнын уӕ хъӕуы, уый+. 16  Аарон дӕ бӕсты дзурдзӕн адӕмимӕ. Уый уыдзӕн дӕ дзых+, ды та йын уыдзынӕ Хуыцауы бынаты+. 17  Мӕнӕ ацы лӕдзӕг дӕр дӕ къухы ахӕсс, цӕмӕй дзы диссӕгтӕ саразай»+. 18  Уӕд Моисей ӕрбаздӕхт йӕ каис Иоформӕ ӕмӕ йын загъта+: «Курӕг дӕ дӕн, ауадз мӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртӕм Египетмӕ аздӕхон, фенон сӕ, ӕгас ма сты ӕви нӕ»+. Ӕмӕ йын Иофор загъта: «Фарнимӕ ацу»+. 19  Уый фӕстӕ Йегъовӕ Мадиамы зӕххыл Моисейӕн загъта: «Аздӕх Египетмӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ марынмӕ чи хъавыд*, уыдонӕй иу дӕр нал ис»+. 20  Уӕд Моисей ракодта йӕ усы ӕмӕ йӕ фыртты, хӕрӕгыл сӕ сбадын кодта ӕмӕ араст Египетмӕ. Йӕ къухы айста ӕцӕг Хуыцауы лӕдзӕг дӕр+. 21  Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Египетмӕ куы ’рцӕуай, уӕд-иу фараоны раз ӕнӕмӕнг сараз, ӕз дын тых цы диссӕгтӕ саразынӕн радтон, уыдон+. Ӕз та йӕ йӕхи бар ауадздзынӕн, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ныддур кӕндзӕн+ ӕмӕ мын мӕ адӕмы нӕ рауадздзӕн+. 22  Ӕмӕ уӕд ды фараонӕн зӕгъдзынӕ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: Израил у мӕ фырт, мӕ фыццаг хъӕбул+. 23  Ӕмӕ дын зӕгъын: ауадз мын мӕ фырты, цӕмӕй мын лӕггад кӕна. Куы нӕ йӕ ауадзай, уӕд дын дӕ фырты, дӕ фыццаг хъӕбулы, амардзынӕн“»+. 24  Фӕндагыл та йыл, ӕхсӕвы кӕм ӕрлӕууыдысты, уым+ сӕмбӕлд+ Йегъовӕ ӕмӕ йӕ хъавыд амарынмӕ+. 25  Уӕд Сепфорӕ+ цыргъ дур* фелвӕста, йӕ фырты ӕфсӕрмыйаг уӕнджы цармы кӕрон дзы ралыг кодта+ ӕмӕ йын ӕй йӕ къӕхты бынмӕ ӕрӕппӕрста ӕмӕ загъта: «Ды дӕ мӕ мойаг ацы туджы фӕрцы». 26  Ӕмӕ йӕ уӕд ауагъта. Ӕмӕ Сепфорӕ загъта: «Мӕ мойаг туджы фӕрцы», йӕ фыртӕн сунӕт кӕй скодта, уый тыххӕй. 27  Уӕд Йегъовӕ Ааронӕн загъта: «Ацу ӕдзӕрӕг быдырмӕ Моисейы размӕ»+. Ӕмӕ уый дӕр ацыд йӕ размӕ, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы хохыл+ йемӕ куы фембӕлд, уӕд ын апъа кодта. 28  Ӕмӕ Моисей Ааронӕн радзырдта, чи йӕ рарвыста+, уыцы Хуыцау Йегъовӕ йын цыдӕриддӕр загъта, уый, стӕй йын цы диссӕгтӕ саразын бафӕдзӕхста, уыдоны тыххӕй дӕр+. 29  Уый фӕстӕ Моисей ӕмӕ Аарон ацыдысты ӕмӕ Израилы адӕмы хистӕр лӕгты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодтой+. 30  Ӕмӕ сын Аарон радзырдта, Йегъовӕ Моисейӕн цыдӕриддӕр загъта, уый+. Ӕмӕ Моисей адӕмы раз диссӕгтӕ сарӕзта+. 31  Ӕмӕ йыл уӕд адӕм баууӕндыдысты+. Израилы фырттӕ куы фехъуыстой, ӕмӕ сӕм Йегъовӕ ӕркаст+ ӕмӕ, куыд хъизӕмар кӕнынц, уый федта+, уӕд сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ сӕ сӕртӕй ныллӕг акуывтой+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «тары».
Комк. «ӕз уыдзынӕн дӕ дзыхимӕ дӕр ӕмӕ уый дзыхимӕ дӕр».
Комк. «дӕ уд дын чи агуырдта».
Комк. «ӕхсондур».